Адæймаг йæ царды  райгуырæн бæстæн  удуæлдайæ куы фæлæггад кæны, йæ адæмæн уырдыг куы фæлæууы, йæ радтæг адæмæн æдзухæй æвæллайгæ архайд куы кæна, сæ рыстæй сын куы рисса, сæ цæрайæ куы цæра, уæд ахæм адæймагæн кæддæриддæр æрцæуы аккаг аргъ. Уымæн вæййы аккаг бынат йæ адæмы историйы дӕр.

Ахæм уыдис Ирыстоны зынгæ дохтыр-хирург Къæбысты Хъæвдыны фырт Падо дæр. Кæд ыл уыйбæрц азтæ рацыд, уæддæр йæ рухс ном нæ ферох, йæ адæмы зæрдæты цæры.

Райгуырдис Падо Чеселтгомы Сыгъты хъæуы 1896 азы, куыстуарзаг, нæртон æмæ рæстаг удысконд бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Хъæвдын Леуаны фырт уыд асæй бæзæрхыг, зондæй – куырыхон, куыстуарзаг, комы дзырддзæугæйыл нымад лæг. Зын уавæрты  дæр йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ архайдта ууыл, цæмæй йæ бинонтæ мацы хъуаг æййафой, йӕ тыхы ‘мбæрц цыд, цыфæнды зын куыстмæ дæр ныфсхаст уыд. Фæлæ иу бон куы уыд, уæд ыл сайдæй рацыд йæ хъысмæт. Куыстæй хæдзармæ здӕхт ӕмӕ талынджы былæй ахауди. Йæ уд бæргæ аирвæзт, фæлæ тынг ныцъцъæлтæ. Бирæ рæстæг  бахъуыдис, цæмæй йæ къахыл слæууа, фæлæ кусынæн нал уыд.

Кæй зæгъын æй хъæуы, бинонтыл фæзындис сæ дарæджы уавӕр, фæлæ куыддæрты цардысты, сабитæ къæбæрцух не ‘ййæфтой. Хæдзары æфсин куы бæзза, уæд царды исты амæлттæ фæкæны. Падойы мад Цхуырбаты Тауче уыдис сæрæн сылгоймаг, алы амæлттæй архайдта, цæмæй йæ сыæллæттæ мацы цух уой æмæ царды раст фæндагыл ныллæууой.

Падо чысылæй фæстæмæ куыстуарзаг лæппу уыд, йæ мадæн æххуыс кодта. Мад та хъуыды кодта, цæмæй йæ лæппуйы ахуырмæ радта æмæ, йæ ныййарджытау, фыдæбойнаг цард ма кæна.

Йæ цæгат дæр Дзауы цардысты Таучейæн æмæ уыдоны ныфсæй  Падойы барвыста Дзауы скъоламæ. Скъолайы ахуыргæнгæйæ, разындис æвзыгъд  ахуырмæ æмæ йæ 1908 азы фæцис тынг хорз нысæнттимæ. Сæ цæст ыл æрæвæрдтой Дзауы уæды раззагон лæгтæ Дзассохты Алыксандр æмæ Соттиты Гиго. Уыдоны хъæппæрисæй Падо æрвыст æрцыд Ган-джайы (Кировобады) гимназмæ. Ам дæр та йæ хорз æгъдау æмæ ахуыры руаджы ахуыргæнджыты хъусдард йæхимæ аздæхта. Кæд материалон æгъдауæй тыхсти, уæддæр амæлттæ кодта. Æххуырсты царди æмæ æхца фидыны бæсты хæдзары хицауы æртæ сывæллоны цæттæ кодта ахуырмæ. Уыйæмрæстæджы ма æндæр сабиты дæр ахуыр кодта, цæмæй йæхи дардтаид æмæ йæ ахуыр фæуыдаид. Цыппар азы фæцахуыр кодта Ганджайы æмæ иу сæрдыгон улæфты рæстæджы дæр никуы æрцыд йæ уарзон мад æмæ фыд уынынмæ, куыста-иу станцы уæзтæ æвгæнæгæй, цæмæй зымæгмæ йæхицæн хъарм дзаумæттæ балхæдтаид, хæрды фаг æрбамбырд кодтаид.

Гимназ хорз æнтыстытимæ, куы фæцис уæд æй 1916 азы йæ хорз ахуыры тыххæй Уырысы Министрады уынаффæмæ гæсгæ арвыстой Саратовы медицинон институтмæ.

