Дæргъвæтин у йæ фæндаг Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайæн, уыцы фæндаг та йемыдзаг уыд бирæ цымыдисон цаутæй кæстæрты ахуыр-хъомыладон арфæйаг куысты. Зæгъын уал хъæуы фыццаджыдæр ахуыргæнджыты тыххæй, уыд дзы, æппæт йе ‘мбаргæ цард кæстæрты ахуыр æмæ хæрзæгъдауы хъуыддагæн чи не ‘вгъау кодта, ахæм фæлтæрд æмæ сгуыхт ахуыргæнджытæ. Уый та бæрæг у уымæй дæр, æмæ йæ рауагъдонтæй бирæтæ кæй систы зынгæ адæймæгтæ æмæ сæ аккаг хайбавæрд бахастой адæмон хæдзарады алы къабæзты, сæ лæггады хай кодтой æмæ абоны бон дæр кæнынц канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма уымæн æддейæ дæр. Сæ хæрзиуæгон архайд æмæ куыстæй сын райгонд сты алы кары æмбæстæгтæ æмæ уый та у стыр хæрзиуæг ацы ахуыргæнæн уагдонæн.

   Скъола цалдæр азы размæ банысан кодта йæ сæдæ азы юбилей. Ныр та, 2019-20-æм ахуыры азы рауагъдонтæн у 80-азон юбилей æмæ йæ скъолайы коллектив банысан кодта кадджын уавæры. Мадзалы хайад райстой скъолайы раздæры ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, хъæуы цæрджытæ, раздæры рауагъдонтæ, уазджытæ. Ирон тырысаимæ æрбахызтысты рауагъдонтæ, айзæлыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæ. Скъолайы рауагъдонты номыл хъуыстысты арфæйы ныхæстæ, музыкæйы æхцон зæлтæ, уагдоны директор Тыбылты Олег, ахуыры хайады сæргълæууæг Мæргъиты Нелли, сæ къласгæс Бекъойты Индирæ, райдиан кълæсты сæ фыццаг ахуыргæнæг Гаглойты Тамилæ, скъолайы раздæры директор Хуыбиаты Зоя æмæ æндæртæн сæ бафæндыд, цæмæй царды цы уæрæх фæндагмæ бахызтысты, ууыл цæуой ныфсджынæй, уарзон скъолайы кад дæлæмæ макуы æруадзой.

Ацы ахуыргæнæн уагдоны 1972 азы рауагъдон Гуыззыдтаты Этери бирæ хъарм ныхæстæ загъта абоны  æмæ сомбоны цардаразджытæн, кæддæриддæр ныфсджынæй царды бæрзонд къæпхæнтыл хизын цы фæразой, уыцы арфæтæ сын бауарзта йæ цæст. Скъолакастфæуджытæн ма раарфæ кодтой районы адæмон ахуырады хайады сæргълæууæг Лолоты Барис, районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Бибылты Валери, Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан æмæ æндæртæ.

 Сæхи рады фæстæ нæ фæлæууыдысты рауагъдонтæ сæхæдæг дæр, сæ ахуыргæнджыты номыл æрвыстой хъарм ныхæстæ, сæххæст кодтой цалдæр кафт æмæ зарæджы.Уый фæстæ 11-æм къласонтæн азæлыд фæстаг дзæнгæрæг. Тедеты Вадим йæ хъæбысмæ систа фыццагкъласон Бигъуылаты Настяйы æмæ азæлыдысты сомбоны цардмæ сидæг дзæнгæрæджы зæлтæ. Амондджынæй йыл цæуæд!

                                                         ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.