Къæвдабонтæ кæй хæссы, уымæй тынг стыхстысты Мæскуыйаг микрорайоны цæрджытæ.

Ацы микрорайон арæзт æрцыд 2008 азы фæстæ. Куыддæр хæдзæрттæ уæрст æрцыдысты, афтæ сæ æрцардысты, сæ хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты æмæ æнæхæдзар чи уыд, уыцы æмбæстæгтæ. Цæрджытæ рагæй хъаст кæнынц, коммуникацитæ раст арæзт кæй не сты, уымæй. Аразджытæ зæххыбын куыстыты рæстæджы, канализацион хæтæлтæ бирæ рæтты раст кæй нæ баиу кодтой, уый фæстиуæгæн зæххы бынæй  дон кæй стоны. Ахæм рæстæджы сæм æххуысмæ фæзынынц Водоканалы кусджытæ, сæ куыст бакæсынц, фæлæ уынг змæстæй ныууадзынц. Къæвдабонты ныр уыцы уæрмытæ донбадæн бынæттæ систы.

Уый фæдыл цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыдысты æмбæлон инстанцитæм, фæлæ уавæр нæма фæивта. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты уынджы цæрджытæй сæ иу, Уалыты Ангелинæ зæгъы: «Фæстаг азты бæрæг фæхуыздæр сты нæ горæты уынгтæ. Ныртæккæ дæр дарддæр кæнынц æндидзынгæнæн-цалцæггæнæн куыстытæ. Фæлæ  нæ уынг цы уавæры ис, уымæй тынг фæлмæцæм. Кæдмæ бых-сæм? Æппындæр нæм ницы хъусдард ис. Нæ микрорайон куы сырæзт, уæд йæ аразджытæ бирæ цухдзинæдтæ ауагътой. Рæстæг куыд цæуы, афтæмæй уыдон иугай-дыгай сæхи зонын кæнынц. Коммуникацитæ æмæ доны хæтæлтæ арæзт æрцыдысты талф-тулфтæй, аслам æрмæгæй. Уыдон-иу арæх фехæлдысты æмæ та-иу зæххы бын цы хæтæлтæ цыд, уыдон ивд æрцыдысты æндæртæй. Уый тыххæй уынгты иуæй-иу рæтты сæвзæрд дзыхъхъытæ, æмæ къæвдабонты, зымæгон рæстæджыты вæййынц цъыфбадæнтæ. Цæмæй горæтмæ сыгъдæгæй ацæуай, уый тыххæй нæ бахъæуы кæнæ ивæн къахдарæс скæнын  кæнæ та транспортыл ацæуын. Дон бакæлы хæдзæртты ныккæндтæм. Хатт бахъæуы, Уæлвæткон уавæрты министрадмæ бадзурын, цæмæй ныггæндæй дон сæнцъирой».

Мæскуыйаг микрорайоны æндæр цæрæг та афтæ загъта: «Ам алы хæдзары дæр ис скъолайы кæнæ скъолайы агъоммæйы кары сабитæ. Уыдон сæ ныййарджытæ фæкæнынц машинæтыл, кæд æмæ скъола дæр æмæ сабиты рæвдауæндон дæр хæрзæввахс сты, уæддæр. Доны цæдтæ ахæм арф вæййынц, æмæ дзы саби нæ, фæлæ стыр адæймаг дæр нæ ахиздзæнис. Цæрджытæ сæхи тыхтæй архайынц уынг араст кæныныл, æркалæм ыл хуыр. Фæлæ, æвæццæгæн, канализацион хæтæлтæ байдзаг сты цъыфæй æмæ цалынмæ уыдон баивой, уæдмæ афтæ тухитæ кæндзыстæм».

Горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ ацы фарстæн нырма ницы дзуапп радтой. Къæвдайы дæттæ канд ацы микрорайоны цæрджыты нæ тыхсын кæнынц. Капиталонæй цалцæгкæнинаг нæ горæты нырма бирæ уынгтæ сты. Инвестпрограммæмæ хаст цы уынгтæ æрцыдысты, уыдон бæргæ цæуынц арæзт бæстон. Горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад дæр иу ран нæ бады, архайы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ хæрзарæзт кæныныл. Алы куыстæн дæр развæлгъау арæзт æрцæуы нывæст æмæ финансгонд æрцæуынц бюджетæй. Ацы уынг дæр кæд нывæстмæ хаст не ‘рцыд, уæддæр хъуамæ уынджы дзыхъхъытæ алæгъз кæнынæн, канализацион хæтæлтæ асыгъдæг кæнынæн мацы ныхдуртæ уа.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.