Саратовы институты ахуыры рæстæджы дæр Падо йæхи равдыста, куыд хуыздæр студенттæй сæ иу æмæ йæ ахуыры фиддонтæй ссæрибар кодтой. Фæлæ йæ кусыны сæр уæддæр хъуыд. Фидæрттæ конд кæй уыд, уый фæрцы йын алцыдæр æнтыст, куыста, ахуыр кодта, æхсæв æмæ бон нæ зыдта.

Йæ уарзон бæстæ, йæ уарзон адæмы мысгæйæ, йе ‘взонджы бонтæ  ахуыр æмæ куысты арвыста дард бæстæйы. Уæдмæ Октябры революци дæр сцырын æмæ институт æхгæд æрцыд. Уый уыд цыфыддæр цæф Падойæн: цы кодтаид, фæстæмæ раздæхæн дæр нал уыд – æфсæнвæндаг дæр нал куыста.  Уæд бадзырдта цалдæр æмбалимæ æмæ Сырх Æфсады рӕнхъытӕм бацыдысты. Падойы госпиталы фельдшерæй снысан кодтой.

Æхсæвæй-бонæй лæууыди цæф æфсæддонты уæлхъус æмæ сын æххуыс кодта. Иу рæстæджы йыл тиф бахæцыд æмæ уæззау уавæры уыд, фервæзын æнхъæл ын нал уыдысты.

Фæлæ фæтых низыл, фервæзтис æмæ та ногæй йæ куыст райдыдта. Цалынмæ мидхæст нæ фæцис, уæдмæ службæ кодта, стæй 1920 азы демобилизацигонд æрцыд. Йæхæдæг куыд мысыд, афтæмæй уыцы азтæ уыдысты йæ царды уæззау фæлва-рæнтæ, алыгъуызон зындзинæдтимæ тохы азтæ.

1920 азы та ногæй куы байгом Саратовы мединститут, уæд та ногæй Падо йæ ахуыр адарддæр кодта. Фæстæмæ та йæхи тыхтæй царды æмæ ахуыры фæрæзтæ кодта.

Царды зын уавæрты арф бамбæрста йæ професси куыд хъæуæг у æмæ ноджы се-резондæрæй ӕрӕвнæлдта арфдæр æмæ биноныгдæр зонынæдтæ райсынмæ.

1924 азы фæци ахуыр æмæ йæхи фæндонмæ гæсгæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрвыст æрцыд. Йæхицæн дæр æмæ йæ ныййарджытæн дæр уыцы бон уыди  цины æмæ амондджыны зæрдылдаринаг бон.

Æрӕздæхти сæ ныфсы хъæбул аст азы фæстæ æмæ йыл æрмæст бинонтæ нæ, фæлæ æгас хъæубæстæ æмæ Къæбысты мыггаг æгæрон цинимæ сæмбæлдысты. Сæ цинæн кæрон нал уыд æмæ йын стыр куывд скодтой. Цыбыр рæстæджы фæстæ æрцыд горæтмæ, областы къухдариуæгадмæ – адæмон къамисарадмæ бавдыста йæ куырдиат. Стыр цинимæ йæ айстой æмæ йæ Дзаумæ снысан кодтой дохтырæй.

Райдыдта та царды йæ фæндаг – йæ адæмæн лæггад кæныны куысты фæндаг. Медицинон службæйæн Дзауы уæд ницы фадæттæ уыд, фæлæ йæ тых, йæ бонæй архайгæйæ, хицауады æххуысæй дæр, Падойы фæрцы, тагъд рæстæгмæ йæ гаччы сæвæрдта алцы. Сырæзт чысыл рынчындон, амбулатори æмæ комы цæрджытæн се ‘нæниздзинады хъуыддæгтæ бæрæг фæхуыздæр сты.

Бинонтæ дæр æркодта, Дзауы куы куыста, уыцы рæстæджы. Йæ цард баиу кодта Тедеты Варварæимæ. Варварæ дзауы скъолайы ахуыргæнæгæй куыста. Райгуырдис сын дыууæ лæппуйы Андрей (Джуджукк) æмæ Шамил, хъомыл сæ кодтой сæхиау æгъдауджын æмæ рæстудæй.

1926 азы Падойы Тбилисмæ арвыстой курсытæм æмæ 1927 азы хирургы квалификациимæ æрбаздæхт. 1929 азы йæ снысан кодтой областон рынчындоны сæйраг дохтыр æмæ сæйраг хирургæй.

