Абон, 14-æм июлы 28 азы сæххæст сабырдзинад бахъахъхъæныны фæдыл Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхтæ куы æрбацыдысты, уыцы боныл. 1992 азы 14-æм июль хуссарирыстойнаг адæмы историмæ бацыд куыд ирвæзынгæнæн ахсджиаг нысаниуæгджын бон, афтæ. Рацыд 28 азы, фæлæ уыцы трагикон азты цаутæ нæ зæрдыл лæууынц, раст цыма знон уыдысты, афтæ. Уыцы азты хъизæмæрттæ йæхиуыл чи бавзæрста, уыдон сæ никуы ферох кæндзысты, цалынмæ цæрой, уæдмæ.

Уазал, æххормагдзинад, мæлæтхæссæг тасдзинад, алыварсон блокадæ, уыцы нымæцы информацион блокадæ дæр. Чысылнымæц ирон адæм фæдисы хъæр кодтой, фæлвæрдтой дунеон æмæхсæнадæн фехъусын кæнын Гуырдзыстоны фашистон режим, йæ сæргъ Гамсахурдия, стæй та Шеварднадзе, афтæмæй ирон адæмæн радон хатт геноцид кæй аразынц, уый тыххæй,  фæлæ сын сæ тыхст хъæр ничи хъуыста. 1991-1992 азты тынг уæззау дуг ныккодта хуссарирыстойнаг адæмыл. Тынг зын ферохгæнæн сты, гуырдзиаг агрессортæ Хуссар Ирыстоны зæххыл цы сырдон митæ фæкодтой, уыдон. Ирон бархионтæ кæд аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой знæгтæн, уæддæр гуырдзиаг тыхæйисджытæ бирæ фылдæр уыдысты, стæй ифтонг уыдысты алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æмæ алы фыдмитæ кодтой ирон адæмæн.

1992 азы 24 июны горæт Сочийы УФ-йы президент Борис Ельцин æмæ Гуырдзыстоны сæргълæууæг Эдуард Шеварднадзе сæ къухтæ æрфыстой Бадзырдыл Хуссар Ирыстоны зæххмæ фидауынгæнæг тыхты æрбакæныны тыххæй. Ацы Сразыдзинадмæ гæсгæ 14-æм июлы гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ баконд хъуамæ æрцыдаиккой фидауынгæнæг тыхтæ.

О, къухтæ æрфыстой Бадзырдыл, фæлæ гуырдзиаг абырджытæ ноджы тынгдæр æхсын райдыдтой горæт, районты, хъæуты. Æрмæст 12 июлы, Тамаресмæ æввахс, фæмард сты авд ирон лæппуйы æмæ 42 адæймаджы та цæфтæ фесты. Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы Сæрдар Хъуылымбегты Торез фæдисы хъæр кодта Уæрæсейы хицауадмæ, цæ-мæй æвæстиатæй æххæст æрцыдаиккой Дагомысы бадзырды пункттæ.

Æмæ мæнæ æрбалæууыд уыцы бон. 1992 аз, 14 июль… кæд гуырдзиаг гварди йæ хæстон техникæ акодта Цхинвалы алфæмблайæ, уæддæр ма иугай æхстытæ   хъуыстысты ТЭК-ы ‘рдыгæй. Фæлæ уыцы æхстытæй нæ фæтарстысты адæм æмæ рахызтысты уынгтæм. Фæндыд сæ сæ ирвæзынгæнджытыл хæларзæрдæйæ æмæ цингæнгæйæ сæмбæлын. Фылдæр адæм æрбамбырд 8-æм июны уынджы æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты фидауынгæнджыты æрбацыдмæ. Фондз сахатмæ æввахс уыдаид, афтæ Тамаресы ‘рды-гæй разындысты æфсæддон машинæтæ æмæ сæ хæдфæстæ та – æнæхъæн колон-нæ. Адæм фырцинæй кæрæдзийыл тыхстытæ кодтой, хъарм ныхæстæ дзырдтой фидауынгæнджытæн, дидинджыты бын сæ фæкодтой. Адæм лыгъыдысты сæ размæ, фырцинæй чи кæугæ кодта, чи та – зæрдæхъæрмттæ. Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æрбацыдысты Фидауынгæнæг тыхтæ æмæ семæ æрбахастой сабырад, кæд сæртæг сабырдзинад уыд, уæддæр адæм нал цагъды кодтой массон æгъдауæй. Уыцы бон адæм æнхъæлдтой, зæгъгæ, сæ хъи-зæмæрттæн кæрон æрцыд, фæлæ… Хуссар Ирыстонмæ се ‘рбакондæй фæстæмæ Фидауынгæнæг тыхты фыццаг бонтæй фæстæмæ службæ кодтой нæ горæты цæрджытæ Æрсойты Нодар æмæ Куымæридтаты Мурат.

Æрсойты Нодар: «1992 азы цалынмæ Хуссар Ирыстонмæ Фидауынгæнæг тыхтæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ тынг уынгæджыйы бонтæ æрвыстам.

