Журналист, публицист, ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг Харебаты Батрадзы сфæлдыстад æнгом баст у Хуссар Ирыстонимæ, йæ сæйраг горæт Цхинвалимæ. Кæм æмæ кæимæ схъомыл, уыцы адæмимæ. Уыдонимæ æнгом баст сты йæ цинтæ æмæ йæ сагъæстæ, йæ бæллицтæ. Йæ адæмы фидæн, йæ адæмы сомбон ирдæй зыны йæ æппæт статьяты, эссеты, фельетонты, аналитикон æрмæджыты, мысинæгты, репортажтæ æмæ рецензиты.

Хуссар Ирыстоныл фыдрæстæджытæ куы скодта, гуырдзиаг фашистты къухæй Хуссары адæм сабийæ зæрондмæ æвирхъау хуызы цагъды куы кодтой, уæд хъуыддаг æрмæст цæрджыты бахъахъхъæныныл нæ уыд. Хъуыдис уыцы æбуалгъ миты æцæгдзинад дунейы адæмтæн фехъусын кæнын, информацион æрхъула арæмудзын. Сабырцæрæг адæмы цæгъдын бауромыны хæстæ кæмæ хауынц, уыцы дунеон æхсæнадон организацитæм æмæ уæды Советон Цæдисы барджын организацитæм фæхæццæ кæнын хъуыд тугкалды æцæгдзинад.

Советон æмæ фæсарæйнаг журналисттæ къордгæйттæй тырныдтой Цхинвалмæ. Бацæуæн та йæм никæцæй уыд, æмæ-иу фылдæр хатт цыдысты фистæгæй Зары æфцæгыл. Уыцы рæстæг гæрзифтонг штабимæ, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, куыста Мыхуыр æмæ информацийы министрад, йæ сæргъы Харебаты Батрадз, афтæмæй.

90-æм азты Хуссар Ирыстон уæззау уавæры куы уыд, уæд Цæгат Ирыстоны хæдæфсæддонтæй уæлдай уырдæм æххуысмæ цыдысты Хуссар Ирыстоны бæллæхтæ дунейæн фехъусын кæныны фæдыл дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ дæр.

Хъæуты дæр, æмæ уæлдайдæр та Цхинвалы, иунæг дукани, иунæг хæрæндон дæр нæ куыста. Адæм цардысты, гуманитарон æххуысæй сæм цы продукттæ хауд, уыдонæй. Æмæ уыцы уавæрты Цæгат Ирыстоны минæвæрттæн æхсæвиуат æмæ хойраджы фысым дæр уыд Харебаты Батрадз. Уый журналисттæн æххуыс кодта хъæугæ æрмæг æмбырд кæнынæн, зæрдиагæй архайдта, цæмæй йæ цæгатаг æфсымæртæ мацæмæй стыхсой. Цæмæй хойраг цух дæр ма баййафой æмæ, кæм бахсæвиуат кæной, уый дæр сын уа. Уыцы зын уавæртæ удхæстæг бакодтой Харебаты Батрадзы Дойаты Олег, Баскаты Уырызмæг, Таболты Иринæ, Гугкаты Иринæ, Дзбойты Бабле, Гутнаты Валодя æмæ иннæ журналисттимæ. Уыцы рæстæджытæ фæсте аззадысты, абон Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад. Се ‘цæг дунемæ ацыдысты Дзбойты Бабле æмæ Дойаты Олег. Рухсаг уæнт. Фæлæ, сæ фæстæ чи баззад, уыдонимæ дæр æмæ иннæ журналисттимæ дæр уæззау хæстон уавæрты цы хæлардзинад равзæрд, уый абон дæр нæ хæлы.

Хæсты фæстæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын паддзахады куыст нывыл аразынæн информацион къабазы хъуыдис Батрадзы фæлтæрддзинад æмæ куыстуарзондзинад. Дзыллон информацийы фæрæзтæн закъонæй алыхуызон уставты онг. 1995 азы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы фыццаг съезд, сæрдарай йын равзæрстой Харебаты Батрадзы.

Уыцы аз арæзт æрцыд фыццаг паддзахадон информацион агентад “Рес”. Уый уыдис ахсджиаг хæцæнгарз Гуырдзыйы информацион хæсты Хуссар Иры ныхмæ. “Рес” æй схуыдтой Батрадзы хъæппæрисæй. Уый хуссайраг ирæттæн æргом кодта дыууæ ахсджиаг хъуыддаджы: иу – политикон – “Республикæ”, иннæ та – удмæ хæстæг географион “Ресы хох”. ИА “Рес” ссис, республикæйы цы цаутæ цыд, уыдоны информацион суадон.

