“ЭЛЕКТРОЦИНК”  ÆМÆ  ЙÆ  ФÆСТИУДЖЫТÆ

“Раттут нын аккаг куыст, кæнæ завод раздахут!” – Фæстаг рæстæджы ахæм ныхæстæ арæхæй-арæхдæр хъуысы дзыллон информацион фæрæзты. Уыдон дзурынц, æгуыстæй чи баззад,  “Электроцинк”-ы уыцы раздæры кусджытæ.

Цалдæр азы ныхас цыд, экологи чи хъæстæ кодта, адæмы æнæниздзинадæн стыр зиан чи хаста, уыцы завод сæхгæнæныл. Республикæйы разамынд бацархайдтой æмæ адæмы фæндон сæххæст кодтой. Уыцы хъуыддагыл стыр цинимæ сæмбæлдысты Ирыстоны цæрджытæ. Фæлæ уыцы ахсджиаг хъуыддаг расайдта æндæр лыггæнинаг фарстатæ. Æгуыстæй баззадысты 1800 адæймаджы. Уыдонæй 300 бæрц ацыд æндæр регионтæм кусынмæ, 45 та дзы Куыстдæттыны центры æххуысæй райдыдтой кусын, иннæтæ тыхст уавæры бахаудтой. Нырма мин адæймагæй фылдæр рады лæууы центры хыгъды. Уæдæ адæмы куыстæй сифтонг кæныны тыххæй алыхуызон акцитæ дæр арæх вæййы, фæхонынц республикæйы алы рæттæй куыстдæттæг организациты æмæ уыдонæй алчи йæ ваканситы номхыгъдтæ равæры куыстагурджыты раз, фæлæ хъуыддаг размæ нæ цæуы. Тыхстаг фарста ма уый у æмæ “Электроцинк”-ы цы спе-циалисттæ уыд, уыдонæй бирæты  дæс-ныйадыл республикæйы куыст нæй, алкæмæн та æндæр регионмæ ацæуыны фадат нæй. Куыстдæттыны центр архайы, кæй фæнды, уыдоны ног дæсныйадыл сахуыр кæнын, курсытæ сын фæуын кæнын.

Фæлæ уыдон рæгмæйы хабæрттæ уыдзысты. Кæмæн бирæ бинонтæ даринаг ис, чи стыр хæстæ æмæ кредиттæ фиды… Тыхст адæм цæуынц хицауадмæ, парла-ментмæ. Уый фæдыл æрæджы стыр ми-тинг уыд Дзæуджыхъæуы. Фондзсæдæ адæймаджы бæрц домдтой сæ хъуыддаг-мæ сын æркæсын, сидт арвыстой Уæрæсейы æмæ республикæйы Хицауадмæ.

Йæ архайджытæй мын иу, заводы раз-дæры кусæг, Павел С., куыд радзырдта, афтæмæй уынджы къæйыл аззадысты. “Куыднæ йæ æмбарæм, завод цас зиан хаста, фæлæ уынгтæ цы машинæтæй байдзаг сты, уыдоны зиан къаддæр нæу. Фæлæ та ацы куыстуаты сæхгæнын дæр кæмæндæрты пайда уыд, политикон очкотæ дзы бакуыстой. Ныр мах цы фæ-уæм? Райдайæны ныл тынг аудыдтой, нæ республикæйы амалхъомтæй нæ йæхимæ чи нæ кодта, ахæм нал баззад, ныр дзы ничиуал зыны. Битарты Вячеславы дæр куыд базылын кæнæм. Хисæрмагонд куыстуаты хицау дын афтæ куы зæгъа, нæй мæм бынат, уæд ын цы дæ зæрды ис? Мах домæм, кæнæ нын нæ кредиттæ фидынæн баххуыс кæнæд, кæнæ заводы иу хай уæддæр скусын кæнæд”.

