Республикæ Хуссар Ирыстоны культурон царды та æрцыд радон æхсызгон цау. 3-æм октябры Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны актон залы ауагъдæуыд  дунеон оперæйы стъалы æмæ не ‘мбæстаг Джиоты Вероникæйы 2-æм дунеон музыкалон фестиваль «Звезда Алании». Ацы фестиваль ныр уагъд æрцыд дыккаг хатт. Фестивалы фæлгæтты цхинвайлаг сценæмæкæсджытæ ногæй фембæлдысты ахæм зындгонд музыканттæ æмæ зарæггæнджытимæ, куыд аивадзонынады уырыссаг академийы æмæ  музыкалон æххæсткæнынады академик, Прагæйы национ оперæйы солист Владимир Коваль; дунеон номимæ курдиатджын æвзонг музыкант, скрипач-виртуоз Михаил Симонян; Чехийы оперæ æмæ балеты  стъалы Лиана Сассимæ (Сомичева). Фестивалы ма хайад райстой ног æххæстгæнджытæ: вокалист Павел Янковский, пианисткæ -Татьяна Смыслова, уникалон хъæлæс «альтино» кæмæн ис, уыцы æвзонг вокалист Сланты Тимур. Курдиатджын музыкантты Джиоты Вероникæ куы фæхуыдта фестивалмæ, уæд нæ базивæг кодтой æмæ хайад райстой Хуссар Ирыстоны стыр сфæлдыстадон форумы.

РХИ-йы Культурæйы министрады информацимæ гæсгæ Цхинвалы фестиваль «Звезда Алании» ауагъд æрцыд Джиоты Вероникæйы архайды æмæ йæ коллегæтæ æмæ хæлæртты фæндонмæ гæсгæ, афтæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны культурон ведомствоты æмæ РХИ-йы Хицауады æмархайды руаджы дæр.

3-æм октябры музыкалон аивады æхсæнадæмон фестиваль «Звезда Алании»-йы гала-концерты размæ Стыр æмæ Мариинаг театрты æмæ Новосибирскы оперæйы солисткæ Джиоты Вероникæйæн пресс-центр «Спутник Южная Осетия»-ы фембæлд уыд журналисттимæ. Фестивалы сæйраг организатор радзырдта концерты программæйы тыххæй, афтæ ма журналистты базонгæ кодта йæ фидæны сфæлдыстадон плæнттимæ. Курдиатджын оперон зарæггæнæг банысан кодта, зæгъгæ, концерты программæ у алыгъуызон, сценæмæкæсæг байхъусдзæн бирæ аритæ æмæ романстæм, кæцыты сæххæст кæндзысты зындгонд музыканттæ. Уыдонæй бирæтæ Цхинвалмæ фыццаг хатт не ‘рцыдысты. «Ацы концерт ме ‘мтуг адæмæн у мæ лæвар. Хъæлдзæг рæстæг арвитдзысты концерты, уымæн æмæ мемæ Цхинвалмæ æрцыдысты дунеон масштабы курдиатджын музыканттæ», – загъта Джиоты Вероникæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уымæ гæсгæ кæд Хуссар Ирыстонмæ æнцон æрцæуæн нæу, уæд-дæр музыканттæ сразы сты цхинвайлаг сценæмæкæсджытæн æхцондзинад балæвар кæ-ныныл. Вероникæ ма загъта, зæгъгæ, фестиваль уадзыны идея йæхицæй рацыд, фæлæ зæгъ, цæмæй æрвылазон æмæ масштабондæр суа, уый тыххæй та хъæуы фарсхæцы-над. «Мæн тынг фæнды, цæмæй фестиваль суа æрвылазон. Фæлæ фестивалмæ уазджыты хоныны тыххæй хъæуы финанстæ, кæд æмæ уыдонæй бирæтæ æнæ гонорарæй дæр разы сты Цхинвалмæ æрцæуыныл, уæддæр», – банысан кодта зарæггæнæг.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй æнтыстджын оперон зарæггæнæг суай, уый тыххæй хъуамæ æгæрон уарзтæй уарзай дæ професси. Уый ма радзырдта йæ дарддæры плæнтты тыххæй дæр. «Райсом æз хъуамæ атæхон Прагæмæ, цыран 5-æм октябры мæнæн уыдзæн репетици æмæ 6-æм октябры та  концерт. Знон та ралæууыдтæн Санкт-Петербурджы сценæйыл. Уым уыд Уазиты Махарбег дæр. Уый размæ та зарыдтæн Лондоны, цыран контракт бафыстон 6 мæйы æмгъуыдмæ, уый фæстæ ацæудзынæн Парижмæ, Хельсинкимæ, Женевæмæ.  Концерттæ мын уыдзæн Стыр театры дæр. Иудзырдæй, бирæ плæнттæ мæм ис», – загъта уый.