Информацион хæсты æппæт азты дæр Харебаты Батрадз æнтыстджынæй, æвæллайгæйæ куыста Хуссар Ирыстоны алыхуызон дзыллон информацийы фæрæзтимæ, æнтыстджынæй архайдта журналистикæ æмæ литературæйы æппæт жанрты дæр, политикон аналитикæйæ фельетоны онг. Йе сфæлдыстады тематикæ уыд алыхуызон. Экономикæ, политикæ, социалон фарстытæ. Жанртæ дæр – афтæ: интервью, репортаж, политикон афæлгæст, газетты иудадзыгон рубрикæтæ.

2003 азы кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон центры разамонæгæй æмæ паддзахадон телеуынынады иудадзыг цæттæ кæны равдыст “Парламентон сахат”. Бирæ азты Цæгат Ирыстоны информацион фæрæзтимæ афтæ зæрдиаг куыст чи кодта, уый уыд Батрадз. Бирæ хатт-иу йæ информацитæй Хуссар Ирыстоны тыххæй арæзт цыдысты Цæгат Ирыстоны телеуынынады равдыстытæ. Афтæ уыд 2008 азы августы дæр. Гуырдзыйы сармадзанты æнæрынцой араугæ хъæрмæ дзыппыдаргæ телефонæй хабæрттæ хæццæ кодта Цæгат Ирыстонмæ.

Абон та Хуссар Ирыстоны информацион фæрæзтæн хъусын кæны, Цæгат Ирыстоны культурæйы, литературæйы цы ногдзинæдтæ æрцæуы, уыцы хабæрттæ.

Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Батрадз тынг бирæ уарзы æмæ зоны аивадон литературæ, иу ногдзинад дæр дзы иуварс никуы аззайы. Уæдæ йæм цы библиотекæ ис, уый та бынтон диссаг у.

Батрадз ныффыста тынг бирæ рецензитæ не ‘мзæххонты уацмыстыл. Харебаты Батрадз у фыццаг профессионалон демограф дыууæ Ирыстоны дæр. Тынг бирæ наукон æмæ публицистон статьятæ ныммыхуыр кодта Хуссар Ирыстоны цæрджыты ахсджиаг фарстыты фæдыл, рауагъта æртæ чиныджы, бахъахъхъæдта диссертаци, у экономикон наукæты кандидат.

2011 азы уырыссаг æвзагыл цы чиныг рауагъта,уый хуыйны “Публицистика.” Автор дзы сæмбырд кодта йæ хуыздæр мыхуыргонд куыстытæ. Чиныгкæсæг дзы сæмбæлдзæн æмæ йæхицæн раргом кæндзæн бирæ цымыдисаг фарстытæ. Зæгъæм, Дзантиаты скульптортæй чи уыд Къостайы цыртдзæвæны автор? Куыд арæзт цыд Транскам? Уæрæсейы императормæ фыццаг ирон минæвæртты ‘хсæн чи уыд? Цы загъта Ардзинба Сухум райсыны фæстæ? Хъуылымбегты Торезы амынæты куыд райстой 1991 азы?

Бынтон диссаг æмæ сатирæйæ ифтыгъд та сты йæ политикон фельетонтæ.

Йæ æрмæджытæ журналистикæйы æппæтдунеон премийы лауреат, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Харебаты Батрадз мыхуыр кодта псевдонимимæ. Ацы чиныгмæ бацыдысты, йæ ном кæм нæ фыста, бирæ ахæм цымыдисаг æрмæджытæ.

Хуссар Ирыстоны архитектурон объекттæ, истори æмæ культурæйы цыртдзæвæнтæ Батрадзы уацмысты фыст æрцыдысты хронологион æцæгдзинад æмæ бæлвырдæй, æцæг историкæн куыд æмбæлы, уыцы хуызы.

Чиныгкæсæг æхсызгонæй сæмбæлд, Харебаты Батрадз фæстаг азты æргом зæрдæйы уагæй, æцæг æмæ бæлвырдæй цы хабæрттæ фæфыста, уыдоныл.

Батрадз сног кодта Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы куыст æмæ ныртæккæ у йæ сæрдар. Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, Уæрæсейы Журналистты цæдисы уæнг йæ уацты æмбырдгонд “Публицистика”-йы тыххæй райста Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми. Уымæй уæлдай ма у журналистты фыццаг дунеон конкурс “За мирный Кавказ”-ы лауреат, ссис Æмбалты Цоцкойы номыл премийы лауреат дæр.