Лæдзæгæн дыууæ кæрон ис, фæзæгъынц. Куыд дзурынц, афтæмæй заводы раздæры кусджытæ сæхæдæг дæр æнæаххос не сты. Цы куыстытæ сын ссарынц, уыдоныл сæхи атигъ кæнынц. Мызд сæ зæрдæмæ нæ фæцæуы, уымæн æмæ сын “Электроцинк” стыр æхцатæ фыста. Цымæ хуыздæр нæ уаид митингтæ кæнын æмæ домыны бæсты исты бакусын?

Заводы раздæры кусджытæ куыстæй куыд ифтонг цæуынц, уый тыххæй æрæджы арæзт æрцыд сæрмагонд къамис. Уыдон цы сарæзтой, уый æрвыл къуыри хъусын кæндзысты республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн. Къамис уал фыццаг рады скодта, заводы раздæры кусджытæй тыхстдæр уавæры чи ис, уыдоны номхыгъд æмæ уал райсдзысты материалон æххуыс.

Кæй зæгъын æй хъæуы, адæм æгуыстæй тыхсынц, домынц куыстуат раздахын. Фæлæ уымæн уæвæн нæй. Заводмæ хæстæг чи цæры, уыдон æй хорз зонынц, цы хъæстæ газæмхæццæ уæлдæф улæфыдысты, уый. Уæдæ онкологийæ рынчынтæ дæр мах регионæй фылдæр Цæгат Кавказы нæй. Уый хъуамæ æмбарой заводы раздæры кусджытæ дæр æмæ сæ фадæттæм гæсгæ архайой, цы куыстытæ сын дæттынц, уыдон ма равзар-базар кæной. Сæйрагдæр у æнæниздзинад æмæ йын нæхæдæг знаггад ма хъуамæ хæссæм.

ХЪÆУТÆМ  – ХУЫЗДÆР  ЦÆСТДАРД

Арæзтад æмæ архитектурæйы минис-трады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ног Национ проекты фæлгæтты, республикæйы цалдæр хъæуы райдыдтой амбулаторитæ æмæ фельдшерон пунктты арæзтад. Уыдон арæзт цæуынц Уæрæсейы резервон фондæй. Амбулаторитæ арæзт æрцæудзæн Бæтæ-хъойыхъæуы, Бруты, Красногоры æмæ Михайловскы. Фельдшерон-акушерон пунктты арæзтад та райдыдта Дæргъæфсы, Мацутæйы æмæ Дæллаг Санибайы. Арæзтады æмгъуыд аххæсдзæн 2019-20 азты. Ног медицинон уагдæтты арæтадæй уæлдай ма республикæйы реставрацигонд æрцæудзысты 36 амбулатори æмæ фельдшерон пункты.

Ацы хъæуты цæрджытæн медицинон уагдæтты арæзтад æрхаста стыр цины æнкъарæнтæ. Уыдон рагæй тыхстысты, алы гыццыл медицинон æххуысы тыххæй дæр сæ цæуын хъуыд районы центрмæ кæнæ Дзæуджыхъæумæ.

Уымæй дарддæр, иннæ аз республикæйы скусдзысты дыууæ ахсджиаг программæйы: “Земский доктор” æмæ “Земский фельдшер”. Программæйы нысан у, хъæумæ кусынмæ цы медицинон кусджытæ ацæуой, уыдонæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй милуан сомы раттын. Æрмæст уыцы специалисттæ фондз азæй къаддæр  уым ма хъуамæ бакусой. Программæйы архайыны бар фыццаг рады æрхаудзæн, хъæуты бынтондæр æрцæрын кæй фæнда æмæ дзы бинонтæ чи скæна, уыдонæн. Ныри-дæгæн программæты архайыны фæнды бирæ специалистты.

Программæйыл бакуыстой Национ проект “Æнæниздзинад хъахъхъæнынад”-ы фæлгæтты. Куыд амоны, афтæмæй медицинон æххуысы руаджы адæймаджы цард хъуамæ фæдæргъвæтиндæр уа. Уый тыххæй та хъæуты кадрты кадавардзинад хъуамæ иуварсгонд æрцæуа. Проект царды рауадзыны тыххæй Цæгат Ирыстон райсдзæн æртæ миллиард сомæй фылдæр.

Нæ   уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.