Хъыгагæн, не ‘хсæн разынынц ахæмтæ, кæцытæ кæстæрты раз ныхдуртæ февæрынц. Падо дæр йæ царды сæмбæлдис ахæм хабæрттыл, фæлæ уæддæр йæ куыст кодта æнæхъæлæбайæ, æнæдзургæйæ, куыд хуыздæр уыд, афтæ. Йæ фарсмæлæуджытæ дæр ын къаддæр нæ уыд. Падо алы хатт дæр мысыд йæ хæлар Пæррæстаты Гечайы: «Мæ тыхст бонты алы хатт дæр Геча мæ фарсмæ лæууыд æмæ-иу мын ныфсытæ æвæрдта. Адæймаг та ныфсæй цæры, ныфсы ныхас хосау у», – дзырдта-иу Падо. Цард афтæ у, куы йæ мидбыл фæхуды лæгмæ, куы та йæ фыдæнхъæл фæкæны. Цыфæнды тыхджын адæймагæн дæр уды рыст зын уромæн у æмæ иу хъарм ныхас дæр æххуыс у.

Радысты сæ цардæй Падо æмæ йæ бинойнаг, сæ дыууæ фырыхъулы хуызæн лæппуйæ дарддæр ма æвзонг æмкъæйттæ  æртыккаг хъæбулмæ дæр æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ сæм амонд худгæйæ нал ракаст ацы хатт. Варварæ  аргæ-арын амард. Райгуырд ын чызг Дзерассæ… Падо æгæрон уды рыст æмæ æртæ сабиимæ иунæгæй аззад. Падойæн йæхи загъдау, мадызæнæг дын куы уа, уæд иунæг нæ дæ. Йæ хо Къатъо акодта ноггуырд чызджы æмæ йæ хи хъæбулау хъомыл кодта. Лæппутæн та баххуырста сылгоймаг æмæ сæм уый касти.

Афтæ æнæ бинойнагæй дæр куыд цардаид Падо æмæ æркодта дыккаг æмкъай Тедеты Аничкайы. Падойæн йæ сывæллæттæ дæр йæхийау хæларзæрдæ рацыдысты, чызджытæй хистӕр Дзерассæ – абон зонадон кусæг – хорз ном æмæ кадимæ кусы зонадон-иртасæн институты. Дыууæ фаззон чызджы Зæлинæ æмæ Мадинæ сæ фыды дæсныйад райстой æмæ хорз дохтыртыл нымад сты. Мадинæ у терапевт, ис ын чызг æмæ лæппу, йæ чызг у нывгæнæг, йæ лæппу та – дохтыр. Залинæ цыппар æмæ ссæдз азы фæкуыста Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæг тыхты (Миротворецтæм) ис ын кады хорзæхтæ, дыууæ майданы Ирыстоны сæраппонд, майдан «за отвагу», кусы Хуссар Ирыстоны поликлиникæйы терапевтæй. Зæлинæйæн ис чызг æмæ лæппу дыууæтæ дæр – дохтыртæ. Таймураз фæцис С.М.Кировы номыл, Архангельскы  Æфсæддон медицинон академи уый фæстæ та ординатурæ  Ленинграды, рауадис дзы дæсны стоматолог. Рæстæгмæ кусы кæйдæр бынаты Хуссар Ирыстоны стоматологон поликлиникæйы стоматологæй. Зæлинæйы чызг Катя ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны медицинон академийы, уый фæстæ ординатурæйы та – Ленинграды, ныртæккæ кусы Ленинграды Дермавенерологæй. Куыд фæзæгъынц, фыды фарн дам, мæрдтæм нæ цæуы, сæ хæдзар байдзаг ис дохтыртæй æмæ стæй цахæм дохтыртæй йæ адæмы, йæ бæстæйы чи уарзы, ахæмтæй.

Лæппуты хъысмæт æндæргъуызон ацыд. Шамиль ахуыр кодта Мæскуыйы авиацион институты, бинонтæ скæнын ын бантыст æмæ йын хорз сывæллæттæ баззад, фæлæ йæхæдæг æнæрæстæджы ацыд йе ‘нусон бæстæм.

Андрей (Джуджукк) та… Падо ахæм адæймаг уыдис æмæ йæхæдæг цыфæнды зын уавæры бахаудаид, уæддæр адæмы тыххæй йæ удыл никуы ауæрста.

