Ставраполы крайы банысан кодтой Уæрæсейы хуссары стырдæр газ æмæ транспортон куыстуат ООО «Газпром трансгаз Ставрополь»-ы сырæзты 60 азон юбилей.

Юбилейон мадзæлтты хайад райста Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

Бæрæгбонон æмбырды официалон хайы рæстæджы Хъуылымбегты Доменти адæмы раз ралæууыд арфæйы ныхасимæ, цыран уый банысан кодта куыстуаты стыр нысаниуæг Хуссар Ирыстоны инфрастуктурæ сæндидзын кæныны хъуыддаджы.

«Абон Хуссар Ирыстоны хæдзæрттæ, уагдæттæ æмæ организацитæм æрдзон æртаг кæй цæуы, уыцы хъуыддаджы ис уæ уæзгæ хайбавæрд», – банысан кодта уый, æмæ республикæйы Хицауады номæй куыстуаты æппæт коллективæн загъта   дарддæры æнтыстыты фæндиæгтæ.

Дарддæр Хицауады Сæрдар бакаст Президент Тыбылты Леониды æмæ Хуссар Иырстоны адæмы номæй арфæйы ныстуан Генералон директор Алексей Завгородневмæ.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы: «Стыр бузныджы ныхæстæ дын зæгъын Республикæ Хуссар Ирыстоны газификацийы охыл хъæппæрисы фарс кæй хæцыс, уый тыххæй, æмæ нæ бæстæйы социалон-экономикон рæзт æмæ йæ энергетикон æдасдзинад сфидар кæнынмæ де стыр хайбавæрды тыххæй. Хуссар Ирыстоны адæм дæуæй бузныг уæвгæйæ, стыр аргъ кæнынц дæ хъарм ахастæн, уæ бæрзонд квалификациджын коллективы арæхст æмæ фæндвидардзинадæн, республикæйы газ-транспортон инфрастутктурæ райрæзын кæныны охыл нæ разы лæууæг хæстæ аскъуыддзаг кæныны  хъуыддаджы.

Фидарæй мæ уырны, уæ куыстуат æмæ Респбуликæ Хуссар Ирыстоны æхсæн æмгуыс-тад дарддæр дæр кæй рæздзæн æмæ фидар кæндзæн».

Дарддæр Хъуылымбегты Доменти Алексей Завгородневæн радта майдан «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты нысанæн», куыстуаты иууыл раззагондæр фæллойгæнджытæн та  – Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.