Нӕ горӕты 5-ӕм астӕуккаг скъолайы къӕсӕрӕй ацы аз рахызтис 64 рауагъдоны. Бирӕ рӕсугъд ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ райстой, сӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ се ‘ввахс адӕймӕгтӕй ацы бон. Цытджын мадзалмӕ сӕм фӕуазӕг сты нӕ республикӕйы Хицауады Сӕрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Парламенты депутаттӕ Санахъоты Давид ӕмӕ Гаглойты Алан. Уазджыты нымӕцы ма уыдысты РХИ-йы компартийы минӕвӕрттӕ Дзукъаты Аллӕ, Тасойты Лианӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон адӕймӕгтӕ дӕр.

Мадзал арфӕйы ныхӕстимӕ байгом кодта скъолайы хъомылады фарстыты фӕдыл директоры хӕдивӕг Тедеты Ноннӕ. Уый ӕрӕмбырдуӕвджыты размӕ рахуыдта рауагъдонты. Цытджын ӕгъдауӕй фӕстаг дзӕнгӕрӕджы бон мадзал саив кодта нӕ паддзахадон тырыса, айзӕлыдысты паддзахадон гимны зӕлтӕ.

Уый фӕстӕ рауагъдонтӕн арфӕйы ныхӕстӕ ракодта скъолайы директор Туаты Мадинӕ. Ацы нысаниуӕгджын бон скъолайы рауагьдонтӕн ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджытӕн дӕр йӕ цӕст бауарзта царды хӕрзиуджытӕ, ӕнтыстытӕ. Уый банысан кодта, ацы бон кӕй у цины бон, фӕлӕ уыцы иурӕстӕджы та ӕнкъардхӕссӕг дӕр, уымӕн ӕмӕ кӕрæдзийӕ хицӕн кӕнынц.

«Мӕн фидарӕй уырны, цы фӕндӕгтӕ равзӕрстат, уыдоныл кӕй цӕудзыстут фидарӕй, ныфсджынӕй, уымӕн ӕмӕ иуӕндӕс азы дӕргъы уемӕ куыстой иттӕг хорз ахуыргӕнджытӕ, сӕ зонындзинӕдтӕ уын ӕнӕвгъауӕй дӕтгӕйӕ. Сымахмӕ ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕмӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы стыр ӕнтыстытӕ уӕ фидӕны ахуыры ӕмӕ царды. Уӕ дарддӕры царды та кӕд искуы зындзинӕдтыл ӕмбӕлат, уӕддӕр-иу сыл уӕлахиз кӕнут кӕддӕриддӕр. Сымах стут нӕ республикӕйы фидӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕбынӕй фӕнды, цӕмӕй уат нӕ адӕм ӕмӕ нӕ республикӕйы аккаг фӕдонтӕ. Арфӕгонд ут, мӕ зынаргъ рауагъдонтӕ», – загыа йӕ ныхасы кӕрон скъолайы директор.

Уый фӕстӕ рауагъдонтӕн раарфӕ кодтой сӕ фыццаг ахуыргӕнджытӕ – Пли­ты Ингӕ, Гасситы Мадинӕ ӕмӕ Багаты Залинӕ. Уыдон стыр цины ӕнкъарӕнтимӕ ӕрдзырдтой рауагъдонтӕн сӕ ахуыры азты тыххӕй. Дзырдтой, кӕй сӕ уырны, ӕцӕг адӕймӕгтӕй кӕй басгуыхдзысты ӕмӕ сын сӕ цӕст бауарзта ӕнӕниздзинад, стыр ӕнтыстытӕ сӕ дарддӕры царды. Уыдон ма зӕрдӕбын арфӕтӕ ракодтой рауагъдонты ныййарджытӕн. Уымӕн ӕмӕ уал азы дӕргъы ахуыргӕнджытимӕ иумӕ ӕмдзу кодтой сӕ ахуы­ры ӕмӕ сӕ хъомылады фарстыты дӕр.

