23-æм марты Тедеты Георгийы номыл нæ горæты 1-æм музыкалон скъолайы уагъд æрцыд цымыдисон концерт, кæцы баст уыд уагдоныл 90 азы сæххæсты бонимæ. Пандемийы аххосæй скъолайы уагъд нал æрцыдысты академион концерттæ, фæлæ ныр уавæр фæхуыздæр æмæ та бацæттæ кодтой концерт. Мадзалмæ æрбацыдысты Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, йæ хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Лолоты Жаннæ, ацы администрацийы культурæ æмæ спорты фæдыл управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Цхуырбаты Полинæ, скъолайы коллектив, сывæллæтты ныййарджытæ.

«Абон не скъолайæн у нысаниуæгджын бон. Куыд зонут, афтæмæй дæргъвæтин азты дæргъы æвзонг фæлтæры академион музыкалон ахуырады къабазы хъомыл кæнын 1-æм музыкалон скъолайы коллективæн у ахсджиагдæр хæстæй сæ иу. Уымæ гæсгæ нын тынг æхсызгон у, концерттæ уадзын кæй райдыдтам, уый. Фыццаг хатт не скъола æвзонг курдиæттæн йæ дуæрттæ æрбайгом кодта 1931 азы. Абон не скъола нысан кæны йæ 90 азы юбилей. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæвзæргæ уавæры уагдоны дирекци æмæ коллективæн йæ бон не ссис юбилей уæрæх масштабты банысан кæнын. Фæлæ уæддæр мах, бæрндзинад æнкъаргæйæ, бацæттæ кодтам юбилейон концерт», – банысан кодта мадзаламонæг Котолиты Тамарæ.

Фыццаг уал сценæйыл ралæууыдысты скъолайы кæстæр хоры хайадисджытæ. Уыдон сæххæст кодтой цалдæр зарæджы. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджыты раз сæ арæхстдзинад равдыстой скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Сценæйæ хъуыстысты Бетховен, Моцарт, Книппер, Хæбæлаты Зинæ æмæ æндæр композиторты уацмыстæ. Сæ номыртæ уæлдай хуыздæр сæххæст кодтой   Цхуырбаты Виктория, Джиголаты Мария, Дзæгъиаты Мальвинæ, Бабаты Димитр, Хаситы Ланæ, Гæззаты Владимир, Къæбулты Янæ, Гасситы Нинæ, Тæтæрбиты Виктория æмæ æндæртæ. Сæ номыр хорз сæххæст кодтой Наниты Нинæ, Гуыбеты Виктория, Гæззаты Эмилия. Уыдон иумæ азарыдысты зарæг «Красавица Аленушка». Зарæг «Милая мама» тынг хорз азарыд Уалыты Виктория. Зарæг «Матерям погибших героев» сæххæст кодтой академион вокалы ахуыргæнинæгтæ Гасситы Нинæ, Хаситы Линæ, Гæбæраты Дианæ æмæ Дзæгъиаты Альвинæ. Тынг хорз ма азарыд Гатыгкоты Линæ дæр.

Юбилейон концерты кæрон музыкалон скъолайы ахуыргæнджытæ сæххæст кодтой цалдæр номыры. Фортепианойы хайады ахуыргæнæг Пухаты Ланæ æмæ РХИ-йы Культурæйы сгуыхт архайæг Гæджиты Жаннæ пианинойыл ацагътой И.Брамсы «Венгерский танец». Харебаты Марта тынг хорз азарыд зарæг «В горнице моей светлой». Зенашвили Инга æмæ Плиты Мурат скрип-кæ æмæ фортепианойыл сæххæст кодтой романс. Концерты кæройнаг номыр уыд Плиты Мураты «Фантазия».

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта æмæ скъолайы коллективæн арфæйы ныхæстæ загъта Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. «Бузныг, ахæм концерт кæй бацæттæ кодтат, уый тыххæй. Ацы аз 9-æм майы Стыр Уæлахизы цытæн цы мадзал уагъд хъуамæ æрцæуа, уырдæм фæхондзыстæм, абон ацы мадзалы хæсты тыххæй зарджытæ чи сæххæст кодта, уыдоны», – загъта уый. Зассеты Жаннæ скъолайæн балæвар кодта ксерокс æмæ нотæты чингуытæ.

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.