(Мыхуыр цæуы фæцыбыргондæй)

Мингай азты дæргъы ирон цардарæзт баййæфта бирæ ивындзинæдтæ, æмæ сын дугты ахæсты æвдисæнтæ уыдысты нæ дзыллон цинтæ æмæ мæстытæ, хæрзтæ æмæ фыдæхтæ. Уыдон мысинæгты хуызты баззадысты фæлтæрты дзыхæйдзургæ сфæлдыстады хуызты, æрмтты дæсныйæдты кондыл, дарæсы хуыд æмæ карстыл, кусæн æмæ хæцæнгæрзты кондыл. Гъемæ, уыцы дзыллон фарны хæрзтыл хъуыды кæнгæйæ ис аккаг аргъ скæнæн ирон адæмы цардвæндагæн историйæн райгуырæн зæххыл сыхаг знæмты рæгъы цæугæйæ…

Алы дугты дæр нæ фыдæлтæ, зæххы æмæ фосы куыстытæ кæнгæйæ, æмхуызон кæм цардаиккой: уыдаид се ‘хсæн куыстуарзонæй бонджындæртæ æмæ магусайæ мæгуырдæртæ, фæлæ социалон æгъдауæй уæлбартæ æмæ дæлбартыл нæ дихтæ кодтой: сæ бонджын дæр уыд ирон фарныл хæцæг, сæ мæгуыр дæр æхсæнадон домæнты…

Хæхбæсты цæрæг знæмтæм уыди иу æмхуызон миниуæг æнусты дæргъы; фосы æмæ зæххы æфтиæгтæй цæргæйæ цæххкæрдзын хордтой кæрæдзимæ тугæй хæстæджыты æмæ уазджыты номæй цæугæйæ. Фосы æмæ зæххы куыстытæ кæнгæйæ сæ иугай къухты кусæнгæрзтæ хастой, иннæ къухты та хæцæнгæрзтæ. Уыйадыл æхсæнадон уагæй алы адæмыхатт дæр хидгуыстæй цæрын фæрæзта, хæцæнгæрзтæй хъахъхъæдта Фыдызæхх. Хæххон адæмты астæу æмткæй фæзминагдæр уыдысты рæстæй цæрæг, рæстыл кусæг æмæ рæстыл дзурæг лæгтæ – мыггæгты фæрнджындæр минæвæрттæ, уынаффæйы тæрхоны лæгтæ æмæ тыгъды бонты хæстон разамонджытæ, уæлахизмæ сидæг фæтæгтæ…

Ивгъуыд дугты æхсæнадон цардарæзтæн раст аргъ цæмæй скæнæм, уый тыххæй хорз зонын хъæуы æмткæй иу зæххыл цæрæг дзыллæты æхсæн ахæстытæ кæм бæллиццаджы нысæнттимæ, кæм та фауинаджы. Кавказы цæрæг адæмтæй алкæмæн дæр уыди йæ цардвæндаджы уæлахизы сæрыстыры цаутæ æмæ састы бынаты гæччытæ…

Ирон адæмы цыт æмæ намысы кадджындæр, стырдæр фидиуæг Хетæгкаты Къоста йæ фыд Леуаны мысинæгтыл æууæндгæйæ Особайы дуджы рахуыдта «Осетинщина», фылдæр æппæрццаг-фауинаг миниуджытыл дзургæйæ уæды ирон æхсæнады номæй… Уыдоны бындурыл зындгонддæр ирон ахуыргæндтæ, историктæ, фысджытæ, аивадон кусджытæ тугтæ фæмысыдысты Особайы дугыл, афтæмæй уыди ирон дзыллæйы цардвæндагæн йæ кадджындæр хай…

Дзыхæйдзургæ сфæлдыстады, историон цыртдзæвæнтыл фыстæй, æрдзон фидæртты æмæ зæппæдзты арæзтæй бæрæг уыдысты рагондæр мыггæгтæ Цæразонтæ, Сидæмонтæ æмæ Хъусæгонтæ куыд сабыр царды куыстæгты, афтæ тыгъды бонты архайгæйæ дæр… Уыдоны хæстон фæтæгтæразамонджытæ фараст фыдыфыртæй нæ эрæйы фæндзæм æнусæй æртындæсæм æнусмæ раздзæуджытæ уыдысты Уæсы Бæгъатырты номæй ирон адæмы хæстон къордтæн, тыгъды быдыртæй уæлахизы тырысатæ хæсгæйæ. Уазы, Уæсы Бæгъатыртæ фараст фыдыфыртæй паддзахиуæг фæкодтой картлиаг адæмæн астæуккаг æнусты (фæндзæм-æртындæсæм).

