Æрвылаз дæр 23-æм февралы цытимæ банысан кæнæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Уый у, æфсады чи службæ кæны, йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ адæмы чи бахъахъхъæдта æмæ алыхатт дæр сæ бахъахъхъæнынмæ цæттæ чи сты, уыдоны бæрæгбон.

Цхинвалы районы Дменисы хъæуы Культурæйы хæдзары, куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр кадджын уавæры банысан кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Культурæйы хæдзары бæрæгбонон фæлыст залмæ æрбамбырд сты хъæуы администрацийы кусджытæ, хъæуы цæрджытæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. Мадзал сорганизаци кодтой Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси æмæ библиотекæйы кусджытæ Æлборты Мадинæ æмæ Джиголаты Заремæ.

Мадзалмæ æрбацæуджыты раз цымыдисон докладимæ ралæууыд хистæркъласон Сидамонты Валерия. Уый банысан кодта, зæгъгæ, бæрæгбон нысан кæнын райдыдтой Германы æфсад 1918 азы Псков æмæ Нарвæйы бынмæ дæрæнгонд кæй æрцыдысты, уыцы цауы цы-тæн.

Бæрæгбон райдианы хуындис Сырх Æфсады бон, 1946 азæй фæстæмæ – Советон Æфсад æмæ Æфсæддон-денджызон флоты бон, 1993 азæй нырмæ та хуыйны Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон.

«Мах хъахъхъæнæм нæ традицитæ, кад кæнæм, Фыдыбæстæйыл æнувыддзинад чи равдыста, уый тыххæй ард чи бахордта, уыдонæн», – зæгъы Валерия. Банысан ма кодта, Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ Дменисы хъæуæй цасæй ацыдысты ацу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл. «Мах нæ сæртæй ныллæг кувæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн, хæстонтæ-ин-тернационалисттæн, кæцытæ се ‘фсæддон хæс сæххæст кодтой æндæр паддзахадты территоритыл. Ветерантæй ма чи баззади,  уыдонæн кæндзыстæм лæггад», – зæгъы докладгæнæг.

Уый ма радзырдта, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы æмфыдыбæстæйонты тыххæй, кæцытæ, сæ къухты хæцæнгарз, афтæмæй бахъахъхъæдтой Райгуырæн Ирыстоны сæрибардзинад. Рагæй фæстæмæ дæр ирон лæгæн райгуырæн зæхх знæгтæй бахъахъхъæнын уыдис йæ кадджындæр æмæ ахсджиагдæр хæстæй иу. «Бæргæ, куы нæ уаид хæст, бæргæ адæм хæларæй куы цæриккой. Фæлæ дунейы уавæр афтæ амоны, æмæ паддзахадæн хъуамæ йæ бон уа йæ арæнтæ, йæ адæмы бахъахъхъæнын. Ныр афæдзы дæргъы Сæрмагонд æфсæддон операцийы се стыр хайбавæрд хæссынц нæ республикæйы æмбæстæгтæ. Нæ ирон лæппутæ тох кæнынц Донбассы сæрибардзинады тыххæй цыфыддæр знаджы, украинæйаг неофашистты ныхмæ. Бирæтæ фæмард сты, бирæтæ цæфтæй æрыздæхтысты. Махæн нæ хæс у, сæ цард Райгуырæн бæстæйы тыххæй чи радта, уыдоны хъуыды кæнын», – загъта Сидамонты чызг.

«Кад кæнæм фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн»

Мадзалмæ æрбацæуджытæн бæрæгбонон арфæтæ ракодта культурæйы хæдзары дирек-тор Икъаты Ануси. Уый банысан кодта, зæгъгæ, нæлгоймаджы раз бирæ хæстæ ис, уыдонæй иууыл ахсджиагдæр у Фыдыбæстæ хъахъхъæнын.

«Нæ кæстæртæн мæ зæрдæ зæгъы, Райгуырæн бæстæйæн аккаг хъæбултæ цы суат, цæмæй уæ сæрыстыр уой æрмæст уæ ныййарджытæ нæ, фæлæ уæ Райгуырæн бæстæ дæр. Уырны мæ, нæ Ирыстоны кад дæлæмæ кæй никуы æруадздзыстут æмæ йын кæй уыдзыстут аккаг хъахъхъæнджытæ!» – загъта Икъаты Ануси.

«Зынгхуыст салдаты монолог», зæгъгæ, ацы æмдзæвгæ аив бакаст Уалыты Аслан. Æмдзæвгæтæ ма бакастысты Сидамонты Владик, Джиголаты Амандæ, Къæбулты Лана… Зарæггæнджыты хор азарыд цалдæр зарæджы – «Кино идёт», «23 февраля – папу поздравляю» æмæ æндæртæ. Кафджыты хæдархайгæ къорд акафыд «Хæххон кафт» æмæ «Чызджыты кафт». Мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдæмæ тынг фæцыд скетч «Рæдыд фæндаг» (архайдтой дзы Сидамонты Валерия, Дудайты Фатимæ æмæ Кристинæ).

ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.