3-æм октябры изæры музыкалон ахуыргæнæндоны актон залы уыд концерт дунеон масштабы оперон зарæггæнджытæн. Уырдæм æрбамбырд бирæ адæм, уыйбæрц бирæ, æмæ залы иунæг сæрибар бынат дæр нал уыд. Фæлæ уæддæр адæм цыдысты сæ уарзон зарæг-гæнæджы хъæлæс фехъусынмæ. Бирæтæ дзы æнæхъæн концерты дæргъы, ома, дыууæ сахаты бæрц кодтой лæугæ. Æмæ уый æмбæрстгонд дæр у, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны фæстаг рæстæджы кæд бирæ концерттæ уагъд æрцæуы æрхонгæ уазджыты хайадис-тæй, уæддæр Джиоты Вероникæйы хъæлæс хуссарирыстойнаг адæмæн афтæ уарзон сси æмæ йе ‘рцыдмæ æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц. Уый æмбаргæйæ, Вероникæйæн кæд тынг æнгом график ис, уæддæр рæстæг ссары йæ хæствæллад адæмы, йæ рæсугъд цард-дæттæг хъæлæсæй бахъæлдзæг кæныны тыххæй. Æгæрыстæмæй, концертмæ æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй дæр.

Цалынмæ концерт нæ райдыдта, уæдмæ уал Вероникæ рахызт сценæмæ æмæ аныхас кодта йæ уарзон сценæмæкæсджытимæ, радзырдта сын йе сфæлдыстадон дарддæры плæнтты тыххæй. Дзуаппытæ сын радта сæ бирæнымæц фарстытæн дæр. Сценæмæ йæм схызтысты йæ музыкалон ахуыргæнджытæ, йе ввахс хæлæрттæ æмæ йын арфæтæ кодтой.

Уæдмæ концертмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, Культурæйы министр Остъаты Мадинæ, йæ хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, æндæр бæрнон адæймæгтæ.  Концерт байгом Джиоты Вероникæ æмæ Владимир Ковалы иумæ сæххæстгонд зарæгæй. Сценæмæ рахызт Лиана Сасс æмæ йæ тыхджын хъæлæсы зæлтæ айхъуыстысты залы. Зарæггæнджытæ кæрæдзи ивтой алыгъуызон аритæ æмæ романстæ æххæст кæнгæйæ. Уыдон сæххæст кодтой  оперæ Вердийæ «Отелло», «Сила судьбы», Моцарты «Свадьба Фигаро»-йæ Фигаройы ари, оперæ Гуно Фаусты «Маргаритæ»-йы ари, Михаил Глинкайы рагон уырыссаг романс «Гори, гори, моя звезда», оперæ «Кармен»-æй Бизе æмæ æндæр уацмыстæ.

Сценæмæ рахызт скрипач  Михаил Симонян. Уый загъта: «2008 азы августы хæсты рæстæджы æз ахуыр фæуд кодтон АИШ-ы. Хæсты тыххæй уæззау хабар фехъусгæйæ, мах, уæрæсейæгтæ тынг маст кодтам Ныгуы-лæн барæй Уæрæсейы кæй аххосджын кодта Гуырдзыстоны ныхмæ хæст расидыны тых-хæй, ууыл. Тынг маст кодтам сымах, ирон адæ-мы уæззау уавæры тыххæй дæр. Фæнды мæ фæмардуæвджыты ном музыкалон уацмысæй ссарын», – загъта уый. Æмæ сценæйæ райхъуыстысты æрхæндæг музыкæйы зæлтæ. Се дзард æмбæстæгты ном сын кæй ссардта, уый тыххæй йын адæм  кодтой тыхджын къухæм-дзæгъд. Лиана Сасс заргæ-зарын æрхызт залмæ æмæ цыты нысанæн бацыд Президенты размæ, уый дæр ын куыд джентльмен, афтæ сыстад йæ бынатæй.  Владимир Коваль загъта: «Хуссар Ирыстон у мæ дыккаг райгуы-рæн бæстæ. Стыр бузныг сымахæн, сценæ-мæкæсджытæн. Мах уын банкъардтам уæ зæрдæйы хъармдзинад, уæ адæмы куырыхондзинад. Артист хъуамæ æнкъара залы атмосферæ. Ирон адæм сты сæрыстыр наци. Украинæйы дæр нымадтон мæ дыккаг райгуырæн бæстæйыл, фæлæ мæ ахæм Украинæ нал хъæуы. Ам ис диссаджы публикæ. Иннæ ахæм ивгъуыд аз ам куы уыдыстæм, уæдæй фæс-тæмæ хорзæрдæм бирæ фæивта уæ горæт. Рæсугъд, сыгъдæг уынгтæм кæсгæйæ зæрдæ райы. Ирдæй зыны уæ Президент йæ радтæг адæмыл тынг кæй тыхсы, уый. Уырны нæ, фидæн аз куы æрцæуæм, уæд нæ концерт кæй уыдзæн ног театры сценæйыл. Æз алцыдæр зонын сымах тыххæй Интернеты руаджы», – загъта уый.

