Уалдзæг дæр та йæ тæмæны бацыд, райхъал æрдз æмæ зæрдæ рухс кæны. Уæлмонц хъуыдытыл нæ бафтауынц Ирыстоны æвзистхуыз цъититæ, фынккалгæ æхсæрдзæнтæ, æрдзы алæмæты диссаджы нывтæ… Адæймаг æрдзæй исы, йæ уды дзæбæхæн æй цыдæриддæр хъæуы, уый. Фæлæ йын йæхæдæг та цы дæтты? Хъыгагæн, æппындæр ницы, зиан йеддæмæ.

Цы уавæры сты абон республикæйы æрдз, экологи æмæ сæ бахъахъхъæнынæн цы арæзт цæуы? – Уый фæдыл у нæ ныхас техникон наукæты доктор, Цæгат Кавказы техникон университеты профессор, Уæрæсейы сгуыхт эколог Æлборты Иванимæ.

– Иван, абон нæ экологи цы уавæры ис, уый амонын никæмæн хъæуы. Йæ аххосæг та йын рагæй фæстæмæ дæр агуырдтам завод «Электроцинк»-ы куысты. Ныр дзы фервæзтыстæм. Исты аивта хорзæрдæм?

– «Электроцинк» кæй сæхгæдтой, уый иуæй хорз у, уæлдæф афтæ тынг нал хъæстæ кæны, уыцы буарыгъæдтæ зæхмæ æмæ донмæ нал цæуынц, фæлæ иннæмæй та, адæймаг уыцы чъизитæ кæй аххос кæна æмæ дзуапп кæмæй æрдома, уый нал ис. Уыдон чъизи куыд кодтой, афтæ аразгæ дæр. Завод уыд урайлаг компанийы æмæ афардæг сты. Ныр мах лыггæнинаг фарстаты уыдон аххосджын нал сты. Фæлæ дзы уæддæр уыдоны аххос дæр ис. Уымæн æмæ йæ куы балхæдтой, уæддæр уыцы бынат сыгъдæг нæ уыди. Æмæ йæ иугæр афтæмæй балхæдтай, уæд уыцы чъизитæ дæу сты æмæ сын исты фæрæз скæн. Æххæст кæнын хъæуы закъон «Об окружающей среде». Йæ хорз дæр дæу у æмæ йе ʻвзæр дæр. Кæд уымæ базилын ахæм стыр куыстуаты бон нæ уыд, уæд æй цæмæ балхæдтой.

1991 азы уыцы бынаты сбæрæг кодтой, зæххы арф кæйонг чъизи у æмæ йæ алфамбылай хæдзæрттæ цы уавæры сты. Æмæ сæ зæрдæ бамæгуыр. Зæхх 80 сантиметры бынмæ йедзаг уыд уæззау згъæртæй: ртут, кадмий, зды… Адон адæймагæн сты тынг тæссаг, уæлдайдæр кадмий. Уыдон сæмбырд вæййынц буары æмæ сæ адæймаг уайтагъд нæ рахаты, стæй та байрæджы вæййы. Дохтырты бон дæр хъæстæ æрдзы ныхмæ цы у. Заводы уыцы фæзæн арæзт куы ницы æрцæуа, йæ зæхх ын ремидиацигонд куынæ *рцæуа, уæд уавæр фыддæр кæндзæн. Ис цалдæр варианты. Зæгъæм, фиторемидиаци. Садзыс, тауыс уым сæрмагонд зайæгойтæ æмæ уыдон зæххы хъæстæ уæлæмæ сисынц. Афтæ цалдæр азы æмæ зæхх ссыгъдæг вæййы. Ахæм зайæгойты куы æркæрдынц, уæд сæ басудзынц, Фæлæ сæ мидæг бирæ згъæр вæййы, уый та нæ судзы æмæ сæ кæцыдæр бæстæтæ пайда кæнынц. Куыд фæзæгъынц, иу æхстæн дыууæ тæрхъусы. Ахæм хуызы сыгъдæг цæуы зæхх. Фæлæ махмæ ныртæккæ уыцы куыст нæ цæуы.

