Парламенты Сæрдар Гасситы Петр фембæлд дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттимæ æмæ сын радзырдта хыгъдон æмгъуыдмæ Парламент цы куыст бакодта, уый тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй августы мæйы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы кæй æххæст кæны, уый фæстиуæгæн республикæйы уыдзæн стыр бæрæгбон æмæ республикæмæ æрцæудзысты тынг бирæ цытджын уазджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон æмбæлон æгъдауыл райсын хъæуы, æмæ уый фæстиуæгæн стыр бæрндзинад æвæрд уыдзæн фысымтыл. Уый бахынцгæйæ, РХИ-йы Парламенты депутаттæ кæд алыхатт дæр традиционæй улæфыдысты августы мæйы, уæд ныр та улæфдзысты 2 июлæй 5 августмæ. Парламенты аппараты кусджытæй дæр августы ничи цæуы улæфты.

Дарддæр Парламенты спикер радзырдта, æстæм сессион æмгъуыды дæргъы Парламент цы бакуыста, уый тыххæй.

«Æстæм сессион æмгъуыды нын бирæ саразын бантыст, райстам 49 закъоны. Ацы закъæттæ иууылдæр здæхт сты нæ адæмы цард, æххæстгæнæн хицауиуæгады органты куыст фæхуыздæр кæнынмæ,  æмæ афтæ дарддæр. Закъæттæ  æрбарвыстæуыд, куыд æххæстгæнæн хицауиуæгады, законон сфæлдыстады инициативæ кæмæ уыд, уыцы субъектты ‘рдыгæй, афтæ арæзт æрцыдысты Парламенты дæр», – фехъусын кодта Гасситы Петр.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй цы 49 закъоны райстой, уыдонæй цалдæр уыдысты конституцион. Иннæ закъæт-тимæ абаргæйæ, уыцы закъæттыл куыст цæуы лæмбынæгдæрæй æмæ сæ исгæ дæр ракæнынц, фылдæр хъæлæсты райстæй нæ, фæлæ депутатты  хъæлæсты ¾ хайæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг тæрхонгæнæджы тыххæй» закъоны фæдыл Парламенты спикер куыд бамбарын кодта, афтæмæй арæзт æрцыд стыр реформæтæ ацы системæйы. Нысан æрцыдысты æппæт тæрхонгæнджытæ дæр.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, реформæйы размæ æхсæнады æрдыгæй тæрхонгæнджыты архайдмæ стыр фаутæ хаст уыд, фæлæ йæ ныфс ис Сæйраг тæрхондоны ныры тæрхонгæнæг Коцты Олесяйæ, зæгъгæ, уый рараст кæндзæн ацы тенденци æмæ раздахдзæн адæмы æууæнк тæрхондонмæ.

Ивындзинæдтæ хаст æрцыд «Национ банчы тыххæй» закъонмæ дæр. Парламенты Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, ацы ивындзинæдты фæстиуæгæн, паддзахадон бюджетмæ бангæй хыгъд цæуы цасдæр проценты æфтиæгтæ, дарддæр ацы процент фылдæрæй фылдæр кæндзæн.

«Зассеты Феликсы Националон бангы сæргълæууæгæй куы снысан кодтой, уæд бангæн уыд стыр хæстæ, фæлæ Зассейы фырты профессионалон архайды фæрцы банг æрмæст йæ хæстæй не сраст, фæлæ ма фæфылдæр ис йе ‘фтиаг дæр», – банысан кодта Гассийы фырт.

Ивындзинæдтæ хаст æрцыд «Æддаг развæдсгæрсты тыххæй» закъонмæ дæр. Ацы закъоны руаджы æддагон развæдсгарджытæ, кæцытæ бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ аззадысты барадон тыгъдадæн æддейæ, ифтонг æрцæудзысты пенситæ æмæ æндæр хатырон æфтиæгтæй.

Парламенты спикер куыд загъта, афтæмæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органты архайды тыххæй информацимæ баххæссын сифтонг кæныны тыххæй» закъон хъуамæ уа алы журналисты кусæн фынгыл дæр, уымæн æмæ арæх чиновниктæ нæ фæдæттынц æмбæлон информаци журналисттæн.

