Мæлдзыджыты губаккау та сызмæлыдысты Цæгат Ирыстоны цæрджытæ, нæй сæ мастæн кæрон. Кусыны, хадзары митæ кæныны зæрдæ никæмæ уал ис. Цалдæр азы дæргъы бафæлладысты адæм, Дзæуджыхъæуы стырдæр æмæ сты знаггад хæссæг завод, Урайлаг хæххон металлургион компанимæ хауæг “Электроцинк”-ы ныхмæ тох кæнынæй. Фæлæ сæ фæдисы хъæр никæмæ хъуысы. Æмæ низты амæттаг кæнынц адæм. Фæстаг азты ракæй рынчынты нымæц цæхгæр фæфылдæр раздæры азтæм абаргæйæ.

Заводы ныхмæ тох райдыдта 2009 азы. Уæд куыстуаты æрцыд фыццаг авари. Ныхмæлæуд стыхджын 2011 азы. Æдзух цыд митингтæ, фыстой сæ ныхмæ.  Республикæйы разамындæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ куыстуатæй бадомдта æдасдзинады мадзæлттæ. Уыдон та уыдысты: заводмæ хæстæг цы хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджыты уырдыгæй арвитын æмæ сын  æндæр ран балхæнын; заводы алфæмблай зианхæссæг, тæф чи “ныхъуыры”, ахæм гæрæн сæвæрын; республикæйы алы къуымты, уæлдæфы хъæстæдзинад чи бары, ахæм аппараттæ сæвæрын. Заводы разамынд, йæ директор Игорь Ходыкоимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сразы сты, фæлæ уыдонæн миллиардтæ хъуыд æмæ абонсом фæкодтой. Горæты уынгты цалдæр аппарат сæвæрдтой æмæ уал ууыл æрлæууыдысты. Фæстæдæр уыцы бадзырд бынтондæр ферох æмæ завод дарддæр йæ куыст кодта. Адæм дарддæр улæфыдысты, завод рæстæгæй – рæстæгмæ цы хъæстæ газтæ æппæрста, уымæй.

Æмæ та ног трагеди: æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ зынг сирвæзт заводы бæстыхайыл æмæ дзы басыгъд 4500 квадратон метры. Уый та сси республикæйы ног политикон æнкъуыстыты аххосаг.  Химикаттæ кæй сыгъдысты, уымæ гæсгæ йын йæ ахуыссын кæнынæн ницы амал ардтой æхсæв æртæ сахатæй дыккаг бон фæссихормæ. Зынгсирвæзтимæ тохы фæмард зынгхуыссынгæнæг Александр Ермаков, хъыгдард баййæфтой дыууæ адæймаджы. Кæсæг-Балхъары республикæйæ фæдисы æрбахæццæ сты зынгхуыссынгæнджытæ. Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты Цæгат Ирыстоны хайады хицау Александр Хоружийæн тæфæрфæс ракодта йæ хуссарирыстойнаг коллегæ Тадтаты Алан æмæ загъта, баххуысмæ цæттæ кæй у.

Райсомæй цæрджытæ банкъардтой сыгъды тæф. Бæрæг нæ уыд, сондоны тæф уыд æви газы. Чидæртæ сæхи æвзæр банкъардтой, сæ сæртæ рыстысты. Аххосаг куы рабæрæг, уæд адæм сфæдис сты. Алчидæр йæ сывæллæттæн тæрсгæйæ горæтæй лыгъд æдтæмæ, хъæутæм, сыхаг республикæтæм. Горæты ахизæнты фенæн уыдис æгæрон машинæты дзыгуыртæн.

Суанг æхсæвы зынгсирвæзты райдиаæнæй дыккаг бонмæ фыдбылызы бынаты уыд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав хицауады иннæ уæнгтимæ. Заводмæ æввахс уынгты республикæйы Гигиенæ æмæ эпидемиологийы Центры специалисттæ скодтой уæлдæфы фыццаг иртасæнтæ æмæ куыд загътой, афтæмæй хъæстæ æппарæццæгтæ нæ разынд уæлдæфы. Дарддæр цæуы мониторинг. Цы 105 фæлварæны ма систой ноджыдæр уæлдæф æмæ зæххæй, уыдоны бæрæггæнæнтæ уыдзысты цалдæр боны фæстæ.