Ныртæккæ раздæры «Электроцинк» ис горæты балансыл, фæлæ уыцы «уæззау» зæхыл нæй хæдзæрттæ, рæвдауæндæттæ, скъолатæ аразæн. Хъавыдысты дзы райдайæны цыдæртæ саразын æмæ мах сæ ныхмæ рацыдыстæм. Уым цалынмæ ссыгъдæг уа, уæдмæ дзы ницы аразæн ис. Уыцы территорйыл цы æртæ рæвдауæндоны уыд, уыцы фæзуатыл зæххы уæлцъар систой æмæ йæ нæхи республикæйы æндæр ран акалдтой. Уырдæм та ног сыджыт баластой. Иуæй, зæххы уæлцъар раивынæн уый фаг нæу, иннæмæй та, цы уæлдай у, хъæстæ сыджыт нæхимæ фæнды иу ран хъыг дарæд, фæнды иннæ ран… Уыцы рæвдауæндæтты сывæллæттæн 1991 азы сæ сæрыхъуынтыл сбæрæг кодтой дæс хатты фылдæр свинецы æмвæзад. Дыууæ азы нæм бакуыста ног программæ сывæллæттæ æмæ сывæрджын сылгоймæгты организм бæрæгкæнынæн æмæ йын тынг хорз фæстиуджытæ уыд, фæлæ завод куы сæхгæдтой, уæд уый дæр æхгæд æрцыд.

Заводы ацыды фæстæ уым стыр кæритæй цы буарыгъæдтæ баззад, уыдон дæр цардæн тынг тæссаг сты. Райдианы дзы дзæвгар аластой, фæлæ нырма бирæ сты. Куыд рабæрæг, афтæмæй ма сæ мидæг пайдайаг буарыгъæдтæ бирæ ис æмæ уæд пайдадæр уаид сæ ауæй кæнын, кæнæ нæхимæ уыцы æппарæггæгты куыстгæнæг завод саразын. Ахæм уавæр уыд Уыналы дæр. Раздæры куыстуæтты радиоактивон, хъæстæ æппарæгæгтæ кæдæм æмбырд кодтой, уыдон сисын æмæ сæ спайда кæныны бæсты сæ зæххы бын баныгæдтой. Уыцы чъизитæ та зæххы бын дæттæм ахъарынц, кæсæгтæ йæ хæрынц, кæсæгты – адæм.  Йæ уæлцъарыл цы кæрдæг сзайы, уый дæр хъæстæ вæййы, фос æй хæрынц, фосы – адæм æмæ афтæ дарддæр. Æрдзы алцыдæр у кæрæдзийыл баст. Раздæр ма уæлдæфы хъæстæдзинад бæрæг кодтой уынгты æвæрд сæрмагонд прибортæй, уыдон дæр советон цардимæ иумæ аивгъуыдтой.

– Куыд зонæм, афæмæй Терк бахаудта Уæрæсейы стырдæр цæугæдæттæ Объ, Волга, Амур, Днепр, Енисей, Урал, Дон, Северная Двина æмæ Колымайы номхыгъдмæ йæ чъизидзинадæй. Хъуыды йæ кæнын, Терк иу дыууæ азы размæ бахауд национ проект «Экология»-йы ног федералон программæ «Оздоровление бассейна реки Терек», зæгъгæ, уый фæлгæтмæ. Ау, уыцы проекты чи архайы, уымæн йæ уавæр хуыздæр нæу?

