Къуайсайы астæуккаг скъолайы дæр ауагъдæуыд фæстаг дзæнгæрæг. Скъола сæ фидæны рæсугъд цардмæ афæндараст кодта 7 рауагъдоны. Бæрæгбонон мадзалмæ хуынд æрцыдысты Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæзаты Геннади, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Дзауы районы финансон хайады гæс Нартыхты Полинæ, Дзауы районы ахуырады хайады методист Бестауты Джульеттæ. Цытджын мадзал байгом кодтой мадзаламонджытæ, скъолайы 9-æм æмæ 10 кълæсты ахуыргæнинæгтæ Багаты Динæ æмæ Гæджиты Лаурæ. Уыдон æрæмбырдуæвджытæн загътой арфæйы ныхæстæ æмæ сценæмæ рахуыдтой  рауагъдонты. Айзæлыдысты ирон зæрдæмæхъаргæ музыкæйы зæлтæ æмæ рауагъдонтæ аив сæххæст кодтой ирон традицион кафт «Симд». Уый фæстæ айзæлыд ирон гимн.

Рауагъдонтæ загътой арфæйы ныхæстæ, скъолайы азты дæргъы сæ фарсмæ ныййарджытау цы ахуыргæнджытæ лæууыдысты æмæ сæ ахуыры бæрзæндтæм тырнынмæ чи разæнгард кодта, уыдонæн. Радзырдтой сын æмдзæвгæтæ дæр, бирæ азты сын фæразон æмæ аудгæйæ кæй лæггад кодтой, уый тыххæй.

Дарддæр мадзалы уазджытæ ракодтой зæрдиаг арфæтæ рауагъдонтæн, сæ цæст сын бауарзта рæсугъд фидæн, царды бæрзæндтæм тырнындзинад æмæ сыгъдæг арвы бын амондджын царды фæндиæгтæ. РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь рауагъдонтæн радта æхцайы премитæ æмæ дидинджытæ, Дзауы районы финансон хайады гæс Нартыхты Полинæ районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрейы номæй скъола-йæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

Рауагъдонтæн ма раарфæ кодтой скъолайы директор Хуыгаты Суликъо, ахуыры хайады гæс Джиоты Роберт, ныййарджыты номæй та арфæйы ныхæстæ загъта Æлборты Азæ.

Традицион нормæтæм гæсгæ скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт чи бахызт æмæ йæ фидæны цардмæ фыццаг къахдзæф чи бакодта, уыцы фыццагкъласонтæ аив фæлыстæй, хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ рауагъдонтæн радзырдтой бæрæгбонон æмдзæвгæтæ, бакодтой сын зæрдылдарæн лæвæрттæ. Сæхи рады рауагъдонтæ дæр фыццагкъласонтæн балæвар кодтой лæвæртты пакеттæ æмæ сын загътой фæдзæхстытæ, цæмæй ахуырмæ дарой сæ хъус, тырной хорз æнтыстытæм æмæ уой фæзминаг кæстæртæ.

11 ахуыры азы дæргъы скъолайы рауагъдонтæ истой хайад алыгъуызон мадзæлтты, уыдис сын æнтыстытæ дæр. Уыдон фæдыл сын лæвæрд æрцыдысты алыгъуызон хорзæхтæ. Наниты Миленæ скъола каст фæцис иунæг хорз нысанимæ, иннæ нысæнттæ йын уыдысты иттæг хорзтæ. Хайад райста республикæйы уагъдцæуæг олимпиадæты æмæ ныр хорзæхджын æрцыд I-аг къæпхæны дипломæй  химийы предметæй, цалдæр предметтæй та райста II-аг къæпхæны дипломтæ.

Рауагъдонты цытæн фæстаг дзæнгæрæджы мадзал бацæттæ кодта организатор Хуыгаты Альбинæ, ахуыргæнджытæ Багаты Фатимæ, Цхуырбаты Олеся, Хуыгаты Дзерассæ æмæ Цхуырбаты Аринæйы æххуысæй.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.