Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд ирон æвзаджы рæзты фæдыл къамисы рабадт, цыран банысанчындæуыд, «Ирон æвзаг бахъахъхъæнын, ахуыр кæнын æмæ йæ райрæзын кæныны 2012-2016 азы паддзахадон программæ»-йы фæлгæтты мадзæлттæ иумæйагæй æнтыстджынæй æххæст кæй æрцыдысты, уый.

Байхъуыстæуыд уыцы мадзæлттæ сæххæст кæныны тыххæй бæрнхæссæг минист-радтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджыты докладтæм, канд ацы аз нæ, фæлæ паддзахадон программæйы архайды æппæт азты дæр.

Хыгъдтæй бæлвырд куыд уыд, афтæмæй ирон æвзаджы райрæзты сæраппонд бирæ арæзт æрцыд. Къухы бафтыд ахуырдзауты æппæт категоритæн, уыцы нымæцы скъолайы агъоммæйы уагдæттæн дæр программæ «Малусæджы» фæлгæтты (къухдариуæггæнæг – ХИПУ-йы ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент, профессор Битарти Зоя) ахуырадон-методикон æххуысы æрмæджытæ рауадзын, РХИ-йы скъолатæн ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæн чингуытæ балхæнын, ирон æвзаг æмæ литературæ хуыздæр амоныны сæраппонд ахуырадон-методикон кабинеттæй хъуаг чи уыд, уыдон аивадон литературæйæ баххæст кæнын, республикæйы библиотекæтæ баххæст кæнын.

Афтæ ма æвæрд æрцыд бындур астæуккаг кълæстæн ахуырадон-методикон æххуысгæнæнтæ периодикон æгъдауæй уадзынæн «Æххуыс ахуыргæнæгæн», зæгъгæ. Радон декабры рауагъдмæ хаст æрцыдысты республикæйы ирон æвзаг æмæ литературæ, стæй историйы хуыздæр ахуыргæнджыты нывæзт-конспекттæ.

Рухсмæ рацыдысты ирон æвзагыл аив литературæйы чингуытæ, уагъд æрцыдысты ирон литературæйы историйы цыппартомоны сигналон экземпляртæ, нырыккон ирон æвзагыл диктантты æмбырдгæндтæ æмæ æндæртæ. Чингуытæй бирæтæ нырма сты рауагъдады, æмæ рæхджы рухс фендзысты.

Рохуаты нæ баззадысты республикон телеуынынады фадæттæ дæр. Ахуырад æмæ зонады министрады, афтæ ма Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты хъаруты фæрцы арæзт æрцыдысты телеалæвæрдтæ ирон æвзагыл «Кæфхъуындар», зæгъгæ. Уый телевизоры экрантыл фæзынд ныр æртæ хатты.Ацы фарстыты фæдыл раныхæстæн хатдзæгтæ аразгæйæ, Хъуылымбегты Доменти зæрдæбынæй бузныджы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн, афтæ рæвдз æмæ цымыдисæй хайад кæй исынц паддзахадон программæ сæххæст кæныны хъуыддаджы.

«Фæнды мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын Къамисы æппæт уæнгтæн, афтæ ма ирон æвзаджы рæзты программæйы æххæст кæныны хъуыддаджы хайад чи райста, æппæт уыдонæн дæр. Сымах бакодтат тынг ахсджиаг куыст, æмæ уый та хъæуы канд мах нæ, фæлæ ма нæ фæстагæтты дæр», – банысан кодта Хицауады Сæрдар, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, фидæн азы республикæйы разамынад адарддæр кæндзæн йæ куыст ирон æвзаг бахъахъхъæнын, сахуыр кæнын æмæ йæ рæзын кæныны сæраппонд.

Хицауады Сæрдары номыл дæр бузныджы ныхæстæ загъдæуыд, къамисы сконды чи уыд, республикæйы уыцы зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы ‘рдыгæй.

«Къамисы сæргълæууæг йæхæдæг Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти кæй уыд, уый тынг ахъаз фæци хъуыддагæн, – загъта филологон зонæдты доктор Дзиццойты Юри. – Нæ алкæцы, æцæгæйдæр, ахадгæ фæндиаг дæр æнæхъусдард нæ баззад, æмæ æр-цыд æххæст. Æппæт снысангонд мадзæлттæ дæр фидаргонд æрцыдысты финансон æгъдауæй æмæ æнтыстджынæй æххæстгонд æрцыдысты. Республикæйы къухдариуæгадæн бузныг зæгъæм йæ алыварсон æххуысы тыххæй, сæйраджы та дæуæн, Доменти Сардионы фырт!»

Райгондæй баззад æмæ паддзахадон программæйы фæстиуджытæ æххæстыл банымадта филологон зонæдты кандидат, профессор Плиты Гацыр дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг азты дæргъы ирон æвзагыл рацыд фылдæр чингуытæ, раздæр дæс азы дæргъы цы рацыд, уымæй.

«Махæн нæ къухы бафтыд, ирон æвзагыл цы чингуытæ рацыд, уыдонæй хъæздыг тыллæг, æмæ уый йæхæдæг у стыр цау, уымæн æмæ хицауад уыцыиу рæстæджы скъуыддзаг кæны ноджы бирæ æндæр социалон-экономикон проблемæтæ дæр. Зæрдæйæн ныфс дæтты уый дæр, æмæ республикæйы разамынад нысанмæздæхтæй кæй кусы ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзын кæныныл, æмæ йæм ис уыцы хъуыддаг адарддæр кæныны фæнд. Фидарæй мæ уырны, ахæм разамынадимæ махæн нæ къухы ноджы фылдæр æнтыстытæ кæй бафтдзæн», – загъта уый.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.