Июлы мæйы нæ республикæйы Хъæууон хæдзарады министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цхинвал æмæ Ленингоры районты апарахат хуыты африкæйаг емынæ. Фыццаг инфекцион низæй хуытæ амард Цхинвалы районы Сарабукъ æмæ Къохаты хъæуты. Уый фæстæ фæзынд Ленингоры районы дæр. Хъæууон хæдзарады министрад æвæстиатæй дезинфекци кæнын райдыдта, хъæуты цæрджытæ сæ хуытæ кæм дардтой, уыцы бынæттæ. Хъæутæм бахизæнты æвæрд æрцыд дезбарьертæ, цæмæй инфекци ма парахат кодтаид, уый тыххæй профилактикон беседæтæ уагътой хъæуты цæрджытимæ. Афтæ ма фæкарздæр кодтой «Югосельхознадзор»-ы домæнтæ, фыдызгъæл æмæ æхсыры продукттæ уæй кæ-ныны бар нал уыд бынæттон базары ацы хъæутæй æрцæуæг адæмæн. Июлы мæйæ нырмæ ацы районты хъæутæ дезинфекци æрцыдысты æртæ хатты. Низы апарахат ма ‘руадзыны тыххæй ма къахт æрцыдысты сæрмагонд уæрмытæ, цæмæй хуыты мæрдтæ уым утилизаци цæуой. Æдзухон хъусдарды бын уыдысты хъæутæм хæстæг хизæн сæрвæттæ. Кæд-иу искæй хуы федтой уым хизгæ, уæд ивар кодтой йæ хицауы. Ацы æмæ ма æндæр мадзæлттæ дæр ахъаз уыдысты уымæн, цæмæй инфекци ма апарахат уыдаид. Хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон хайады бæрнон кусæг, Ветеринарон зонæдты кандидат Лолоты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй емынæ цы зонæты уыд, уым фос нал цагъды кæнынц. Уымæн, дам, ахъаз уыд, хуыдæттæ рæстæгыл дезинфекцитæ кæй æрцыдысты. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ма фæстаг хатт ацы низ нæ республикæйы фæзынд 2018 азы, фæлæ уæд оперативон мадзæлттæ афоныл ист не ‘рцыдысты, иннæ районтæм дæр анхъæвзта низ æмæ амард бирæ хуытæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.