 Æз уыдтæн Бестауты Тамазы къорды, лæууыдыстæм посты, зæронд хиды цур. Иу бон мыл амбæлд Джиоты Алан (Парпат) æмæ мын загъта, зæгъгæ, дам, хъуамæ саразæм нæхи æфсад. Дыууæ бонмæ æрæмбырд 700 лæппуйæ фылдæр. Уыдон иууылдæр рацыдысты медицинон басгæрст. 14-æм июлы мах 30 машинæйыл Зары фæндагыл ацыдыстæм Мзиугоммæ æфсæддон ахуыртæ рацæуыны тыххæй. Гуфтайы хъæуы хиды цурмæ куы ныхæццæ стæм, уæд нæ уым баурæдтой, уæрæсейаг æфсады чи службæ кодта, уыцы ирон лæппутæ-сапертæ. Хиды цур ма лæууыдысты, фидауынгæнæг тыхтимæ чи æрбацыдысты, уыцы уырыссаг инæлартæ. Бафарстой нæ, зæгъгæ, чи стут æмæ кæдæм цæут. Æз æмæ  штабы хистæр машинæйæ рахызтыстæм æмæ сын загътам Мзиугоммæ ахуыртæм кæй цæуæм, уый тыххæй. Уыдон нын загътой, зæгъгæ, мах алцы дæр зонæм, фæлæ, дам, уæм уыйбæрц æвзонг лæппутæ ис, уый нæ зыдтам. Цалынмæ фидауынгæнæг батальон рацыд, уæдмæ уым лæууыдыстæм. Уый фæс-тæ нæ фæндаг адарддæр кодтам. Æрсойты Нодар  уыд батальоны командиры хæдивæг. Йæ хъус дардта 1-аг ротæмæ, кæцы лæууыд Знауыры. Оконайы хъæуы та сын уыд иумиаг пост дæр. Уый фæстæ уыд ротæйы командир. Уыд батальоны командир дæр. Фидауынгæнæг тыхты баслужбæ кодта 17 азы дæргъы, суанг 2009 азмæ. Казармæйон уавæр сын баконд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ сæ 2008 азы августы хæст æрæййæфта æфсæддон хайы казармæйы. Лæууыдысты-иу постыты ЦАРЗ-ы районы, Сарабукъы. «Фæнды мæ Бибылты Анатолийы тыххæй цалдæр ныхасы зæгъын. Хæсты рæстæджы уый уыд ракетон-артиллерион хæцæнгæрзты фæдыл батальоны командиры хæди-вæг. Номхуындæй Анатоли Ильяйы фырт сорганизаци кодта Фидауынгæнджыты æмæ Мæскуыйы уынгтæ кæм иу кæнынц, уыцы районы хъахъхъæны-над. Уыцы бынаты спырхчындæуыд æртæ танкы. Уый фæстæ та Бибылты Анатоли сорганизаци кодта горæты гуырдзиаг лæгмартæй асыгъдæг кæ-ныны операци», – загъта  Æрсойты Нодар. Уый у запасы афицер. Абон кусы ахуыргæнæгæй Æвзонг натуралистты станцы.

Куымæридтаты Мурат: «1992 азы ноябры мæйы бацыдтæн службæ кæнынмæ Фидауынгæнæг тыхтæм. Уыдтæн æртыккаг ротæйы 3-аг взводы 3-аг хайады хистæр. Фылдæр лæу-уыдтæн Мугуты хъæуы. Фидауынгæнæг тыхтæй иу взвод арæзт æрцыд, цæмæй-иу  ахизын кодтаиккой (сопровождение) гуырдзиаг хъæутыл цæуæг ирон бæлццæтты. Ахизын-иу кодтам Чысангомы хъæуты  цæрджыты дæр. Бирæ хæттыты бахаудтам  уæззау уавæрты. Цал æмæ цал хатты æрбæстон кодтам сæвзæргæ æндыгъд уавæр, уыдон зын банымайæн сты. Гуырдзиаг фыдгæнджытæ-иу æрурæдтой ирон бæлццæттимæ автобусы, фæлæ-иу фидауынгæнджыты куы ауыдтой, уæд-иу лидзынмæ фесты. Бирæ  вазыгджын цаутæ аиуварс кодтам. Фидауынгæнæг тыхты бас-лужбæ кодтон 1992 азæй суанг 2009 азы онг». Куымæридтаты Мурат йæ хорз службæйы тыххæй раконд æрцыд ацы тыхты штабмæ. Бахæс ын кодтой ифтонгады службæ.

2008 азы августы хæсты рæстæджы Мурат æмæ йæ хæстон æмбæлттæ ТЭК-æй  æхстой гуырдзиаг танкты, кæцытæ горæтмæ цыдысты ЦАРЗ-ы ‘рдыгæй. Хæцыд 12-æм астæуккаг скъолайы районы, Хъайтарты æмæ Исахъы уынгтæ кæм иу кæнынц, уым. Мурат у дæлбулкъон. Абон кæд пенсийы ис, уæддæр службæ кæны Хъахъхъæнынады министрады фæсчъылдымы.

Фидауынгæнæг тыхтæ кадимæ сæ хæс æххæст кодтой 16 азы дæргъы, цалынмæ 2008 азы августы ирон адæмы ныхмæ «нæ хорзмæбæллæг» сыхæгтæ уæрæхмасштабон хæст нæ расидтысты, уæдмæ. 2008 азы августы тугуарæн хæсты дæр фыццаг цæф сæхимæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ райстой горæты æрбахизæны. Уыдон æхстой фæстаг нæмыджы онг, сæ казармæтæ абоны онг дæр лæууынц  æрдæгпырхытæй. Куыд нæ горæты Профцæдисты бæстыхайы бахизæны цы танкы мæсыг ис, афтæ фидауынгæнджыты казармæты дæр хъæуы бахъахъхъæнын музейон экспонатты хуызы. Уадз, æмæ Ирыстоны сомбоны фæлтæртæ зоной Фидауынгæнæг тыхты службæгæнджыты хъæбатырдзинæдты тыххæй, уадз,  нæ сомбоны фæлтæртæ зоной чи сын у знаг æмæ  хæлар, уый. Фидауынгæнджыты хуссарирыстойнаг адæм алыхатт дæр мысдзысты сæрыстырдзинады æмæ кады æнкъарæнтимæ, уымæн æмæ уыдон хуссарирыстойнаг адæмы бахызтой бынтон скуынæгæй.

 Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.