Коронавирусы пандемийы аххосæй кæд сæ авналæнтæ сæхи фæндиаг нæ уыдысты, уæддæр куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр сæ рауагъдонтæн бæрæгбонон мадзал бацæттæ кодтой Цъинагары астæуккаг скъолайы коллектив сæ директор Гуссойты Ласко æмæ организатор Хуыбылты Ленæйы сæргълæудæй. 17 июны Цъинагары Культурæйы хæдзар уыд бæрæгбонвæлыст, хъуыстысты дзы музыкæйы æхцон зæлтæ. Уыцы бон уым фæстаг дзæнгæрæг айзæлыд 5 рауагъдонæн.  Цытджын линейкæ райдыдта 10 сахатыл. Рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ зæгъыны сæраппонд уырдæм фæуазæг сты Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы 1-аг хæдивæг Гæбæраты Сослан, Парламенты депутат Хуыбылты Илья, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ.

Мадзал байгом кодта скъолайы директор Гуссойты Ласко. Уый зæрдæбын арфтæ ракодта рауагъдонтæн, бафæндыд æй уыдонæн æнтыстытæ сæ дарддæры царды.   Арфæйы ныхæстæ сын загътой сæ фыццаг ахуыргæнæг Уалыты Зæлинæ æмæ сæ къласгæс Хуыбылты Ленæ. Мадзал амыдтой скъолайы ахуырдзаутæ Мæргъиты Альбинæ æмæ Джиголаты Аннæ.

Райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæ бакастысты æмдзæвгæтæ.   Рауагъдонтæ дæр бузныджы ныхæстæ дзырдтой уал азы дæргъы сын æнæвгъау сæ зонындзинæдтæ чи амыдтой, уыцы ахуыргæнджытæн.

Мадзалы кæрон рауагъдонтæ æмæ æрæмбырдуæвджытæ иумæ акафыдысты ирон национ кафт «Симд». Уый фæстæ айхъуыст фæстаг дзæнгæрæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.