Знон Цхинвалы скъола – интернаты фæстаг дзæнгæрæджы хайадисджытæ уыдысты аст рауагъдоны. Уыдонæй сæ æмкъласонты рæгъы ралæууыдысты æнæххæст ахуырад райсыны фæстæ колледжы сæрмагонд дæсныйад райсыны охыл чи ахуыр кæны, ахæм дыууæ ахуыргæнинаджы.

Скъола-интернаты директор Тедеты Роланды ныхæстæм гæсгæ уыдон ахуыргæнинæгты разæнгард кæнынц хъæуæг професси равзарыныл, кæцы сын ахъаз уыдзæн сæ дарддæры царды.  Иумиагӕй сисгӕйӕ ацы ахуырадон уагдоны ахуыр кӕны 208 ахуыргӕнинаджы. Республикӕйы карантины уавӕртӕ конд кӕй ис, уый куыд бандӕвта скъолайы ахуыр-хъомылады хъуыддагыл, уый фӕдыл нын афтæ радзырдта, зӕгъгӕ, интернат дӕр рахызт дистанцион ахуыры процессмӕ.

Бирæ сывæллæттæ ифтонг нæ уыдысты нырыккон информацион технологихæссæг ифтонггæрзтæй. Уыцы хъуыддаджы сæ фарсмæ балæууыдысты нæ горæты Националон бангы къухдариуæгад, кæцы хъомылгæнинæгтæн самал кодтой 19 мобилон телефонтæ æмæ бастдзинады компани Мегафон та сæ ифтонг кодта æнæаргъ интернетæй бæрæг рæстæг.

Сидзæр сывæллæттæ-рауагъдонтæ – Хуыгаты Миланæ æмæ Лолоты Кристинæйæн та финансон æххуыс бакодта Дунеон хыгъдон банчы сæргълæууæг Вадим Шадян. Фыссæг Чехойты Оля йæ сфæлдыстады тыххæй цы преми райста Къостайы номыл, уый байуæрста интернаты сидзæр хъомылгæнинæгтыл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы ахуырадон уагдон кæд интернат у, уæддæр карантины рæстæджы ахуыргæнинæгтæ уыдысты сæ хæдзæртты, гъе та сæ хиуæттæм. Уыдис ма дзы иу ахуыргæнинаг – Зассеты Радион, уымæн йæ мадæн ист сты ныййарæджы бартæ, фыд та ацæргæ у. Кусджыты хæрзвадатæн ацы сывæллоны йæхимæ карантины рæстæг акодта скъолайы организатор Харебаты Маринæ.

Скъола-интернаты къухдариуæгады лæмбынæг хъусдарды бын сты йæ хъомылгæнинæгтæ алыварсонæй. Бирæтæн дзы ис банчы æфснайæн картæтæ. Уыдонмæ сæ хъус дарынц, сæ интерестæ сын хъахъхъæнынц, цæмæй уыцы фæрæзтæ дзæгъæлы хардз ма цæуой.

Директоры ныхæстæм гæсгæ ма скъолайы ахуыргæнинæгтæй æртæйы, царды дарддæры раст фæндагыл слæууын кæныны охыл акодта Цæгат Ирыстоны Паддзахадон исад æмæ зæххон ресурсты фæдыл министр Тедеты Руслан.

Интернаты къухдариуæгад архайы йæ алы рауагъдоны дæр йæ дарддæры ахуыры раст фæндагыл бафтауынмæ, æмбæлон уæлдæр ахуырад райсынмæ. Рауагъдонтæй иуæй иутæн нæ вæййы кæдæм ацæуой, уый, ома сын нæй цæрæн хæдзæрттæ. Ацы хъуыддаджы дæр хицауады ‘рдыгæй ис æмбаргæ ахаст – аивгъуыйгæ аз фæстаг дзæнгæрæджы рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли интернаты рауагъдон Гæбæраты Иринæйæн балæвар кодта фатер. Уый фæстæ ма хисæрмагонд фатерты хицæуттæ баисты интернаты раздæры цыппар рауагъдоны.

Фæстаг дзæнгæрæг

Ацы нысаниуæгджын æмæ зæрдылдаринаг бонмæ сæхи бацæттæ кодтой æрмæст рауагъдонтæ нæ, фæлæ скъолайы къухдариуæгад æмæ йæ раздæры рауагъдонтæ дæр. Бæрæгбонвæлыст залмæ цытджын уавæрты бахуыдтой интернаты рауагъдонты. Уый хæдразмæ сæ номыл æвдыст цыд чысыл видео архив сæ скъолайон цардæй.

Рауагъдонты номыл кастысты аив æмæ зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ, зарыдысты зарджытæ… Рауагъдонтæ сæхæдæг дæр зæрдиаг арфæтæ кодтой скъолайы директорæн, ахуырады хайады сæргълæууæгæн, ахуыргæнджытæн. Бакодтой сын зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.

Скъола-интернаты директор Тедеты Роланд йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, бæрæгбонтæ бирæ сты, фæлæ дзы уæддæр сæрмагонд бынат ис «фæстаг дзæнгæрæгæн». Рауагъдонтæм ахасты уый ноджыдæр дзырдта, иуæндæс азы кæй атахтысты афтæ, æмæ сæ хатгæ дæр нæ фæкодтам.

«Ацы хъомылгæнинæгтæ интернаты къæсæрæй æрбахызтысты ОАО «Уæрæсейы æфсæнвæндæгтæ» æмæ Уæрæсейы Националон кады центримæ иумæ, ацы бæстыхай капиталон цалцæг куы скодтой, уæд. Æмæ уæдæй абонмæ сымахæн зæрдæхæларæй сæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй лæвæрдтой ахуыргæнджытæ, цæмæй сымах суат бæстæйæн хорз æмæ ахуыр æмбæстæгтæ», – дзырдта уый. Йæ цæст ма бауарзта рауагъдонтæн амондджын цард, бирæ æнæниздзинад æмæ не ‘хсæнады аккаг адæм суæвын. Разæй уæм, зæгъгæ, æнхъæлмæ кæсы ног цард, уым уæхæдæг дзуапп кæндзыстут уæ архайдтытæн æмæ мæ ныфс ис, кæй слæудзыстут раст æмæ рæсугъд фæндагыл. Ныфс ма бавæрдта, кæй суыдзысты ахуыр, æгъдауджын, æнтыстджын æмæ мах сæрыстыр кæмæй уыдзыстæм, ахæм фæлтæр, æмæ аккаг бынат кæй ссардзысты не ‘взонг паддзахады царды.

Директор бахатыд рауагъдонтæм, цæмæй ма ферох кæной интернаты, æрбацæуой-иу æмæ ахуыргæнджытимæ иумæ дих кæной сæ царды æнтыстытæ.

Бæрæгбонон арфæтæ ма ацы бон рауагъдонтæ райстой нæ республикæйы Парламенты Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæргълæууæг Бибылты Ацæмæз, Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Гатыгкоты Валентинæ æмæ Ахуырады министрады минæвар Гаглойты Розæйæ.

Айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг скъола-интернаты рауагъдонты номыл дæр. Рауагъдонтæй алкæй цæсгомыл дæр иуæй райдзаст мидбылхудт уыд, сæ дарддæры царды кæй аныгъуылдзысты, иннæмæй та æнкъард кодтой, кæй иппæрд кæнынц сæ уарзон скъолайæ. 

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.