Уæс Бæгъатырты заманты Иры зæххытæ Арвыкомыл, Дзуары æфцæгыл Арагуийы доны былты æххæссыдысты Гуры сахармæ, Уæлладжыры комыл та Мамысоны æфцæгыл Рионы доны былты – суанг Кутаисмæ – ныгуылæн Картлимæ.

Уæсы, Уазы Бæгъатырты номæй картлиаг адæм ирæтты хонын райдыдтой «оси-тей», ирæттæ картлиаг адæмы «гуырдзы» куыд хуыдтой, афтæ фæсномыгæй. «Гурдж» у уаргъ фистæгæй хæссынæн, æмæ картлиаг уаргъхæсджытæ арæх цыдысты Ирыстонмæ алы æфцгуытыл, кодтой хъæды æмæ дуры куыстытæ Ирыстоны алы кæмтты, æмæ сæ фæсномыг баззад дзыллон номæй – «Гуырдзыстон» сыхаг адæмты æвзаджы дæр…

Уæс Бæгъатырты заманты хæцæн æмæ хъахъхъæнæн мæсгуытæн, æрдзон фидæрттæн æрдæг хæлдтытæй банымайæн дæр нæ уыди бынтон æрæджытæм – ХХ æнусы 60–70-æм азтæм. Уыдоны астæу бæрæгдæрæй зындысты Уæсы Бæгъатырты номыл фидæрттæ Уæлладжыры комы Ныхасы дзуары нарæджы, Субийы Чъырамады, Урсдоны цъæх айнæгыл, Нузалы цæгаты, Къасарайы Зылын дуары, Мыкалгабыры бынмæ Илцы фидары, стæй Мамысоны æфцæгæй Кутаисмæ – дыууæ раны æхсинбадæнтæ, æртæ раны чъырамад фидæрттæ.

Ирыстоны нæргæ кад дæлæмæ хауын райдыдта Цæразон Сосланы заман. Уый йæхи сæры æмæ Тамары сæры кадæн уыди «цыргъ æхсырф» Гуырдзыстоны зад хуымты кæрдгæйæ. Ахуыргонды, дæсны хæстон разамонæджы, хъæбатыры номæй Гуырдзыстоны знæгты ныхмæ тохы фæмарын кодта Ирыстоны хæстхъом фæсивæды хуыздæрты, стæй Дзуары æфцæгæй Гурмæ, Мамысоны æфцæгæй Кутаисмæ Иры хуссарварсы зæххытæ йæ каистæн балæвар кодта, æмæ рæстаг ирон адæмæн фидиссагæй баззад, нæ цуронæй цæстмæхъус фысджытæ та йыл кадджытæ фыстой, афтæмæй йæ мард райгуырæн уæзæгмæ дæр нал æрхæццæ, кæм ныгæд æрцыд, уый дæр ничи зоны, уымæн æмæ йын йæ адæмы уæйгæнæджы номæй йæ ингæн дæр нызмæстаиккой сыгъзæрин фæндаггæгтимæ…

Туалгомы хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй Ирыстоны кæмтты Уари æмæ Уæрæдæйы хуызæн хæстон хъæбатыртæ бирæ уыди æмæ тыхæй, арæхстæй Цæразон Сосланы хуызæтты уæлбæхтæй сæ местызæнгæйтты нытъыстаиккой, фæлæ уыдоны уæлахизы цаутæй Сослан йæхицæн ном кодта, æмæ ‘гас дунейыл йæ хæстоны кад айхъуыст, æнахуыр ирон Бæгъатыртæ та аууоны аззадысты…

Уæс Бæгъатырты заманты ирон хъæуты, кæмтты цардарæзтæн уынаффæ кодтой æхсæны æвзæрст рæстаг лæгтæ – тæрхоны лæгтæ æмæ рæстады ард хордтой хæстæг-дæр дзуæртты-кувæндæтты бынты.

