Бæрæг куыд у, афтæмæй 26 июлы Парламенты депутатты раз Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти 2015 азы бакæнгæ куысты тыххæй радта хыгъд. Доклады фæстæ Парламент РХИ-йы Хицауады куыст æвзæрыл кæй банымадта, уый фæстиуæгæн 27 июлы РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийæн уыд пресс-конференци, цыран хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг Тъехты Алан, Парламенты Хицауады минæвар Гобозты Вячеслав, республикæйы дзыллон информацион фæрæзты къухдариуæггæнджытæ æмæ минæвæрттæ.

Мадзалы райдиан Хъуылымбегты Доменти загъта, зæгъгæ, куыд æрвыл хатт, афтæ ныр дæр цæттæ у информацион фæрæзтимæ æргом ныхасмæ.

— Куыд хъуыды кæныс, Хицауады куыст Парламент цæмæн банымадта æвзæрыл?

— 26 июлы Хицауады рабадты нысаниуæгджынæй ницы æрцыд. Парламенты рабадты Хицауад сарæзта хыгъдон доклад 2015 азы бакæнгæ куыстæн. Æмгуысты процессы æз уый нымайын ахсджиаг моментыл æмæ республикæйы Парламентимæ æмархайдыл. Уый у æмгуысты ахсджиаг формæ, æрæмбырдуæвæг проблемæтыл иумæ уынаффæйы æмархайд. Уый тыххæй ахæм куыст мах нымайæм Хицауады архайдæн объективон анализ аразын, афтæ ма æрæмбырдуæвæг проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фæндæгтæ сбæрæг кæныныл уынаффæ кæнын, уыцы цухдзинæдтыл уынаффæ кæнын, кæцытыл фембæлæн ис нæ куысты. Мах уыдон не ’мбæхсæм, æрвыл хатт дæр сыл фæдзурæм æргомæй. Уымæн æмæ проблемæтæ фыл-дæрæй фылдæр кæнынц æмæ Хицауадæн цы уавæртæ æмæ фæрæзтæ ис, уымæй æххæст кæны, йæ разы цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон. Уый æрмæст мæхи куыст нæу, фæлæ у æнæхъæнæй коллегиалон органы куыст. Ахæм хуызы уыд хыгъд дæр. Æз радзырдтон нæ куысты фæстиуджыты тыххæй, нæ куысты сæйраг здæхтыты тыххæй. Нæ бюджет Уæрæсейы Федерацийы æххуысы фæрцы кæй рæзы, нæ республикæйы финансон ресурстæ дзы бынтон цъус кæй ис, уый тыххæй акцент æвæрд цæуы уыцы инвестицион программæйыл, кæцы реализаци цæуы Уæрæсейы Федераци цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæны нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты тыххæй, уыдоны хыгъдæй.

Зæгъæн ис, уый алкæмæн дæр æмбæрстгонд у, Инвестицион программæйы реализацимæ уæлдай цымыдисдзинад æвдисыны тыххæй Хицауады æфхæрын, уый æз нымайын бынтондæр æнæбындурыл. Уымæн æмæ абон Инвестицион программæйы реализацийы фæстиуæгæн скъуыддзаг цæуынц республикæйы æндидзын кæныны, йæ социалон сферæйы æмæ æндæр фарстатæ, бындур æвæрд цæуы экономикæйы алыгъуызон фадгуыты дарддæры рæзтæн. Ахæм зæрдæйы равгимæ мах кусæм Инвестицион программæйыл.

Мах æнхъæл уыдыстæм, зæгъгæ, нын нæ докладмæ объективонæй æркастæуыдзæн Парламенты рабадты, мах уыдыстæм диалоджы æнхъæл дæр, цыран кæрæдзи бамбæрстаиккам, афтæ ма æнхъæл уыдыстæм иумæ кæй дзырдтаиккам проблемæтыл, кæцытæ сусæггаг не сты нæ дæр Хицауады уæнгтæн æмæ нæ дæр депутатон корпусæн. Мах иумæ хъуамæ æрбадтаиккам æмæ Хицауады хыгъдон доклады фæстæ уыдоныл конкретонæй æрныхас код-таиккам.