Харебайы-фырты демографи, социологи, этнографи, фæллойадон экономикæйы наукон куыстытæ сты 80-йæ фылдæр. Уыдонимæ – “Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм”, “Къайад æмæ бинонтæ Хуссар Ирыстоны”, “Уырыссæгтæ – Хуссар Ирыстоны” æмæ æндæр монографитæ.

__________________

Харебаты Константины (Къостайы) фырт Батрадз райгуырд 1950 азы 2 декабры Хуссар Ирыстоны Дзауы хъæуы. Цхинвалы æхсæзæм астæуккаг скъолайы математикон кълас фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университетмæ æрдззонæн-биологон факультеты географион хайадмæ. Æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй. Ахуыргæнæгæй кусгæйæ дæр ахуырмæ тырнын нæ ныууагъта. Бацыд ССР Цæдисы Наукæты академийы экономикæйы институты аспирантурæмæ æмæ йæ каст фæцис. Хуссар Ирыстоны наукон-иртасæн институты наукон кусæг, фæстæдæр та экономикон хайады сæргълæууæг 80-æм азты кæрон кусын райдыдта партийы Хуссар Ирыстоны обкомы идеологийы хайады. Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад куы ссис, уæд Батрадз уыд Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры министрад аразджытæй иу. Уым уыдис министры хæдивæг, фæстæдæр та – министр. Уыд паддзахадон информацион агентад “Рес”-ы бындурæвæрæг æмæ йæ разамонæг. Уыцы-иу рæстæг уыд Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты паддзахадон институты социологон хайады наукон кусæг.

Фæстаг 15 азы разамынд дæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информационаналитикон управленийæн. 90-æм азтæй фæстæмæ кæны журналисты куыст. Йæ ахсджиаг æрмæджытæ мыхуыргонд цыдысты æмæ цæуынц газеттæ “Северная Осетия”, “Южная Осетия”, “Рæстдзинад”, “Республикæ” æмæ æндæр дзыллон информацийы фæрæзты.

__________

Батрадз у, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми лæвæрд цы монументалон куыстæн æрцыд, “Ирон этнографион энциклопеди”, зæгъгæ, уый автортæй иу. Харебайы-фырт профессион уагыл ахуыр кæны Нарты кадджытæ æмæ фыссы наукон æмæ наукон-æнцонæмбарæн уацтæ уыцы темæйыл. Ныртæккæ у “Ирон Нарты кадджыты” бындурон æмбырдгонды редакцион советы уæнг. Харебаты Батрадз у документалон повестты æмбырдгонд “Бахъуаджы рæстæг – хъæугæ бынаты”-йы автор.

Хуссар Ирыстоны уæлдæр паддзахадон хæрзиуæг Кады ордены кавалерæй уæлдай Батрадзæн саккаг кодтой Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æндæр хæрзиуджытæ дæр.

Батрадзы бирæвæрсыг, удуæлдай наукон фæллой æнæрхъуыдыйæ нæ баззад Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы разамындæй дæр. Лæвæрд ын æрцыд РЦИ-Аланийы Кады грамотæ æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæг.

Батрадз ныртæккæ дæр фидарæй-фидардæр кæны йæ бастдзинæдтæ Цæгат æмæ Хуссары, стæй уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг журналисттимæ.

Бахъомыл сты йæ цардæмбал Заремæимæ сæ хъæбултæ Къоста æмæ Алан. Æрлæууыдысты царды фæндагыл. Къоста райста программисты дæсныйад æмæ кусы. Алан дæр уæлдæр ахуырады фæстæ йæ цард сбаста сабиты хъомыладимæ. Сæ фыд Батрадзимæ фæллой кæнынц, цы фарн сын баззад, уый хъахъхъæнгæйæ сæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Батрадз та йæ наукон æмæ публицистон сфæлдыстадон архайд кæны дарддæр, йæ хъæбулты хъæбултæй зæрдæйы рухс æмæ уæнгты рог исгæйæ. Æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, ноджыдæр ма бирæ азты зæрдæрухсдæр æмæ уæнгрогдæрæй, ног сфæлдыстадон æнтыстытимæ куыд фæцæра.

Кар æрмæст азтæй нæ нымадæуы, фæлæ хорз хъуыддæгтæй, æмæ ма йын бирæ бантысæд!

КАСАТЫ Батрадз, Уæрæсейы

Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг

Газет “Рæстдзинад”

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.