Куыд хорз уыд, радон хатт та Ирыстонæн йæ цæгат æмæ хуссар хæйтты фæсивæды иу къорд кæй амбæлдысты!.. Нæ газеты ацы номыры уæ зонгæ кæнæм, ацы бонты Цæгат Ирыстон-Аланийы столицæ Дзæуджыхъæуы цы зонадон-практикон конференци уыд, уый тыххæй информацион афæлгæстимæ. О, хорз уыд, арфæйаг уæд, чи йæ æрхъуыды кодта æмæ ауагъта, уыдон. Ирыстоны дыууæ хайы журналисттæ цæуыл дзырдтой æмæ цæуыл бадзырдтой, ам уыдоныл нал хъæуы дзурын.  Бынтондæр куы ницæуыл æрдзырдтаиккой, бынтондæр куы ницæуыл бадзырдтаиккой, уæддæр арфæйаг хъуыддаг уыд, уымæн æмæ радон хатт фембæлдысты нæ фæсивæды минæвæрттæ. Чидæртæ фыццаг хатт райстой хайад ахæм иумæйаг фембæлды, кæмæндæрты фæзынд ног хæлæрттæ…

О, фæлæ, тæхуды!..

Тæхуды иу хатт, фæнды цæгаты, фæнды  хуссары, иу хатт кæрæдзийæн нæ мадæлон, нæ фыдæлты æвзагыл дæр куы фæкæниккам нæ зæгъинæгтæ!.. Цас диссаг у – уæд та æппæтæй дæр уæлвæндаг фестæм. Сывæллон æмæ мад кæрæдзийæн куыд адджын æмæ хиуон сты, афтæ алы адæймагæн дæр, цы нацийæ у, уымæ æнæ кæсгæйæ, иууыл адджындæр йе взаг у, уымæй хиуон дæр ын ныцы ис дунейыл. Хъæбулæн йæ мады æхсыр куыд тайы, афтæ тайæн у адæймагæн йæ мадæлон, йæ фыдæлты æвзаг дæр.

Кæддæрты-иу, ирон адæмы съездты дæр бадзырдтам, цæмæй алчи дæр дзура иронау, æппæт æрмæджытæ дæр фыст æрцæуой ирон æвзагыл, æмæ стæй кæдæм æрвитгæ уой, уымæ гæсгæ тæлмац æрцæуæд. Æмæ-иу цин кодтам, æппынфæстаг не ‘взагæн аргъ кæнынмæ кæй æрхъавыдыстæм, ууыл. Фæлæ-иу уыцы цин бирæ нæ ахаста – райдианы-иу чидæртæ афæлвæрдтой иронау дзурыныл, стæй та-иу сæ уырыссаг æвзаг цадæггай йæ фæдыл асайдта. Æмæ та-иу нын, Турчы бæстæм сæ фыдæлтæ кæмæн фæлыгъдысты, иронау кæсын-фыссыны амонд æмæ бар кæмæ никуы æрхаудта, нæ уыцы туркаг æфсымæртæ-уазджытæ фæуайдзæфтæ кодтой.

Хъæуы нæ уырыссаг æвзаг?

Хъæуы, удыхосау нæ хъæуы! Фæлæ уырыссаг æвзагæн сæфæн нæй, чи йыл дзуры, уыдон сæдæгай милуантæй нымайгæ сты зæххы къорийыл, мах-иу, хаттæй-хатт, нæ мадæлон æвза-гыл сдзурæм, уымæй, бауырнæд нæ, уырыссаг æвзаг бынтондæр нæ фæмæгуыр уыдзæн.

Ам афтæ, уым – афтæ!.. Цы кодтам, хин нын счынди? Ирыстоны дыууæ хайы баиуы хъуыддагмæ топпы кæсæнæй чи кæсы, уыдонæн сæ бон дзыхыакæнинаг аххосаг ссарын куы нал бавæййы, уæд та фæцæуынц, æрцæуынц æмæ: не взаг, дам, бынтондæр фесафдзыстæм, Уæрæсейы сконды куы уæм, уæд. Æмæ афтæ дæр фæдзурынц, фæфыссынц уырыссагау. Уый цæуыл дзурæг у, Æрмæстдæр ууыл, Уæрæсейы сконды нæма сты, фæлæ уæддæр нæ зонынц иронау, нæ йæ хæссынц сæ сæрмæ. Де ‘взаг куынæ уарзай, уæд цыфæнды бæстæйы сконды дæр цæр. Уæрæсейы сконды рагæй чи цæры, сæ фыдæлтæ дæр уым кæмæн райгуырдысты, фæлæ сæ йе взаджы кад æмæ ахадындзинад дæлæмæ чи нæ уадзы, уыцы æндæр æмæ æндæр нациты кой нал кæнæм  Турчы цæрæг ирæттæн фадат дæр никуы уыдис се ‘взаг ахуыр кæнынæн, се ‘вза-гыл газеттæ, чингуытæ кæсынæн, фæлæ сæм батæхуды кæнæм. Махмæ ис, ирон æвзагыл чи цæуы, ахæм газеттæ дæр, журналтæ дæр æмæ чингуытæ дæр, æмæ цы? Æгæрыстæмæй уыдонæн сæхи тыххæй куы фæдзурæм, уæддæр  уырыссагау…

Уæд та, æппынфæстаг, иу хатт куы бафæлвариккам нæ хъуыддæгтыл, нæ хъысмæтыл, нæ сомбоны царды хабæрттыл иронау аныхас кæнын. Исчи тæрсы, куы фæрæдийа, исты раст куынæ зæгъа, уымæй? Фæрæдийæд, куыдфæнды зæгъæд, æрмæст æй иронау зæгъæд! Цæйнæфæлтау нæ фæстагæттæ бынтондæр мауал зоной иронау, фæлтау уал абон мах фæрæдийæм.

 Уымæн ницы у, уый хыгъд, дон куыд дарддæр цæуы, афтæ сыгъдæгдæр куыд кæны, афтæ ссыгъдæг уыдзæн не ‘взаг дæр – цъыфдзасты, бадт малы дон сыгъдæг нæ кæны.

Уæдæ нæ куыд фæнды – хъуамæ искуы райдайæм, уæдæ куыд? Иу хатт æй бафæлварæм, иу хатт афтæ бакæнæм æмæ иу æм-бырды, фембæлды, конференцийы, кæнæ æндæр искуы ирон æвзагыл йедтæмæ æндæр æвзагыл мачи сдзурæд. Мачи дæр афтæ бафæрсæд: æмæ уыцы æмбырды, фембæлды, конференцийы, иронау чи не мбара, ахæм исчи куы уа, уæд та?.. Уæд цы – ницы. Ахæм ирон лæг нæй, æндæр адæмы хсæн чи никуы уыд, мах дæр фæхонынц кæдæмдæрты, хайад райсæм кæйдæрты æмбырдты, форумты, конференциты æмæ афтæ дарддæр, фæлæ нырма истори нæ зоны ахæм цау æмæ мах хатырæй искуы иронау дзырдтой…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.