Кавказы хæхтæн уникалон чи у, ахæм цыртдзæвæн ис Дыгургомы, Задалескы хъæуы – сылгоймаджымады цыртдзæвæн.
Æрæджы Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг йæ къух æрфыста барамындыл цæмæй Задалескы нанайы бæрæгбон фидар æрцæуа РЦИ-Аланийы национ бæрæгбонæй æмæ æрвылаз дæр нысан цæуа августы мæйы фыццаг сабаты.

5-æм августы РЦИ-Аланийы горæттæ æмæ хъæуты уагъд æрцыдысты цытджын мадзæлттæ. Задалескмæ та сорганизаци кодтой цæугæ концерт æхсæнадæмон фестиваль «Мое сердце в горах»-ы хорты коллективты хайадистæй. Дзæуджыхъæуы та изæры уагъд æрцыд концерт «Рука дружбы».

 

Задалескы нанайы цардвæндаджы историйæ

Ӕнæкæрон сæрибаруарзаг уыдысты нæ фыдæлтæ – алантæ.  Алантæ хæстыты фæлтæрд уыдысты, сæр сæрмæ кæй хастой, уымæ гæсгæ цагъайраджы уаргъ хæссыны бæсты-иу равзæрстой мæлæт.

Задалескы Нана баст у аланты историйы æппæты трагикон цауимæ. Ацы историон цау æрцыд 14 æнусы кæрон, 1395 азы тæтæр-монголтæн сæ раздзог – иукъахон Тимур, йе ‘нæнымæц æфсадимæ аланты зæхмæ куы æрбабырстой, уæд. Тимур расидт алантæн “джехад” æмæ сæм æрæвнæлдта быныскъуыд скæнынмæ. Сыгътой æнæхъæн хъæутæ, цагътой сабиты æмæ зæрæдты.

Ацы æвирхъау трагикон цау куы ‘рцыд, уымæй цыппор азы фæстæ астæуккаг æнусты æппынæдзух балцыты чи цыд, уыцы Иосиф Барбаро фыста, зæгъгæ бынæттон цæрджыты ацы быдырты нал æрыййæфта, Аланты бæстæ фестад тыгъд быдыр, æрмæст ма дзы зынд дзæппадзтæ, адæмæй ма чи аирвæзт, уыдон та фæлыгъдысты Кавказы хæхтæм, ахæм бæрзæндтæм тæтæр-монголы бæхуæрдæттæн сæ бон схизын нал бацис.

Уыцы уæззау заманы иу ацæргæ Нана разылд сыгъд хъæутыл, æрбамбырд код-та æмæ сæ  ракодта цы сидзæр сабитæ ма дзы баззад, уыдоны, æмæ сæ сусæгæй акодта хæхтæм, цæмæй алантæ бынсæфт ма фæуыдаиккой. Уым сæ бам-æхста арф лæгæты. Хъахъхъæдта сæ хъæддаг сырдтæй. Ацы сабитæ уыдысты 16 мыггагæй. Хаста сæ, кæм цы ардта, уыдонæй, дыргътæ æмæ уидæгтæй. Иу афон Нана æд сабитæ æрбафтыд Задалескмæ, Текойты мыггагмæ. Уыдонæн сæ бон куыд уыд, афтæ сæ бавæрдтой. Ныфс дæр ын æвæрдтой сабитæй алы хæдзар дæр йæхимæ кæй акæндзæн, фæлæ сын  Нана не сразы.

Уæд ын хъæуы цæрæг адæм сарæзтой хæдзар æмæ Нана уым æрцард йæ сабитимæ. Хъæуы адæм дæр æм се ‘ххуысы къух фæдардтой, æххуыс ын кодтой, кæмæн йæ бон куыд уыд, афтæ.

Рæстæг цыд, сабитæ байрæзтысты, чызджытæ чындзы фæцыдысты, лæппутæ та устытæ æрхастой. Нанайы бинонты цард райрæзт, ауагъта уидæгтæ, йæхæдæг та хъæуы адæмæн афтæ уарзон ссис, æмæ йын йæ амæлæты фæстæ йæ хæдзарæй сарæзтой кувæндон. Йæхæдæг кæм ныгæд ис уый бæрæг нæу, фæлæ адæмы ныхæстæм гæсгæ, йе ‘нусон бынат ис Моргайы быдыры. Быдыртæ сты хъæуæн йæ цæгатварс. Ацы ран ис Моргайы лæгæт дæр, лæгæтæн йæ бахизæн æхгæд у стыр къæй дурæй. Хъæуы цæрæг адæмы ныхæстæм гæсгæ, ацы лæгæт уыд, Нана фыццаг йæ сидзæр сабитимæ кæм æрбынат кодта, уый.

Афæдзы дæргъы чызг цы бинонтæн райгуыры, уыцы бинонтæ акæнынц кусæрттаг ацы кувæндоны, æрбахæссынц æртæ чъирийы, бæгæны, арахъхъ æмæ кувæг лæг бафæдзæхсы сабиты æмæ фæсивæд Нанайæн, цæмæй байрæзой æнæнизæй æмæ хызт уой фыдбылызæй.

Задалескъаг Нанайы бæрæгбон у сылгоймæгты бæрæгбон, уыдон Нанайæ фæкурынц бинонты сабыр цард, æмæ сæ сабитæн та – амондджын сомбон.

Ирон адæм фыдæлтæй фæстæмæ сылгоймагæн кодтой уæлдай аргъ, æмæ стыр кад, уымæн æмæ сылгоймаджы нымадтой царддæттæг æмæ хæдзары фарн хъахъхъæнæгыл.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.