Нæ цардмæ нын æддейæ чи кæсы æмæ нын нæ «патриотизм», нæ «фæткуарзондзинадыл» чи дис кæны, уыдон, мидæгæй куыд цæрæм, уый куы зониккой, сæ дисæн кæрон уæд нал уаид…

Мах хуызæн ничи дзуры æмæ «тох» кæны рæстдзинадыл, махмæйы хуызæн никуы домынц, адæмыл цæрддзу чи хъуамæ кæна, ахæм къухдариуæгад, æмæ уый хорз у; уымæй хуыздæр цы ис – дæ зæрдæ адæмыл куы рисса, адæмы царды уавæртыл мæт кæнгæйæ, дæ хæрд дæр æмæ дæ улæфт дæр дæ фарсыл куынæ хæцой… О, фæлæ ацы царды сконд æндæргъуызон у, алкæмæн дæр цыдæр хæстæ ис, æндæртæм чи нæ хауы. Искæмæй зæрдæйы фæндиаг цард куы домай, уæд дæхæдæг дæр хъуамæ бынтон æбузн ма уай, дæ брон брондонмæ уæддæр хъуамæ ахæссай. Кæд æддейæ биби уарзыс, уæд дæ мидæгæй цы ис, ууыл дæр хъуамæ ахъуыды кæнай… Табу Хуыцауæн, горæты сыгъдæгдзинады фарст нæм а-фæстаг рæстæджы йæ гаччы æрбадт. Раздæр азты цалдæргай мæйты бронласæн машинæ рацæйцæугæ цы уынгты нæ фендæуыди, уыцы уынгты ныр дыууæ бон иу хатт уæддæр разилынц. Уæдæ микрорайонты, фылдæр адæм кæм цæры, ахæм рæтты сæрмагонд бронкалæн асыччытæ дæр дефицит рагæй нал сты…

Фæлæ фæтк æмæ рæстдзинад иууыл фылдæр чи уарзы, уыдон ма æркæсæнт мæнæ ацы нывмæ. Ацы нывмæ нæ, ахæм нывтæн нæ горæты уынгты арæх вæййæм æвдисæн, фæлæ ацы ныв ис, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ сæ бинонтимæ кæм цæрынц, уыцы городокы тæккæ раз цы бронкалæн асыччытæ æвæрд ис, уыдоны фарсмæ. Уыцы асыччытæ та уый тыххæй не сты æмæ хисæрмагонд хæдзæртты хицæуттæй йæ цæхæрадоны зæронд бæлæстæ чи ракала, уыдон сæ ардæм хæссой æмæ сæ ам срæдзагъд кæной. Нæдæр бронласджытæ сты хæсджын, цæмæй искæй æхсæдæнтæ æмæ арæзтадон бырæттæ ласой. Уыдонæн мызд фидынц æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй адæмы цардуагон бырæттæ ласой, кæдæм æмбæлы, уырдæм. Цы нæ хъуамæ хъуыды кæной, ацы нывмæ чи кæсы, уыцы æрцæуæг адæм? Хæрзаг фæзæгъынц, ай кæдæм æрхаудтам, кæй цард æмæ æнцойдзинад хъахъхъæнæм, кæнæ кæй хæдбардзинад бахъахъхъæдтам…

Афтæ стæм, гъе, хорз адæм! Æддейæ биби уарзæм, мидæгæй…

Æрмæст ныл хъаст кæнынмæ, домынмæ ничи тых кæны. Паддзахадон куыст чи нæ кæны, иу боны куыстбон дæр кæмæн нæй, уыдон бынтон диссаг сты домынмæ. Чи мыд уæй кæны, чи – урсаг, фыдызгъæл, картоф æмæ афтæ дарддæр. Æмæ уыдонæй алчи дæр цæрдæг у хъаст кæнынмæ. Фæлæ дзы искæмæн афтæ куы зæгъай, ды дæхæдæг цы аразыс, цы пайда дæ паддзахадæн, уæд дын дæ цæстытæ дæр акъахдзысты. Æмæ, дам, хицауад мæнæн цы аразы, мæхи фыдæбонæй, дам, нæ цæрын… Омæ, хорз, дæ фыдæбон дын хæлар уæд, ничи дын æй исы, фæлæ æхсæвæй бонæй дæ хæдзармæ дон кæй фæрцы цæуы, дæ бырон дын чи ласы, дæ уынгтæ дын чи цалцæг кæны, дæ фыдæбон цы фæндæгтыл ралас-балас кæныс, уыцы фæндæгтæ чи аразы?.. Куыдфæндыйæ дæр – паддзахад. Гъемæ, уыцы паддзахад цæмæй уæвынад кæна, уымæн иу мисхал дæр куы ницы пайда уай, уæд дзы цы цæсгомæй хъуамæ домай комæйкургæ цард, цы цæсгомæй йæ хъуамæ æлгъитай æмæ йæ цъыфы цæмæн хъуамæ æвдулай?..

Искуы ма нæм амалиуæгады размæцыды хæрзиуæгæн, адæмы цард фæхуыздæр кæныны нысанæн хатырон кредиттæ уыдис? Никуы. Ныр ис. Кæд уый фаг не сты, цæмæй нæ цард нæ сæрты акæла, уæддæр сты. Æмæ цы? Паддзахадæй æфсоны кредит райс, уыцы кредитæй кус æмæ дзы адæмы стъигъ… Уæдæ æндæр куыд цæуы – хатырон кредиты фæрæзтæй картоф куы æрзайын кæнай, уæд уыцы картоф 60 соммæ цæмæн хъуамæ уæй кæнай, йæхи фæрæзтæй йæ чи æрзайын кодта, уый йæ куыд уæй кæны, афтæ? Кæнæ цыхт, фыдызгъæл… Сæрдæй-зымæгæй йæ чъиухид калгæ фыдæбон чи кæны, йæ фосмæ æрмæстдæр йæхи тыхтæй чи зилы, уый цыхт æмæ йæ фосмæ хатырон кредитты фæрцы чи зылы, уый цыхтæн æмхуызон аргъ цæмæн хъуамæ уа?

Æмæ нæм æмхуызон цы ис? Ницы, æрмæст домын, хъаст кæнын æмæ цъыфкалæн кæнын… Дæ бырон, кæм не ‘мбæлы, ахæм ран акал, стæй аууоны рабад æмæ гъæйда, гъа!..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.