Дзауы районы скъоладзау фæсивæдæн дæр знон уыдис фæстаг дзæнгæрæджы бон. 43 рауагъдоны хæрзбон кодтой сæ уарзон скъолатæн. Æвзонг чызджытæ æмæ лæппуты традицимæ гæсгæ цардмæ фæндараст кодтой скъолайы ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ районы цæрджытæ.

Фæстаг дзæнгæрæг цытджын æгъдауæй айзæлыд Дзауы скъола-интернаты рауагъдонтæн дæр. Уый уыдис интернатæн йæ 53-æм рауагъд. Ацы скъолайæн хæрзбон кодтой фондз рауагъдоны. Уыдон сæ бæрæгбонмæ æрбацыдысты скъолайон дарæсы дидинджытимæ, кæцыты арфæтимæ балæвар кодтой сæ уарзон ахуыргæнджытæн. Æвзонг фæлтæрæн сæ цæсгæмттыл бæрæгæй зындысты цины æмæ уыимæ æрхæндæджы æнкъарæнтæ дæр. Цытджын мадзалмæ сæм фæуазæг сты районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей йæ хæдивджытимæ, райадминистрацийы ахуыры хайады гæс Битеты Мария æмæ РХИ-йы Парламенты депутат Дзауы районæй Худжиты Руслан.

Скъолайы актон залы музыкæйы æхцон зæлтимæ рауагъдонтыл æмбæлдысты бæрæгбоны уазджытæ. Рауагъдонтæн фыццаг арфæ ракодта скъолайы директор Галуанты Залинæ æмæ банысан кодта, семæ кусгæйæ,   фæстейæ кæй баззадысты иуæндæс азы. Директоры цæст æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæн бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ цæмæй суой нæ республикæйы сомбоны дæсны специалисттæ. Зæрдиаг арфæ-ты фæстæ ма сæ схорзæхджын кодта грамотæтæй дæр.

Зæрдиаг арфæтимæ рауагъдонты фæн-дараст кодта сæ къласгæс Мурадаты Фати-мæ. Уый, фыццаджыдæр, сывæллæтты ныффæдзæхста, цæмæй абон куыд сыгъдæг æмæ зæрдæхæлар сты, афтæ уой сæ дарддæры царды дæр. «Царды бæрзæнд-тæм куы хизат, уæд-иу уæ зæрдыл дарут ахæм хъуыддаг, цæмæй уæ фарсмæ чи уа, уыдоны макуы фесхойат, фæлæ-иу сæ фарсмæ балæууат. Ноджы ма мæ фæнды зæгъын уый, æмæ сомбон сымах кæй бамбардзыстут, ахуыргæнджытæ уын цы нысæнттæ æвæрдтой, уыдоны нысаниуæг æмæ сын аргъ кæндзыстут. Абон махæн не ‘ппæты арфæтæ дæр сты сымах адресыл. Ахуыргæнджыты дæр æмæ уæ ныййарджыты дæр фæнды, цæмæй царды уæхи ссарат, хорз сахуыр кæнат æмæ уæ рацæуа хорз адæймæгтæ. Уый у сæйраг», – загъта Мурадаты Фатимæ.

Рауагъдонтæн хорз фæндиæгтимæ арфæ кæнынмæ сценæмæ кæрæдзи ивгæйæ, хызтысты кæстæр æмæ хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Сæрмагондæй сын музыкалон арфæ ракодтой фыццагкъласонтæ æмæ уый фæстæ рауагъдонтæн бахастой дидинджыты букеттæ. Фыццагкъласонтæ сæхæдæг дæр райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Фæстаг дзæнгæрæджы боны цытæн ма нæ буц рауагъдонтæн арфæ ракодтой Джиоты Андрей, Битеты Мария æмæ æндæртæ.

Иуæндæс азы дæргъы æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæн сæ зонындзинæдтæ чи нæ æвгъау кодта æмæ сæ ахуыры фæндагыл чи лæууын кодта, уыцы ахуыргæнджытæн бузныджы ныхæстæ загътой рауагъдонтæ сæхæдæг дæр æмæ ныййарджытæ дæр. Рауагъдонтæ ныфс æвæрдтой, се скъолайы æмæ республикæйы кад дæлæмæ кæй не ‘руаддзысты.

Мадзалы кæрон рауагъдонтæн айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг æмæ уый фæстæ зæрдылдарынæн ахуыргæнджытимæ истой сæ къамтæ.

Ацы аз 75 азы кæй сæххæст Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизыл, уымæ гæсгæ рауагъдонтæ сæ ахуыргæнджытимæ развæлгъау сплан кодтой, цæмæй экскурси саразой æмæ дидинджытæ сæвæрой Тъонтъобеты хъæуккаг – Советон Цæдисы Хъайтар Хъоцыты Къостайы цырты раз.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.