«Хуссар Ирыстоны æппæт адæмы номæй мæ фæнды зæгъон дын æгасцæуай æмæ фидар æнæниздзинады фæндиæгтæ, уадз æмæ дæу ног бынатмæ снысан кæныны хъуыддаг фæахъаз уæт нæ адæмты хæрзиуæгæн», – загъта бæстæйы сæргълæууæг фембæлды райдианы.

Йæхи рады, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Епископ Леонид бузныджы ныхæстæ загъта Тыбылты Леонидæн йæ фæхуынды тыххæй, æмæ банысан кодта, ахæм хæларадон фембæлдтытæ ахсджиаг кæй сты.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыдис Цхинвалы Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны арæзтады тыххæй.

«Раздæр уал æнæмæнгхъæуæг у юридикон фарстытæ аскъуыддзаг кæнын, æмæ стæй арæзтад барæвдз кæнын. Мах лæууæм Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн æмгуыстады фæндыл», – загъта Тыбылты Леонид.

Æхгæддуарæй иукъорд фарстатыл æруынаффæ кæнгæйæ, Президент æмæ Епископ банысан кодтой, зæгъгæ æппæт фарстыты фæдыл дæр æрцыдысты иу хъуыдымæ.

«Иууыл ахсджиагдæр фарстыты фæдыл æруынаффæ кæнгæйæ, Епископ Леониды ‘рдыгæй æз сæ аскъуыддзаг кæныны сæраппонд кæрæдзи бамбæрстам», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Епископ дæр йæхи рады загъта, зæгъгæ, æппæт фарстыты фæдыл дæр дзургæйæ, æрцыдысты разыдзинадмæ.

«Мах фæнды, цæмæй нæхимæ цы проекттæ райстам, уыдон сæххæст кæнæм, æмæ хæссæм бæлвырд бæрндзинад», – загъта Дзæуджыхъæуккаг Епархийы сæргъ-лæууæг.

Цхинвалы центры Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны арæзтадмæ цы хауы, уый фæдыл та Президент банысан кодта, зæгъгæ, цыбыр рæстæгмæ арæзтад райдайынæн цæлхдур цы у, æппæт уыцы проблемæтæ дæр хъæуы аскъуыддзаг кæнын.

Йæхи рады, Епископ Леонид банысан кодта, зæгъгæ, лæууы арæзтад фæрæвдздæр кæныны хъуыдыйы фарс, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, иуæй-иу æххæстбартæ райсдзæн йæхимæ, сæрмагонæй та Уырыссаг Чырыстон Аргъуан цы Фонды хардзæй арæзт цæуы, ууыл разамынад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.