2020 азы 22 майы «Коронавирусон инфекци COVID-19 ма апарахат кæныны фæдыл мадзæлттæ райсыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны №34 Уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

2020 азы 11 июны «1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 75 азы сæххæсты æмæ 1945 азы 24 июны Уæлахизы парады цытæн» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №102 Барамынд æххæст кæнгæйæ æмæ 2020 азы июны мæйы бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн мадзæлттæ ауадзыны нысанæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад уынаффæ кæны:

1. 2020 азы 22  майы «Коронавирусон инфекци COVID-19 ма апарахат кæныны фæдыл мадзæлттæ райсыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны №34 Уынаффæмæ хаст æрцæуæд ахæм ивындзинæдтæ:

а) 12 пункт йæ тыхы мауал уæд;

б) баххæст æрцæуд 14.1 пунктæй ахæм хуызы:

«14.1 Фидар æрцæуд, ацы Уынаффæйы 5-æм пункты нормæтæ парахат кæй  нæ цæуынц культурон-дзыллæйон мадзæлттыл, кæцытæ уагъд цæуынц 2020 азы 17 июнæй 24 июнмæ.

2. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

г. Цхинвал

2020 азы 16 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.