1941 азы Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Джуджуккыл 18 азы дæр нæма сæххæст, афтæмæй ацыд Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ. Падойæн йæ бон уыдис æмæ ма ауагътаид лæппуйы, фæлæ нæдæр Падо, нæдæр лæппу ахæм хъуыды сæ сæрмæ нæ бахастой. Æмæ ацыд Джуджукк, ахаста йæ фыды фæстаг ахъæбысы хъарм. Хæстæй ма бæргæ ныффыста йæ фыдмæ, зæгъгæ дæрæн кæнæм фашистты. Ма мæт кæн, баба, æз ницы кæндзынæн…Фæлæ фæмæнг йæ ныхас. 1942 азы октябры мæйы Сталинграды сæрыл тохы фæмард, хъæбулы ад кæмæй базыдта Падо, уыцы фыццаг фырт.

1941 азы, куыддæр хæст райдыдта, афтæ Сталиниры баконд æрцыд госпиталь. Партийы обкомы уынаффæмæ гæсгæ госпиталы хистæрæй Падойы баурæдтой. Уыйæмрæстæджы æххæст кодта областон рынчындоны сæйраг дохтыр æмæ сæйраг хирургы хæстæ дæр. Иу чысыл рæстæг дæр ын нæ уыдис улæфынæн – куыд экстренон дохтыр, æхсæв уыд æви бон, цæттæ хъуамæ уыдаид æххуысмæ.

Падойы цардыл бирæ ис дзурæн. Æрмæст уый дæр кæуылты кад æмæ æгъдау у æмæ æрдæг æнусы бæрц кæй фæкуыста хирургæй æмæ иунæг хатт дæр йæ къухмæ бахауæг рынчынтæй кæй ничи фæзиан. Цы мингай адæймæгтæн сарæзта операцитæ, уыдон сæ хæдзæрттæм здæхтысты æнæнизæй. Ацы дæсныйад ын ӕвæццæгæн, уыдис Хуыцауæй лæвæрд.

Фæлæ Хуыцау дæр иуæй-иу хатт раст нæ фæкæны. Цас зындзинæдтæ бавзæрста Падо, удырыстæй зæгъай, зынцæрдтытæ, йæ адæмæн цас хорздзинæдты бацыд æмæ йæ зæрыбоныл куырмæй сæмбæлд – бакуырм æмæ йын ницы хос ссардæуыд. Батади йæ цæсты рухс, алцы зыдта æмæ ницы уыдта, – адæймагæн æппæтæй зындæр æфхæрд. Уый ахæм дæсны дохтыр уыдис æмæ иу симптомтæм гæсгæ дæр диагноз сæвæрдта. Падойы ном хъуыстгонд уыдис канд æнæхъæн Ирыстоныл нæ, фæлæ ма уымæй æддæдæр бæстæты. Кадæй цух нæ уыди – нæдæр хицауады æмæ нæдæр адæмы ‘рдыгæй. Чи йын сæ фæнымайдзæнис, уый куыд бирæ паддзахадон хорзæхтæ, майдантæ, орденты хицау уыд. ССР Цæдисы Гуырдзыстоны сгуыхт дохтыры ном дæр ын уыд æмæ сгуыхт хирургы ном дæр. Цыфæнды стырдæр хорзæхтæ дæр æм æмбæлд, уымæн æмæ Падойы цард æмæ архайд таурæгъау у, кæцы нын амоны – цæр æмæ архай дæ адæмы хæрзæбонæн, йæ рæсугъд фидæнæн.

Адæймаг цас фылдæр кад кæна йæ фыдæлтæн, йæ адæмæн, уыйас фылдæр цæвиттон дæтдзæнис нæ кæстæртæн, нæ ног фæлтæрæн.

Хорз уаит нæ горæты уынгтæй иу Падойы ном куы хæссид. Уый аккаг у. Кæнæ йæ хæдзары къулыл мемориалон фæйнæг сæвæрын, гъе та йæ номыл куы уаид нæ Республикон рынчындон.

Цард ирвæзынæн автоматæй архайы лæг æви скалпелæй, цы хъауджы дзы ис. Сæ иу дæр хъайтар у æмæ се ‘ннæ дæр. Йæ райгуырæн бæстæйæн æнувыдæй чи фæлæууа уырдыг, уыдонæн, ахæм адæмæн ферохгæнæн нæй.

ГÆБÆРАТЫ Катя

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.