Битарты Вячеслав бафæлвæрдта адæмы æрсабыр кæнын. Куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ уæлдæфы хъæстæ æппарæццæгтæ нæ разынд æмæ фæдис кæнын нæ хъæуы. Йæхæдæг дæр йæ бинонтæ, йæ кæстæртимæ  ам ис, никуыдæм ацыд æмæ адæмы змæнтын нæ хъæуы. Заводы дарддæры хъысмæт та скъуыддзаг цæудзæн иумæйагæй.

Къуырисæры изæрæй республикæйы цæрджыты сæ маст рахаста Сабырдзинады проспектмæ æмæ Хицауады хæдзары раз æрбамбырд минмæ хæстæг адæймаджы. Митингы архайджытæ карзæй бадомдтой завод сæхгæнын. Адæммæ рахызт Битарты Вячеслав æмæ фехъусын кодта йæ хъуыды: “Мæ адæм, æз кæддæриддæр уæ фарсмæ дæн! Цæрджытæ æмбырд кæнынц къухфыстытæ куыстуаты ныхмæ. Уыдон бæрæггæнæнтимæ æз цæуын Владимир Путинмæ. Æртыццæджы та нæхи парламент рахæсдзæн йæ уынаффæ уый фæдыл. Æз дæр дæн завод сæхгæныны æвварс, фæлæ уый афтæ æнцон нæ уыдзæн. Мæ къухфыст æмæ парламенты фæндонæн нæ уыдзæн юридикон тых. Петицийы бæрæггæнæнтæ æмæ парламенты уынаффæ бавдисын хъæудзæн тæрхондонмæ æмæ афтæмæй уыдзæн куыстаты дарддæры хъысмæт акъуыддзаг кæнæн. Уый та аразгæ уыдзæн нæ юридикон æмæ политикон цæттæдзинадæй. Ныфс мæ ис, Владимир Путин дæр хъуыддаг мах пайдайæн кæй аскъуыддзаг кæндзæн”.

Акцийы активисттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй банхъæлмæ кæсдзысты мониторингы бæрæггæнæнтæ  æмæ парламент цы аскъуыддзаг кæна, уымæ, фæлæ сæ гæрзтæ æрæвæринаг не сты. Тох цæудзæн дарддæр. Завод мауал хъуамæ скуса.

“Электроцинк” сæхгæныны домæнтимæ Уæрæсейы Хицауадмæ йæ сидт арвыста Дунеон æхсæнадон змæлд “Иры Стыр Ныхас” дæр æртæ пунктæй. Уыдон сты: фыдбылыз сбæрæг кæнын æмæ йын юридикон аргъ скæнын, экологон домæнтæ æххæст кæнын; завод тæссаг товар кæй аразы, йæ размæ æвæрд хæстæ æмæ бадзырдтæ кæй не ‘ххæст кæны, экологийæн стыр зиан кæй хæссы, уый фæдыл æй сæхгæнын; æмбæлон органтæй домын æдзух мониторинг æмæ адæмæн раст информаци хъусын кæнын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм стыр куыстуат республикæйæн дæр æнæпайда нæу. Бынæттон бюджеты стырдæр хай æмбæрзы ацы завод. Уæдæ дзы цы 1800 адæймаджы кусы, уыдон цы фæуыдзысты æмæ цæмæй цæрдзысты, уый дæр хъуыдыйаг у.

Ныртæккæ завод нæ кусы. Цæуы фæдысгæрст. Куыд зæгъынц, афтæмæй, гæнæн ис æмæ йæ ныхмæ чи у, уыдонæй йæ исчи барæй дæр басыгъдта. Куыстуат иу аст мæймæ нал срæвдз уыдзæн. Фæлæ ма бынтондæр скусдзæн, уый зын зæгъæн у. Æппæтдæр уыдзæн нæхицæй аразгæ. Мониторингы дарддæры бæрæггæнæнтæ æмæ парламенты уынаффæ фехъусын кæндзыстæм хæстæгдæр номырты.

Джусойты Нинæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.