Битеты Павелы номыл Цхинвалы 2-æм музыкалон скъолайы уыд хыгъдон академион концерт скрипкæйы æмæ фортепианойы кълæсты ахуыргæнинæгтæн сæ ахуыргæнджытæ — Котолиты Кетеван (скрипкæ) æмæ Тедеты Аленæ (фортепиано). Уыцы бон 2-æм музыкалон скъолайы актон залмæ æрбамбырд сты скъолайы ахуыргæнджытæ, сæ коллегæтæ, 1-æм музыкалон скъолайы ахуыргæнджытæ, дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ, сывæллæтты ныййарджытæ.

Хыгъдон концерт бацæуæн ныхасæй байгом кодта скрипкæйы къласы ахуыр-гæнæг Котолиты Кетеван.

«Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ! Махæн æхсызгон у, нæ концертмæ кæй æрбацыдыстут, уый. Абон уæ разы сæ арæхстдзинад равдисдзысты скрипкæ æмæ фортепианойы кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Гом академион концерт музыкалон скъолайы царды алыхатт дæр вæййы æхсызгон цау. Концертмæ лæмбынæг сæхи фæцæттæ кæнынц не скъолайы æппæт хайадты ахуырдзаутæ дæр. Уый размæ не скъолайæн цы хыгъдон концерттæ уыд, уым алыхатт нæ къухты не ’фтыд нæ ахуыргæнинæгты курдиат равдисын, уымæн æмæ-иу иутæ концерты сæ арæхстдзинад куы æвдыстой, уæд-иу инæттæ та фæсфæд аззадысты. Уымæ гæсгæ Аленæ Владимиры чызгимæ аскъуыддзаг кодтам, цæмæй бацæттæ кæнæм ахæм концерт, цыран хайад райсдзысты нæ ахуыргæнинæгтæ се ’ппæт дæр 1-7 къласы онг. Уыдон сæх-хæст кæндзысты ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг композиторты уацмыстæ. Ныфс нæ ис, нæ концерт уæ зæрдæмæ кæй фæцæудзæн, уымæй», — загъта уый.

Концерты рæстæджы ахуыргæни-нæгтæ тырныдтой сæ номыртæ хорз сæххæст кæнынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Концертон программæ байгом Гæздæнты Булаты «Дæ цæстытæ»-йæ. Сæххæст æй кодта Хъуылымбегты Мирæ. Æрæмбырд-уæвджыты раз ма сæ арæхстдзинад равдыстой Яралова Нинæ, Уалыты Аслан, Къæбулты Ликæ, Бикойты Анастасия, Гасситы Дианæ, Елбачиты Амандæ, Ефименко Людæ, Кокойты Дианæ, Абайты Нинæ, Зæгъойты Элинæ, Гæджиты Элинæ, Сиукъаты Зæринæ, Абайты Нинæ, Тедеты Олеся, Гочашвили Георги, Æлборты Светæ, Сиукъаты Зæринæ. Æрæмбырдуæвджыты зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыдысты, фортепиано æмæ скрипкæйы кълæсты ахуыргæнинæгтæ сæ ахъуыргæнджытæ Котолиты Кетеван æмæ Тедеты Аленæимæ иумæ цы номыртæ сæххæст кодтой, уыдон. Скрипкæ æмæ фортепианойы зæлтæ афтæ тынг бахъардтой сценæмæкæсджыты зæрдæтæм æмæ сын кодтой тыхджын къухæмдзæгъд.

Концерты кæрон æрæмбырдуæв-джытæн арфæйы ныхæстæ загъта 2-æм музыкалон скъолайы директор Æлборты Дианæ. «Хыгъдон концерттæ æвзонг музыканттæн фадат раттынц сæ зонындзинæдтæ равдисынæн. Не скъолайы хыгъдон концерттæ азы мидæг уагъд æрцæуы 2-3 хатты, ахуыргæнджытæ равдисынц сæ бакæнгæ куысты фæстиуджытæ, сæ хъомылгæнинæгты æнтыстытæ. Афтæ ма сын ахæм концерттæ бæрзонд кæнынц сæ зонындзинæдты æмвæзад дæр. 21-æм майы дæр уагъд æрцæудзæн хыгъдон концерт иннæ хайадты ахуырдзаутимæ. Ирон адæмы аккаг фырт Гергиты Валери сæрыстыр уаид уæ абоны концертæй», — загъта скъолайы директор.

Æлборты Дианæ ма банысан кодта, зæгъгæ, нæ ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ ныридæгæн сæхи цæттæ кæнын райдыдтой не скъолайы юбилейон концертмæ, кæцы уыдзæн ноябры 2-æм музыкалон скъолайы 35-азы сæххæсты боны цытæн.

Стыр Уæлахизы боны цытæн концерты кæрон ахуыргæнинæгтæ æмæ залы æрæмбырдуæвджытæ иумæ сæххæст кодтой хæстон зарджытæ «Катюша» æмæ «Смуглянка».

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.