«Искæцы чиновник уын куынæ разы кæна информаци дæттыныл, уæд-иу ын бакæсут ацы закъон. Сусæг информацийæ дарддæр æндæр хъæуæг информаци ма радтой, уыдонæн уый бар нæй», – бацамыдта журналисттæн закъондæттæг органы сæргълæууæг.

Уый ма радзырдта «Хатырон кредитты тыххæй» закъоны нысаниуæджы  фæдыл дæр. Зæгъгæ, кæд раздæры къухдариуæгад ацы закъоныл йæ къух не ‘рфыста, уæд ыл Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдарæй кусгæйæ, æрфыста йæ къух. Ацы закъон фæахъаз уыдзæн амалиуæггæнджыты куыст фæрæвдздæр кæнынæн æмæ тагъд рæстæджы амалиуæггæнджытæн сæ бон уыдзæн кредиттæ райсын.

«Нырма уал Экономикæйы министрад амалиуæггæнджытæй исы бизнес-проекттæ, кæцытæм гæсгæ сын лæвæрд цæудзысты кредиттæ. Цæсгомджын амалиуæггæнджытæн сæ бон уыдзæн кредиттæ дыккаг хатт райсын», – бамбарын кодта Гасситы Петр.

Конституцион закъæттæм ма хауынц «Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады тыххæй закъон» дæр. «Ацы закъонмæ гæсгæ нæ тыхон структурæты кусджытæ исдзысты аккаг пенситæ»

Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, иууыл стырдæр резонанс расайдта «Парламентмæ депутатты æвзарыны тыххæй» закъон. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты хæццæ системæмæ гæсгæ, ома, депутатты иу æмбис æвзæрст цæудзысты партион номхыгъдтæм гæсгæ, иннæ æмбис та уыдзысты иумандатонтæ.

Спикер радзырдта «Наркотикон буарадтæ æмæ хъодыгонд препараттæ парахат кæныны фæдыл æфхæрд фæкарздæр кæныны тыххæй» закъоны фæдыл дæр.

«Ацы закъоныл æз разы дæн, уымæн æмæ йыл сæрмагондæй мæхæдæг куыстон æмæ архайдтон, цæмæй райст æрцæуа цыбыр æмгъуыдмæ. Наркотиктæ цы адæймаг парахат кæны, уый наркодилер у. Уæлдай нæу, «лирика» æви «героин» уæй кæны, уымæн æмæ дыууæ препарат дæр стыр зиан кæнынц нæ сывæллæтты æнæниздзинадæн», – бахахх кодта Гасситы Петр. Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй наркотиктæ æмæ хъодыгонд препараттæ парахат кæныны тыххæй æфхæрд админист-ративон бæрндзинад раивдæуыд уголо-вон бæрндзинадæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ сæм уый тыххæй бахатыдысты прокуратурæ дæр, Мидхъуыддæгты министрад дæр æмæ Сæйраг тæрхондон дæр.

«Афтæ уыд, æмæ-иу наркодилерты куы æрцахстой, уæд-иу сын ивар бафидын кодтой цыдæр капеччытæ æмæ та-иу сæ рауагътой. Ныр  та  ацы  закъонмæ гæсгæ баддзысты  ахæстоны.  Наркотиктæ  адæймаджы фыдызнæгтæ сты, уыдонимæ нæй фидауæн, сæ ныхмæ карз тох хъæуы. Наркодилертæ хъуамæ ахæстоны бадой. Ацы проблемæмæ æз ноджы радикалондæр цæстæй кæсын. Мæнæй кæнгæ куы уаид, уæд æз ноджы фæкарздæр кæнин, наркотиктæ чи парахат кæны, уыдоны ныхмæ æфхæрд.  Наркодилерты æз адæймæгтыл нæ нымайын. Цы адæймаг искæй сывæллонæн уæй кæны наркотиктæ æмæ уыцы æфтиагæй йæхи сывæллонæн цыдæр æлхæны, уый ме ‘мбарынадмæ гæсгæ адæймаг нæу», – банысан кодта Гасситы Петр.

Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр дзырдта «Персоналон бæрæггæнæнты тыххæй» закъоны проекты фæдыл дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы закъон иуæй-иу депутатты ‘хсæн стыр резонанс кæй равзæрын кодта, уый фæстиуæгæн æнцон нæ уыд йæ райсын.

«Хъыгагæн, иуæй-иу депутаттимæ кæрæдзи нæ бамбæрстам, сæрмагондæй та парти «Иугонд Ирыстон»-ы  уæнг  чи  нæ уыд, уыдонимæ.  Иуæй-иу хатт «Иугонд Ирыстон»-ы  партийы  уæнгтæн  зын вæййы  кæцыдæр хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæнын, уый тыххæй нæ бахъæуы компромисстæ агурыны сæр», – загъта Парламенты спикер.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй  «Персоналон бæрæггæнæнты тыххæй» закъон хауы, æвзæрстытæ цы бынæттæм ауадзинаг стæм, æрмæстдæр уыдонмæ. Ахæм бынæттæм та æвзарынц Президент æмæ депутатты. Депутаттæм кандидатты тыххæй та æвзарджытæ хъуамæ зоной æппæт дæр. «Адæймаг куы ницы æвзæрдзинад сараза, æмбæхсинаг ын куы ницы  уа,  уæд æй цы хъыгдары йæ персоналон бæрæггæнæнтæ радтынæн? Парти «Иугонд Ирыстон» кæдфæндыдæр цæттæ у, йе сконды цы депутаттæ ис, уыдон персоналон бæрæг-гæнæнтæ радтынмæ», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы закъон уый тыххæй хъæуы, цæмæй Парламентмæ ма бахауой, талынг ивгъуыд цы æмбæстæгтæн ис, кæнæ та республикæйы территорийыл чи нæ цард, ахæм адæймæгтæ.

«Æз аргъ кæнын, Хуссар Ирыстоны æддейæ чи цæры æмæ цард, уыцы ирæттæн, фæлæ мæнмæ афтæ растдæр кæсы, æмæ æппынæдзухæй уыцы уæззау азты, æндыгъд, хæстон уавæрты республикæйæн æддæмæ чи нæ ацыд æмæ æппæт уыцы азтæй фæстæмæ ам чи цард, уыцы адæймæгтæ хъуамæ уой Парламенты адæмы минæвæрттæ. Цы барасткæнинæгтæ райстæуыд, уыдон  фæахъаз уыдзысты Хуссар Ирыстоны закъондæттæг органмæ рæстагон  æвзæрстытæ ауадзынæн», – загъта Парламенты спикер.

Мадзалы дзырд цыд профессионалон Парламенты ахсджиагдзинадыл дæр.

Спикеры ныхæстæм гæсгæ, Парламент профессионалон бындурмæ кæй рахызт, уымæй депутатон корпусы куысты æмвæзад фæбæрзонддæр. Сæ куысты эффективондзинад бæрæг у, 49 закъоны проект кæй райста Парламент, уымæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы закъондæттæг орган профессионалон бындурмæ рахизыны тыххæй рæстæгыл цы уынаффæ райста, уый ахсджиаг æмæ раст уыд.  Уыимæ ма депутатты куыстмыздтæ дæр фæфылдæр сты. Кæд профессионалон бындурмæ рахизыны размæ истой 4350 сомы, уæд ныр та исынц 30 мин сомы онг.  «Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма зæрдæйы фæндиаг не сты хъуыддæгтæ, уымæн æмæ депутаттæй алчи ифтонг нæу кусæн бынатæй, фæлæ уый рæстæгмæйы проблемæ у, фарстыл куыст цæуы, æмæ, æвæццæгæн, сентябрмæ скъуыддзаг æрцæудзæн, Парламенты бæстыхайы уæвæг Ахуырад æмæ зонады министрад сентябрмæ кабинеттæ кæй ссæрибар кæндзæн, уый руаджы», – банысан кодта Гасситы Петр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, абоны бон Парламенты иунæг адæймаг дæр нæй, дыууæ кæнæ фылдæр бынаты чи кусы.

