Ивгъуыд майрæмбоны Цæгат Ирыстоны  цæрджытæ кæрæдзимæ хæрзæгку-рæггæг-тæ кодтой, æппынфæстаг завод “Электроцинк” сæхгæныны тыххæй уынаффæ ист куы ‘рцыд, уæд.

Раст зæгъгæйæ, ацы цаумæ адæм кæд рагæй æнхъæлмæ кастысты, уæддæр йæ сæхгæнынæй уыйас ныфс никæйы уыдис. Уымæн æмæ сæдæгай азты контракт æнцон фехалæн нæу. Æрмæстдæр тæрхондон алыг кæндзæн хъуыддаг, уырдæм та хъæуы бавдисын уæзгæ æрмæджытæ. Уымæ гæсгæ, октябры мæйы заводы зынгсирвæзты фæстæ арæзт æрцыд республикон къамис. Йе сконды уыдысты хицауад æмæ парламенты уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ, экологтæ…  Къамисы нысан уыд дунейы æргом раздахын ацы проблемæмæ, хæдбар экспертты, экологты, юристты æрхонын. Экологтæн сæ хæс уыд алы бон уæлдæфы æмæ зæххы чъизидзинад барын, юристтæ документтæ сахуыр кæнын æмæ, æппынфæстаг, уыцы бæрæггæнæнтæ тæрхондонмæ бавдисын. Æппæт уыдæттæн хъуыд бирæ фæрæзтæ æмæ рæстæг. Æмæ æнæнхъæлæджы, республикæйы разамынд Битарты Вячеславы сæргълæудæй, сфæнд кодтой Урайлаг холдинджы сæргълæууæг, “Электроцинк”-ы хицау Искандер Махмудовимæ фембæлын, кæд сæ зæрдæ нæ дард-той, уæддæр. Махмудовимæ лæгæй-лæгмæ баныхас кæныны æмæ йын уавæр радзурыны фæстæ, холдинджы хицау, æнæнхъæлæджы сразы. Бахъардта йæм адæмы фæдис. Бирæ азты цæмæ бæллыдысты æмæ цæуыл тох кодтой адæм, уый афтæ æнцонæй алыг. Уый уыд стыр æнтыст. Уыцы бон дыууæ фарсы баныхас кодтой зианхæссæг заводы куыст бынтондæр бауромын æмæ ма дзы цы хомаг баззад, уый раласын сæ иннæ куыстуæттæм.

Уыцы фембæлды æмæ дарддæры архайды тыххæй ивгъуыд майрæмбоны къамисы уæнгтæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзтæн радзырдта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав: “Æз стыр бузныг зæгъын Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артурæн. Уый зæрдиагæй бацар-хайдта Махмудовимæ лæгæй-лæгмæ баныхас кæныныл æмæ йын уый аргъ скодта йæ ныхасæн, бамбæрста нын нæ тыхст уавæр. Афтæ куынæ рауадаид, уæд хъуыд бирæ кусын, дæргъвæтин тæрхондоны процесстæ. Бадзырд конд æрцыд, ныр æй хъæуы юридикон æгъдауæй сфидар кæнын. Фæлæ нын нырма бирæ аразинаг ис.

Æгуыстæй баззадысты 2 минмæ хæстæг адæймаджы. Заводы бæстыхайы зынгирвæзт куы ‘рцыд, уæд бирæ куыстуæтты хицæуттæ фехъусын кодтой, куыстмæ райсынмæ сæ цæттæ кæй сты. Ныр сын сæ ныхас сæххæст кæныны афон у. Бæрнондæрæй бацархайæд Куыстдæттыны комитеты специалисттæ дæр.  Æгуыст чи баззад, стæй заводы бæрны цы социалон объекттæ уыд, уыдонæн уал холдинджы разамынд компенсацитæ фиддзæн апрелы онг. Хъуыдыйаг у, бирæ азты дæргъы заводы алфамблай продукцийы хауæццæгтæй цы обаутæ сырæзт, уыдоны хъысмæт. Уыдон къаддæр нæ чъизи кæнынц уæлдæф, аласын æмæ сæ сæдас кæнын хъæуы, фæлæ сæм афтæ бавналæн нæй, тæссаг сты. Уый тыххæй баныхас кодтон мæскуыйаг специалисттимæ, цæмæй нæм фæкæсой. Уыимæ ма цыбыр рæстæгмæ хъуамæ сыгъдæггонд æрцæуой, Мызуры, Уыналы æмæ Уæллаг Фый-йагдоны цы сæудæджерадон хауæццæгтæ ис, уыдон дæр. Ирыстоны экологийы фарста цыбыр рæстæгмæ хъуамæ лыг æрцæуа”.

Битарты Вячеслав ма фæсидт инвестортæм дæр, цæмæй “Электроцинк”-ы бындурыл æндæр, экологийæн зиан чи нæ хæссы, ахæм куыстуат исчи сараза. Цæмæй кадрты фарста дæр хъуыдыйаг мауал уа. Битары фырт куыд банысан кодта, афтæмæй уый тыххæй ногæй цæттæ у Искандер Махмудовимæ баныхас кæнынмæ дæр.

Афтæ сæдæ азæй фылдæр экологи æмæ адæмы æнæниздзинадæн стыр зиан чи хаста, алы рæстæджыты хицауад кæй сæхгæныныл архайдта, уыцы заводы хъысмæт æнæнхъæлæджы алыг. Алыг ныры хицауады руаджы. Уый стыр удæнцой æрхаста республикæйы цæрджытæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.