Республикæйы фæстаг азты цаутæй зынгæдæрыл банымайæн ис экологийæн зианхæссæг завод «Электроцинк»-ы сæхгæд. Уæдæй абонмæ йæ дарддæры хъысмæт нæма аскъуыддзаг. Рæстæгмæ уал дзы кусынц цалдæр Гом акционерон æхсæнады, базар кæнынц згъæр æмæ æфсæйнаг кусæнгæрзтæй.

Заводы территори, 65 гектары,  йæ рæстæджы балхæдта æмæ дзы куыстуат сарæзта Урайлаг хæххон-металлургион компани, абоны онг дæр у уыдоны. Ивгъуыд аз завод æд фæзуат æвæрд æрцыд уæймæ иу миллиард æмæ 200 милуан соммæ, фæлæ бынæттон бюджеты ахæм æхца кæцæй хъуамæ уа. Фæлæ, уæд-дæр, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло аскъуыддзаг кодта цыфæндыйæ дæр ацы территори Дзæуджыхъæуы муниципалон исбо-надмæ раздахын. Уый фæдыл йæ фæндон бамбарын кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путинæн æрæджы сæ фембæлды рæстæг. Уый сразы заводы территори интеграци скæныныл. Баныхас кодта компанийы разамонджытимæ дæр…

Æрæджы сбæрæг, заводы стыр фæзуат нæхи исбонадмæ кæй æрбаздæхт. Нæ разамынды зæрды ис уыцы тыгъдадæй инфраструктурон проекттæ царды уадзынæн спайда кæнын, цæрæнуæттæ æмæ æхсæнадон бынæттæ саразынæн. Ныртæккæ ма заводы хомагæй цы уæлдæйттæ баззад, уыдон сыгъдæггонд цæуынц. Сергей Меняйло бафæдзæхста профилон министрадтæн хъæугæ документтæ бацæттæ кæнын.

«Республикæйы исбонадæй ратоныныл æнæхъуаджы мачи хъуыды кæнæд. Чи цы айста, уыдон дæр фæстæмæ раздахæд. Уыдон сты адæмы фæллой æмæ хъуамæ уой сæ фæрныгадæн. Ныридæгæн тæрхондæттæ цалдæр хъуыддаджы æвзарынц. Уымæй дарддæр, цалдæргай азты æрдæгарæзтытæй цы бæстыхæйттæ лæууынц, уыдоны хъысмæтæн кæрон сæвæрын хъæуы. Фендзысты сæ специалисттæ. Кæнæ кæронмæ аразгæ, кæнæ халгæ. Уый хауы раздæр кæмæй пайда кодтой æмæ чи нал бæззы, уыдонмæ дæр. Иунæг гæппæл дæр æнæхъуаджы ма хъуамæ лæууа, се спайда кæнынæн хъуамæ арæзт æрцæуа бæлвырд программæ.  Ахæм пълантæ нæм ис «Электроцинк»-ы фæзуаты тыххæй дæр. Уырны мæ, уыцы бынат стыр пайда, стæй бирæ куысты бынæттæ кæй ратдзæн республикæйæн. Экономикæйы æппæт къабæзты рæзт у нæ ахсджиагдæр нысан». – Фехъусын кодта хицауады профилон æмбырды рæстæджы Сергей Меняйло.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.