– Уыцы проекты фæлгæты Терк сыгъдæг кæнынæн бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы, фæлæ уый фаг нæу. Уый райгуыры  Тырсыгомы мит æмæ цъититы дæттæй, рацæуы Цæгат Ирыстоныл, Кæсæг-Балхъарыл, Цæцæныл, Мæхъæлыл æмæ Дагъыстаны баиу вæййы Хъаспы денджызимæ. Уæдæ куыд уыныс, афтæмæй йæ сыгъдæгдзинад æрмæст махæй аразгæ нæу. Суанг Тырсыгомæй дæр сыгъдæгæй нæ рацæуы. Уым хъæууонхæдзарадæн бирæ куыстуæттæ ис æмæ сæ химикатты чъизи уырдæм цæуы. Саразын нæ хъæуы Терчы институт. Уый тыххæй та куырдиат арвыстам бæстæйы Президент Владимир Путинмæ æмæ нын бар радта. Уый тыххæй рахицæн кæндзысты æхцайы фæрæзтæ. Терчы институт нысан кæны, Терк цы территоритыл уайы, уыдоны æмхуызон архайд. Алы ран дæр дзы æмбæлон органтæ сæ тыхтæ хъуамæ баиу кæной æмæ дзы чи зæхх бæрæг кæна, чи спиртуадзæн заводты куыст, чи доны сыгъдæгдзинад æмæ афтæ дарддæр. Уыцы проектмæ ма хауы цæугæдонæн йæ фæрстæ сфидар кæнын дæр. Мах нæ æнамонддзинады аххосджын стæм нæхæдæг. Чъизи дон экологийы уавæрыл тынг кæй ахады, уый зонгæйæ уæддæр алчидæр кæны йæхи пайдайы мæт. Иу аст æмæ ссæдз спирты заводы нæм ис æмæ дзы сыгъдæггæнæн техникон фæрæзтæ ис æрмæстдæр æртæйæн, иннæтæм нæй, уымæн æмæ тынг зынаргъ сты. Диссаг уый у, æмæ се ʻппæт дæр сты Терчы былыл. Уæдæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ чъизи дæр уырдæм калынц. Æхсæвыгæтты сусæгæй акусынц, боны сæ ахгæнынц, цыма ницы аразынц, афтæ. Æмæ уый бæргæ æнцон базонæн у, рухсы нымайæнмæ æркæсгæйæ… Афтæ фосæргæвдæнтæн дæр сæ чъизы цæуы Теркмæ. Уыдон чи хъуамæ бæрæг кæна? Контролгæнæг органтæ. Уыдон та сты прокуратурæ, саниэпидемнадзор, росприроднадзор… Махмæ уавæр куы фæхуыздæр уа, уæддæр иннæ регионты дæр ууыл куынæ бацархайой, уæд дзы ницы аивдзæн.

– Цæгат Ирыстон хъуыстгонд у йæ нуазыны дæттæй. Куыд сыгъдæггонд æмæ бæрæггонд цæуынц нæ донгуырæнтæ?

– Донгуырæнтæ махмæ цалдæр ис æмæ æдзух бæрæг цæуы сæ хæрзхъæддзинад. Ис сын хъахъхъæнджытæ, уыдон æнæхицауæй фæуадзæн нæй. Сæрмагонд службæтæ та сæ исынц пробтæ, сыгъдæг æй кæнынц хлорæй. Уымæн æмæ догуырæны исты чъизи куы бахауа, уæд йæ бæллæх анхъæвздзæн æнæхъæн республикæйыл. Æцæг та ам дæр хæтæлтæ бамбыдысты, рæстæгæй-рæстæгмæ атонынц, кæм сæ чъизы бахауы æмæ стыр зындзинæдтæ æвзарын кæнынц адæмæн. Зæронд хæтæлты хуынчъытæй бирæ нуазыны дон сæфы æмæ ма адæммæ йе *мбис хæццæ кæны. Афтæмæй цæрджытæм сидæм сыгъдæг нуазыны доныл ауæрдыны тыххæй.

 – Уынгты куы акæсай, уæд чъизийы бын фестæм. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ культурæйыл дзурæг у. Фæлæ адæм бынтон аххосджын дæр куыд сты, дæ бырон кæдæм аппарай, уый дын куынæ уа, уæд?