О, фæлæ доклады уыдон знон нæ фехъуыстой, уый развæлгъау лæвæрд æрцыд Парламентмæ. Уымæ нæ кæсгæйæ, доклад аразгæйæ дæр æз лæмбынæг дзырдтон иуæй-иу фарстатыл, цæмæй ноджы æмбæрстгонддæр уыдаиккай иу кæнæ иннæ фарстатæ æмæ нæ архайды иуæй-иу моменттæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй докладмæ развæлгъау æркастысты Парламенты кулуарты. Растдæр зæгъгæйæ та, Парламенты иу комитет дæр не ’ркаст хыгъдмæ æмæ хатдзæг нæ сарæзта республикæйы Хицауады куыстæн саргъ кæныны фæдыл. Мæнæй райдайгæйæ, Хицауады уæнгтæй иуы дæр ничи фæхуыдта Парламентмæ хыгъдон докладыл развæлгъау æруынаффæ кæнынмæ. Растдæр зæгъгæйæ та, нæ хыгъды тыххæй мах Парламенты æрдыгæй æппындæр ницы фиппаинæгтæ райстам развæлгъау.

Æз афтæ нымайын æмæ нæ разы цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон скъуыддзаг кæнын кæд нæ нысан у, уæд уынаффæйы ахæм хуыз никæй хъæуы. Мæнмæ гæсгæ, уый у æнгæс фарстатæ скъуыддзаг кæныны процедурæйы халын.

Хицауады ныхмæ æфхæрæн ныхæстæ уыдысты æргом. Йæ фиппаинæгтæ загъта Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли йæ афтæ хуыйнæг æмдоклады. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз уыцы фиппаинæгтимæ не сразы дæн, уымæн æмæ йæ раныхасы дзырд цы фарстатыл цыд, уыдоныл æз дзырдтон мæ доклады дæр æмæ дзуаппыты æмæ диалоджы рæстæджы дæр, кæнæ та сæ зыдтон, кæй сæ хъæуы аскъуыддзаг кæнын æмæ мæ фæндгæ дæр кæны сæ аскъуыддзаг кæнын, фæлæ нырма сæ аскъуыддзаг кæнынæн фæрæзтæ æмæ фадæттæ нæй. Уымæн æмæ æнæ финансон фæрæзтæй нæ райрæздзæн хъæууон хæдзарад. Кæд исчи зоны, æнæ финанстæй хъæууон хæдзарад йæ къахыл куыд слæууын кæнын хъæуы, уый, уæд мын æй бацамонæд æмæ дзы æнустæм фæбузныг уыдзынæн. Махæй алчи дæр зоны, абон уыцы фæрæзтæ тынг цъус сты, фæлæ уæддæр мах æндидзын кæнæм республикæйы, аразæм инфраструктурæ, стабилон уавæр хъахъхъæнæм социалон сферæйы. Æз афтæ нымайын, æмæ уыцы планы Хицауад кусы, йæ бон цас у, уымæй фылдæр.

Бибылты Анатоли йæ æмдоклады фæстæ фæндон бахаста, цæмæй Хицауады куыст нымад æрцæуа æвзæрыл. Ацы фæндоныл сразы сты парти Иууон Ирыстоны фракцийы депутаттæ æмæ цалдæр депутаты æндæр фракцитæй. Фактон æгъдауæй, иннæ фракцитæ уыцы процедурæйы хайад нæ истой.

Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыцы хыгъдыл æрныхас кæнын æмæ йын объективонæй саргъ кæнын никæй хъуыд. Уый уыд æрмæстдæр Хицауады скритикæ кæныны фæрæз æмæ йын йæ архайдæн ахæм аргъ скæнын. Афтæ мæм каст, цыма æцæгæлон Парламенты Сæрдар ныхас кæны, æмæ йæм цы адæм хъуыстой, уыдон та уыдысты ахæмтæ, кæцытæ не ’мбарынц, ацы зæххыл цы цæуы, уый.

Æз кæддæриддæр конструктивон критикæйы фарс хæцын, уый тыххæй бирæ хæттыты дзырдтон дзыллон информацийы фæрæзтимæ дæр. Мæнæн мæ зæрдæмæ цæуы критикæ, кæцыимæ ма мын уынын кæныс, проблемæ хуыздæр куыд аскъуыддзаг кæнын хъæуы, уый дæр.

Махæй алкæйы дæр хъуамæ фæнда, цæмæй республикæйы уа стабилон уавæр, цæмæй нæ разы цы хæстæ лæууы, уыдон æххæст цæуой. Уый тыххæй мах кæрæдзийæн хъуамæ алыварсонæй æххуыс кæнæм.