Владимир Коваль æрмæст курдиатджын зарæггæнæг нæу, фæлæ ма тынг рæхсы ныв кæнымæ дæр. Уый йæхи къухтæй сныв кодта Президент Тыбылты Леониды портрет æмæ йын æй балæвар кодта. Сценæмæ Сланты Тимур куы рахызт, уæд ыл  залы бадджытæ сæмбæлдысты уæлдай хъармдæрæй æмæ сæ къухæмдзæгъдæй нал æнцадысты. Уый сæххæст кодта цалдæр уацмысы. Афтæ ма  Джиоты Вероникæимæ азарыдысты ирон зарæг «Сæрдыгон изæр».

Концерты фæстæ сценæмæ схызт Президент Тыбылты Леонид. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта музыканттæн. Сланты Тимуры йæхимæ æрбахъæбыс кодта хи хъæбулау æмæ йын загъта дарддæры сфæлдыстадон æнтыстыты фæндиæгтæ. «Абоны кусгæ боны фæстæ мах тынг хорз баулæфыдыстæм ацы диссаджы концерты. Фестиваль сси традицион. Иннæ  аз хъуамæ æрæмбырд уæм æндæр ран, ног театры бæстыхайы. Хуссар Ирыстон у  раст фæндагыл лæуд æмæ дарддæр дæр цæудзыстæм ацы фæндагыл. Ноджыдæр мæ стыр бузныг зæгъын  фæнды Вероникæйæн», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид Вероникæйæн балæвар кодта æрдзы ныв æмæ йын загъта: «Абон дын нырма нæй фатер ацы ныв кæм æрцауындзай, фæлæ иннæ аз фестивалмæ куы æрцæуай, уæд дын уыдзæн дæхи фатер». Президент «РХИ-йы сгуыхт артист»-ы кадджын нæмттæ радта  Лиана Сасс æмæ Михаил Симонянæн, Кады грамотæтæй та хорзæхджын æрцыды-сты Смыслова Наталья, Павел Янковский æмæ Сланты Тимур. Банысан кæнын нæ фæнды уый дæр æмæ Тимурыл нырма кæд 16 азы йедтæмæ нæма цæуы, уæддæр ныридæ-гæн ралæууыд Ла Скала-йы сценæйыл, афтæ ма у æппæтуæрæсейаг конкурс «Синяя птица»-йы лауреаттæй  сæ иу. Джиоты Вероникæ ныридæгæн æрзылд æмæ ралæууыд дунейы алы бæстæты сценæтыл æмæ йæ курдиатæй сном кодта йæхицæн дæр æмæ йæ радтæг Ирыстонæн дæр.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ байхъуыстой дунеон оперæйы хуыздæр уацмыстæй цалдæрмæ. Уыцы изæр адæм цы æхцондзинад райстой, уый сæ бирæ рæстæджы нæ ферох уыдзæн, уымæн æмæ сæ оперон музыкæйы æхцон зæлтæ афтæ тынг систой сæ уæлтæ-мæнты æмæ сценæмæкæсджытæй бирæтæ  зарыдысты музыканттимæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 2015 азы Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон фестиваль «Уазæгуаты Гергиты Ларисæмæ»-йы фæлгæтты Цхинвалы муызкалон ахуыргæнæндоны кæй уыд академион концерт, цыран хайад райстой оперæ æмæ балеты Мариинаг театры солисттæ, бирæ музыкалон конкурсты лауреаттæ, уыдон ‘хсæн уыд не ‘мбæстаг, оперон зарæггæнæг Джиоты-Гагитэ Иринæ, Дмитрий Гарбовский, Карлос Донофрио, Наталья Павлова.

Залæй адæм сæ хæдзæрттæм цыдысты райзæрдæйæ Джиоты Вероникæйы сæххæст-гонд зарæг «Мады Майрæм»-ы зæлтæм хъусгæйæ.

Джиоты Е.

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.