– Нæй нæм, хъыгагæн, бырæттæ бакусыны практикæ. Сисæм æй хъæуты. Цы фæкæной сæ бырон. Цæмæй фæтк уа, уымæн хъæуы фадæттæ аразын. Бырондæттæ æвæрын, рæстæгыл сæ ласын. Кæннод сæ калынц быдырты, цæугæдæтты… Уым цынæ чъизитæ вæййы, ахæм нæй. Уыдоныл фæуары мит, къæвда, æмбийынц æмæ сæ дон сæ зæххы бынмæ ласы æмæ та кæдæм бахауынц? Нуазыны дæттæм, баиу вæййынц зайæгойтимæ. Æмæ сæм стæй мæсты кæнынц. Зæххы бын сыгъдæггæнæг техникæ нæм рæстмæ куы кусид, уæд бæргæ хорз уаид, фæлæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр æдзæллаг уавæры сты. Уыдон уæззау фарстатæ сты æмæ сæм хицауады ʻрдыгæй хъусдард куынæ уа, уæд ахуыргæндты бон ницы у.

Нæ бырæтты полигонтæ кæм сты, уым сæ бакуыстгæнæг завод куы уаид, фæсарæнты куыд у, афтæ, уæд уавæр хуыздæр уаид. Уым сæ дих æмæ сæ пайда кæнынц, быронæн дыккаг цард раттынц, бынат та нæ ахсынц. Уый у стыр пайдайы хъуыддаг. Махмæ та дзы уæлæнгай цыдæртæ амбырд кæнынц, зæгъæм, картон, хуызджын згъæртæ, иннæ бырон æнæкуыстгондæй зайы.

Æрдзы  хорзæх  нæхицæй  аразгæ  у…

– Кæддæр газеты кастæн, мæнæ уæ институты чи ахуыр кодта, ахæм чызг целлофан æмæ пластикæйæн ног  биоæрмæг æрхъуыды кодта дыргътæ æмæ халсæртты лæмарæнтæй, кæцытæ тагъд пырх кæнынц æмæ æрдзæн зиан ницы хæссынц. Фæлæ та рæстæг рацыд æмæ никуыцæуал разындысты.

– Тагъд пырх кæнынц, уый раст у, фæлæ та куыд сбæрæг кодтам, афтæмæй уыцы лæмарæнтæ дæр пайдайы æрмæг не сты, æрдзæн къаддæр зиан нæ хæссынц. Æппæты хуыздæр у, раздæр дуканиты кæмæй архайдтой, уыцы гæххæттæй пайда кæнын, фæлæ уый та тынг зынаргъ лæууы, бирæ хъæд бахъæудзæн цæгъдын æмæ хæдзарадæн стыр зиан æрхæсдзæн.

 – Абон дæр рох никæмæй у Хъолайы цъитийы трагеди. Цæмæй ахæм æнамонддзинадæй дарддæр хызт уæм, уый тыххæй исты арæзт цæуы?

– Уыцы фыдбылыз куы æрцыд, уый размæ бирæ азты дæргъы, мæнæ мониторинг кæй хонынц, уымæй пайдагонд нал цыд. Советон дуджы фæстæ фесæфтысты бирæ хæзнатæ, хъусдарæг æм нал уыд, афоныл æй нæ базыдтой æмæ ахæм трагеди æрцыди. Цъитийæн та йæ хъуыддаг афтæ у æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ бамбырд вæййы æмæ йын иу хатт æнæ ракæлгæ нæй. Ныр Геофизикон институт хæхтыл сæвæрдта дистанцион прибор æмæ дардæй цъититы змæлдмæ сæ хъус дарынц. Цы датчиктæ æвæрд ыл ис, уыдон хæхты уавæр бæлвырдæй æвдисынц экраныл. Гыццыл дæр фезмæлыд, уæд уайтагъд бæрæг вæййы.

– Иван, ныртæккæ хорзæй ницыуал фехъусдзынæ, æвзæр уавæры ис нæ экологи дæр. Фæлæ уæддæр, газеткæсджыты зæрдæ цæмæй барухс кæнис?

– Ирон адæм сæ равзæрдæй абонмæ уыдысты хæстон адæм, фæлæ æрдзы ныхмæ хæцын нæ хъæуы, æххуыс кæнын ын хъæуы. Ма æй куы хъыгдарæм, уæд нын æй цалдæр ахæмæй бафиддзæн. Нæ экологи сыгъдæг кы уа, уæд нæм туристтæ дæр фылдæр цæудзæн, нæ цард фæрныг уыдзæн, адæм та- æнæниз.

– Бузныг!

                                                 Ныхас  кодта ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.