Ахуыргæнджыты номæй рауагъдонтæн раарфæ кодта скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Сиукъаты Иннæ. Рауагъдонтæн бирæ рæсугъд æмæ хъарм ныхæстæ загъта РХИ-йы адæмон ахуыргæнæг, Парламенты депутат Уалыты Розæ дæр. Йæ раныхасы уый банысан кодта фæстаг дзæнгæрæг канд скъолайæн хæрзбон зæгъын нæу, фæлæ хъомыл цардмæ æрсидт. «Æмæ мæ фæнды, уый та, цæмæй сымахæй алкæмæн дæр суа æнцон æмæ цымыдисон цард. Афтæ кæй уыдзæн, ууыл та æз дызæрдыг нæ кæнын, уымæн æмæ 11 азы дæргъы сымах равдыстат уе ‘гъдау, уæ ахуырфæразондзинад. Бузныг уæ ныййарджытæн дæр, кæцытæ кæддæриддæр уыдысты куыд сымах, афтæ мах хæлæрттæ æмæ ныфс дæр. Рæсугъд  æмæ арфæйаг уæд уæ сомбон», – загъта Уалыты Розæ.

Ацы цытджын бон, бирæ рæсугъд æмæ арфæйы ныхæстæ бауарзта йæ цæст рауагъдонтæн РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикæн. Бафæндыдис æй уыдонæн стыр æнтыстытæ сæ сомбоны царды. Йæ фæдзæхст уыд зонындзинæдтæн кæй ис стыр тых сæ царды размæцыды. «Уый та æнæмæнг банкъардзыстут царды размæ цæугæйæ æмæ уый тыххæй та хъæуы дарддæр ахуыры бæрзæндтæм цæуын æмæ уын зæгъын фæндараст, – загъта йæ ныхасы кæрон Пухаты Эрик.

Цины æнкъарæнтимæ раарфæ кодта рауагъдонтæн ацы скъолайы раздæры рауагъдон, Парламенты депутат Санахъоты Давид дæр.

– Нæ зынаргъ рауагъдонтæ, кæддæр уæ бынаты уыдтæн æз дæр. Æмæ нын рæсугъд æмæ амондджын цардмæ та фæндаг байгом кодтой нæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Фæлæ, уæддæр адæймаг йæхæдæг вæййы сæйраг. Хъуамæ спайда кæнай дæ зонындзинæдтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæ разы ис бирæ фæндæгтæ æмæ мæ фæнды, цæмæй сыл цæуат æнæкъуылымпыйæ, зæрдæрухсæй.

Рауагъдонтæн РХИ-йы коммунистон партийы номæй раарфæ кодта Дзукъаты Аллæ. Йæ цæст сын бауарзта, цæмæй сæ дарддæры цард суа æрттивгæ стъалыйау.

Иуæндæс азы  дæргъы æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæн сæ зонындзинæдтæ чи не ‘вгъау кодта æмæ сæ ахуыры фæндагыл чи лæууын кодта, уыцы ахуыргæнджытæн ныййарджыты номæй раарфæ кодтой Гаглойты Мадинæ, Битеты Сергей æмæ Наниты Асиат.

Дунеон хыгъдон бангы сæргълæууæг Вадим Шадян стыр лæвæрттæ æмæ арфæйы ныхæстимæ фæуазæг ацы скъолайы рауагъдонтæм.

– Нæ зынаргъ рауагъдонтæ, сымахæн абон у фæстаг дзæн-гæрæджы æнæферохкæнинаг бон æмæ уе ‘ппæт дæр арфæгонд ут, уе ‘взонг царды ахсджиаг къах-дзæф кæй аразут, уый тыххæй. Абон сы-махæн бирæтæ арфæ кæнынц, цæмæй уæ царды ахс-джиаг бынат æрцахсат. Фæлæ, сæйраг, уæддæр у адæймагдзинад æмæ уæ уый рох макуы кæнæт, – бафæдзæхста сæ йæ раныхасы Вадим Шадян. Уый фæстæ рауагъдонтæй мад, кæнæ фыдæй сидзæрæй чи схъомыл, уыдонæн балæвар кодта фæйнæ 15 мин сомы.

Уый фæстæ рауагъдонтæ хорзæхджын æрцыдысты грамотæтæ æмæ дипломтæй.

Рауагъдонтæн музыкалон номыр балæвар кодта скъолайы ансамбль «Мидбылхудт».

Кæронбæттæны 64 рауагъдоны сæхæдæг дæр сæххæст кодтой нæртон «Симд».

Уæдæ, фæндараст фæут, 2020 азы рауагъдонтæ. Уæ цард та рæсугъд æмæ амондджын уæт!

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.