Уæрæсейаг æмбæстагдзинад фæхуымæтæггонд фæткмæ гæсгæ райсыны тыххæй Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстыл куыст цæуы.

«Хуссар Ирыстоны цæрджытæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсыны фæтк фæхуымæтæгдæр кæныны фарстыл кусы Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, ууыл кусæм мах дæр æмæ нæ минæварад дæр. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсæм Уæрæсейы фарсæрдыгæй æмбæлон фæндæттæ райсынмæ. Нырма æмгъуыдтæ бæрæг не сты, фæлæ фарст скъуыддзаг æрцæудзæн æнæмæнгæй. Уæрæсейаг фарс æй æмбары, ацы фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнын Хуссар Ирыстоны цæрджытæн куыд ахсджиаг у», – банысан кодта Гасситы Петр.

Журналистты цымыдис кодта Сири æмæ Хуссар Ирыстоны ахастыты фарст. Парламенты спикер куыд загъта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Сирийы парламентты ‘хсæн арæзт æрцæудзæн æхсæнпарламентон æмгуысткæнынад.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Сирийы æрдыгæй нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинады банымад стыр бæрæгбонон цау уыд æмæ стыр æнтыст у нæ республикæйæн.

Гасситы Петр куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны æххæстгæнæг хицауиуæгад официалон балцы ацæудзæн Сирийы Арабаг Республикæмæ.  Балцы рæстæджы къухтæ фыст æрцæудзысты барадон-нормативон документтыл, фæндон бахастæуыдзæн дыууæ паддзахады парламентты æмгуысткæнынады тыххæй дæр.

«Хуссарирыстойнаг делегаци фæстæмæ куы ’рыздæха, уæд регламентмæ гæсгæ, фыстæджытæ кæрæдзимæ æрвыст æрцæудзысты дыууæ паддзахады закъондæттæг органтæй. Сирийы парламентимæ æмгуысткæнынад æнæмæнгæй æрбиноныг уыдзæн», – загъта уый.

Дарддæр дзырд цыд РХИ-йы паддзахадон арæны тыххæй Парламенты цы къамис арæзт æрцыд, уый куысты фæдыл. Гасситы Петр радзырдта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны арæны демаркаци æмæ делимитацийы фарстаты фæдыл парламентон къамис йæ бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд сараздзæн 3-4 майы фæстæ. Къамисы хæс уый мидæг ис, цæмæй сбæрæг кæна Гуырдзыстонимæ арæн раст демаркаци æрцыд, æви нæ.

«Абоны онг нырма ницы азым æрхастæуыд  Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн банысан кæныны хъуыддагмæ. Раст зæгъгæйæ та ницы фæткхалынæдтæ сбæрæг ис», – банысан кодта Парламенты спикер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Парламент кæй сфæнд кодта Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæн демаркаци æмæ делимитацийы фæстиуджытæ сбæрæг кæнын, уый нæ фæцыд Гуырдзыстоны зæрдæмæ, æмæ мæстæлгъæдæй сдзуапп кодтой хуссарирыстойнаг фæндонæн. Арæны демаркаци æмæ делимитацийы фæдыл къамисы куыст ис Президент Бибылты Анатолийы æдзухон контролы бын. Кæд дзы исты фæткхалынæдтæ сбæрæг уа, уæд æнæмæнгæй иуварсгонд æрцæудзысты.

Мадзалы ма дзырд цыд, фæстаг рæстæджы æхсæнады цы дам-думтæ цæуы доны нымайæнты тыххæй, уый фæдыл дæр. Гасситы Петр куыд банысан кодта, афтæмæй доны нымайæнтæ æвæрд цæудзысты цæрджытæн сæхи куырдиæттæм гæсгæ. Уый куыд загъта, афтæмæй, доны нымайæнтæ æвæрд кæмæн æрцæуа, уымæн иу суткæйы иу адæймагæн 120 литры дон уыдзæн лæвар, уымæй уæлдай цы хардз кæна, уый та уыдзæн фидгæйæ.

Гасситы Петр дзуапп радта журналистты æндæр цымыдисгæнæг фарстатæн дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.