Дыууæ аз æмæ æрдæджы бæрц кусын Хицауады Сæрдары бынаты æмæ уыцы рæстæджы дæргъы иу кæнæ иннæ фадыджы уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй Парламентон комитетты бакуыстгонд иунæг конструктивон фæндоны дæр æз нæ райстон. Æниу ахæм конструктивон фæндæттыл æз алы хатт дæр разы уыдтæн.

26 июлы Парламенты рабадты бæрæгæй зынд, депутатты хицæн хай республикæйы хицауиуæгады дыууæ къабазы ’хсæн уавæр кæй кæны конфронтацимæ. Æз афтæ нымайын, æмæ уыцы архайдтытæ кæмæндæр сты президентон æвзæрстыты агъоммæйы компанийы райдиан. Æз æй хорз æмбарын, президентон æвзæрстыты агъоммæйы компанийæн ис йæхи закъæттæ, йæхи технологитæ. Æмбарын уый дæр, æмæ цас тынгдæр критикæ кæнай æххæстгæнæг хицауиуæгады, цас æй æвдисай æвзæрдæрæй, уыйас æнцондæрæй цæудзынæ дæ нысанмæ. Уый фæстиуæгæн Парламент нæ райстаид æндæр уынаффæ. Уымæн æмæ Хицауады куысты хорзыл куы банымадтаиккой, уæд сын фæстæдæр Хицауады ноджы тынгдæр скритикæ кæныны фадат нал уыдаид. Уыцы нысанæн Хицауады куыст Парламент банымадта æвзæрыл.

Парламенты рабадты цы проблемæтыл дзырд цыд, æз уыдонæй фылдæр проблемæты зонын алы сферæйы дæр, фæлæ реалон уавæрты никæцы Хицауад сараздзæн фылдæр.

Æз афтæ нымайын, æмæ президентон æвзæрстытæ куыд æввахсдæр кæной, афтæ уавæр кæндзæн карздæр. Хицауадыл æлхъывдад дæр тынгæй тынгдæр кæндзæн æмæ уый æркæндзæн негативон фæстиуджытæм. Уый та æппындæр никæй хъæуы. Мæн нæ хъæуы ахæм уавæр, цыран Хицауадæн йæ бон не суыдзæн æххæстбæрцæй аскъуыддзаг кæнын, йæ разы цы хæстæ лæууы, уыдон. Конфронтацион моменттæ бандавдзысты Хицауады куыстыл дæр æмæ Инвестицион программæйы фæлгæтты цы плантæ ис, уыдон дæр æххæст не ’рцæудзысты. Абон нын чи æххуыс кæны, уыдон дæр разы нæ уыдзысты уыцы уавæрæй. Разæй цыфæнды нысæнттæ ма лæууа, уæддæр уавæр нæ хъæуы дестабилизаци кæнын. Растдæр зæгъгæйæ та, Президент Тыбылты Леонид цы уавæртæй райдыдта кусын, уымæ нæ нæ хъæуы æркæнын уавæр. Тыбылты Леониды рæстæджы та сразыдзинады, кæрæдзиæмбарынады, фæллой кæныны процесстæ систы æрвылбонон фæзынд æмæ адæмы бауырныдта рухс фидæн. Адæм сомбонмæ кæсынц ныфсы цæстæй, аразынц плантæ. Æз афтæ нымайын, æмæ ахæм уавæрты премьер-министры бынаты дарддæр кусæн нæй. Мæн нæ фæнды, æмæ Хицауад хъазæнхъул суа кæйдæр политикон хъазты, хисæрмагонд политикон нысæнттæ сæххæст кæныны нысанæн. Куыд Хицауады Сæрдар, куыд адæймаг, афтæ мæ позици у ахæм; æз афтæ нымайын æмæ абоны бон ницахæм сæрмагонд амбицитæ æмæ нысæнттæ не сты уый аргъ, æмæ хицауиуæгады архайды аххосæй иунæг адæймаг дæр дызæрдыг кæна йæ сомбоныл. Æз уый дзурын æргомæй æмæ стыр бæрндзинадимæ мæ бæстæйы æмæ адæмы раз, кæцытæн æз лæггад кæнын.

Хъуылымбегты Доменти сдзуапп кодта æндæр фарстатæн дæр.

ОСиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.