Æхсæнадон фарны равгæй нæ фыдæлтæ кады цыртытæ, зæппæдзтæ, кадджытæ æмæ зарджытæ арæзтой-кодтой марды номæй Фыдызæхх хъахъхъæнджытæн, райгуырæн зæхх уæйгæнджыты мæрдты та кæнæ æппæрстой куыдзæппарæн былтæй, кæнæ сæ ныгæдтой хибарæй æнæ цыртытæй æгаддæрæн. Иу ахæм æгады уæлмæрды кой баззад ныхасæн: дæуæй æвзæрдæр Леты уæлмæрды дæр нæй, зæгъгæ. Хуссар Иры Леты хъæуы уыди æвзæртæн хибар уæлмæрд…

Хетæгкаты Къоста йæ уац «Особа»-йы куыд фыста, афтæ нæ уыди: «Селение Нар с окружающими его родственными отселками многие столетия служило законодательным центром и охраной народных традиций не толъко для Нарской котловины, но и для многих примыкающих к ней южных и северных ущелий».

Ахæм æнæбындур хъуыдытæн зæгъæн уыди, ныллæг сыджытсæр тæдзынæг къуымæй дунейы рухсмæ кæсгæйæ бынтон æнахуыргонд хæххон кусæг лæгæн, фæлæ Къоста уырысимæ куы схъомыл, уæд «многие столетия» мæгуыр наронтæ зондамонæг, уынаффæгæнæг, хъахъхъæнæг цы хуызы уыдысты Цæгат æмæ Хуссар Иры цæрджытæн?!

Иу æмæ дыууæ хаттæн не ‘рцыдысты сæфты уавæрмæ нæ рæстаг фыдæлтæ сæ бирæ фыдгулты ахæсты хохæй быдырмæ, быдырæй хохмæйы фæндæгтыл, фæлæ та-иу, тыгъды быдыры цагъды уæлдæйттау, тугхъулæттæй æрбамбырд сты уадындзы сидæн хъæлæсмæ, хъисфæндыры уæлмонц зæлтæм æмæ-иу сæ ныфсыл ныфс æфтыди, сæ тыхыл – тых.

Ирон удхъомысы хæрзтæ дзурæг сты нæ фыдæлты дзыллон цæсгомы ахадæныл. Не ‘гъдæутты æмæ нæ бæрæгбæтты равзæрды хуызон, нæ фæндырæй цæгъдтыты æмæ кафыны хуызты дæр барынц сыхаг адæмты дæсныйæдтимæ нæ уæрæседзау æмæ гуырдзыдзау «ахуыргæндтæ», æмæ ирон тымбыл кафты рахуыдтой хъулгъайаг, хонгæ кафты – кæсгон, симды –  гуырдзиаг самайа, Уастырджийы бæрæгбон – гуырдзиаг Георгоба, Атынæджы Атенгеноба куыд рахуыдтой, афтæ. Гуырдзиаг адæм дæсны уыдысты зарынмæ, фæлæ кафын базыдтой фæстагмæ ирон адæммæ кæсгæйæ. Симды хуызмæ ницы бар дардтой, фæлæ сахуыр сты сæ хицауад фыдæй фыртмæ хиуарзонæй архайын æмæ сæхиуыл банымайынц сыхаг адæмты удхъомысы хæрзты.

Ирон симд равзæрди мингай азты дæргъы ирон уæзæгыл æмæ æвдисы куыд сабыр царды дзыллон иумæйаг хæрзты, афтæ тыгъды заманы тохы нысæнтты, æмæ йæ уымæн æххæст кодтой уæлахизы бонты Уæс Бæгъатырты заман æддæгуæлæйæ кафгæйæ.

Ирон кафты æппæт хуызты амонæг уыди нæлгоймаг, æмæ сылгоймаг æмбал æнæ уæлдай митæй, ныхæстæй æххæст кодта уæзданæй уый бардзырд уæнгты змæлдæй. Цыфæнды дæсны куы кафыдаиккой нæлгоймаг æмæ сылгоймаг, уæддæр сын æхсæны домæнтæ уыдысты æххæстгæнинаг. Уæлдай сонт митæй, худынтæ æмæ ныхæстæй æгад кодтой сæхи, сæ бинонты, сæ мыггæгты. Ирон кафты сæйрагдæр миниуæг уыди аив сирын, æмæ цас раст сирдтаиккой, уыйбæрц тынгдæр ахадыдтой нæлгоймаг æмæ сылгоймаг адæмы цæсты.

ЗАССЕТЫ Барис

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.