Алы ран дæр æгъдау хъæуы. Тамако чи нæ дымы, уыдон ын йæ тæфмæ смудын дæр нæ фæразынц, бирæтæн æм ис аллерги дæр. О, фæлæ маршрутон таксийыл сбад æмæ дзы бахизæн ма уа  тамакойы тæфæй, уый раст нæу. Стæй ма машинæйы рудзгуытæ куынæ гом кæной æмæ афтæмæй бæлццæтты хуыдыг кæн тамакойы тæфæй, уый цас раст хъуыддаг у. Ау, нæй æддейæ бадымæн æмæ афтæмæй сбад дæ машинæйы? Кæнæ та иучысыл дæхи бауром æнæ тамакойæ. Алы шофырмæ нæ хауы ацы хъуыддаг, фæлæ сæ иуæй-иутæм. Ис дзы, тынг хорз ахаст чи дары бæлццæттæм æмæ-иу уыдонæй цæвиттон уæд-дæр райсæт. Ныфс нæ ис, æмæ ахæм тамакодымæг шофыртæ бафæзмдзысты уыдоны. Дæ бæлццæттæм хорз ахаст куы дарай, уæд дæм уыдон дæр хорз зæрдæ дардзысты.

Лалыты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.