27 июлы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты цыппæрæм сессийы æвдæм рабадт. Æмбырд уагъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Æмбырды райдианы Бибылты Анатоли æппæт депутатты корпусы номæй бузныг загъта РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæйæн æмæ ПТРК «Ир»-ы коллективæн, РХИ-йы Парламенты 25 азон юбилеимæ баст мадзæлттæ уадзыны æмæ сæ равдисыны хайад кæй истой, уый тыххæй. Стæй сын радта зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ Кады грамотæтæ.

Уый фæстæ депутаттæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой сессийы рабадты боны фæтк.

Закъондзинад, закъондæттынад æмæ бынæттон хæдразамынады парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся æркæсынмæ æрбавдыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис саразыны фарст, Централон æвзарæн къамисæн йæ æххæстбарты æмгъуыд кæй фæци (2016 азы 17 августы), РХИ-йы Контситуцийы (Сæйраг Закъон) 61 статьяйы 7 пункт æмæ «РХИ-йы æмбæстæгты æвзарæджы бартæ æмæ референдумты хайад исыны барты сæйраг гарантиты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион Закъоны 21 статьямæ гæсгæ. РХИ-йы Парламенты иугæндтæ æмæ Парламенты депутатты размæ сфидар сæ кæнынмæ рахастæуыд Централон æвзарæн къамисмæ кандидатты ахæм номхыгъд:

  1. Гæджиты Эмилия Радионы чызг
  2. Гаглойты Таирæ Хазбийы чызг
  3. Джиоты Агуындæ Сергейы чызг
  4. Лалыты Залинæ Юрийы чызг
  5. Остъаты Ханджер Сандройы фырт
  6. Туаты Артур Алиханы фырт
  7. Цхуырбаты Сослан Гарикы фырт

Централон æвзарæн къамисмæ æрбавдыстуæвæг алы кандидаты тыххæй дæр депутаттæ сæ хъæлæстæ радтой æмзæрдæйæ.

Уыцы комитет ма æруынаффæ кæнынмæ рахаста РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид Плиты Беллæйы канидатурæ кæй æрбавдыста Централон æвзарæн къамисы сæргълæууæгæй йæ сфидар кæнынмæ. Коцты Олесяйы ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстыл уынаффæ цыд РХИ-йы Парламенты комитет æмæ Президиумы. РХИ-йы Президенты минæвар РХИ-йы Парламенты Козаты Мадинæ дæр банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид стыр аргъ кæны Плиты Беллæйы профессионализм æмæ бæрнджын ахастæн йæ куыстмæ, æмæ куры депутатты корпусæй, цæмæй ацы кандиатурæйы фарс рахæцой. Фарстыл æруынаффæ кæнгæйæ, депутаттæ æмхъæлæсæй хорзыл банымадтой Плиты Беллæйы кандидатурæ РХИ-йы ЦÆК-ы сæргълæууæгæй йæ снысан кæныны сæраппонд.

Йæхи рады Плиты Беллæ дæр бузныг загъта депутаттæн се ууæнчы тыххæй, стæй парламентаритæ æркастысты «Банктæ æмæ банкты архайды тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проектмæ. Уый бавдыст æрцыд Бюджет æмæ фиддонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæйы ’рдыгæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы закъоны проект райсыны сæр бахъуыди РХИ-йы банкты системæ райрæзыны æнæмæнгхъæуындзинады сæраппонд, закъоны проекты фæрцы фæхуыз-дæргонд æрцæудзæн РХИ-йы нацбанчы хъæппæрисмæ гæсгæ кредитон организацийы аиуварс кæныны фæтк. Закъоны проект хæссы ахæм уагæвæрдтæ, кæцытæ бæлвырдбæрцæй ратдзысты финансон стабилондзинады æмæ бизнесы æнтыстджын рæзты фадат. Банысангонд æрцыд, зæгъгæ, «Бангты æмæ бангты архайды тыххæй» РХИ-йы Закъон райстæуыд 1997 азы 23 апрелы, æмæ уæдæй абонмæ ноггонд не ’рцыди, иуæй-иу ивддзинæдтæ куынæ нымайæм, уæд, афтæмæй та Республикæйы бангты системæ у фæхуыздæр кæнынхъуаг.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы закъоны проектыл.

Уыцы комитет ма æрбавдыста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон «Республикæ Хуссар Ирыстоны 2016 азы Паддзахадон бюджеты тыххæй» Закъоны проект æруынаффæ йыл кæнынмæ. Ацы фарсты фæдыл ныхасы рацæуæг Хæбæлаты Азæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы закъоныл бакусыны сæр бахъуыд РХИ-йы 2016 азы паддзахадон бюджеты æфтиагон хай фæивыны, РХИ-йы Хъалонты кодекс йæ тыхы кæй бацыд, уый сæраппонд, цæмæй сноггонд æрцæуа РХИ æмæ УФ æхсæн æмцæдисдзинад æмæ интеграцийы Ба-дзырды сразыдзинæдтæ æмæ иумæйаг мадзæлттæ æххæст кæныны тыххæй рæстæгмæ уал æнæдихгонд æхцайы бæрц, афтæ ма РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион програм-мæйы ног редакци равдисыны, æмæ РХИ-йы 2016 азы паддзахадон бюджеты хицæн хардзон статьяты бæрц фæфылдæр кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинады сæраппонд. Уымæй дарддæр ма ивддзинæдтæ æнæмæнгхъæуæг сты, 2016 азы 28 июны УФ æмæ РХИ-йы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæн-хицауадон къамисы æхсæрдæсæм рабдты ист чи æрцыд, РХИ-йы социалон-эко-номикон рæзтæн ахъазгæнæг 2015-2017 азты уыцы Инвестицион программæйы ног редакци равдисынæн. Финансты министр лæмбынæгæй равдыста парламентаритæн республикæйы бюджеты æфтиагон æмæ хардзон статьятæм хауæг бахæссинаг цы ивддзинæдтæ ис, уыдон параметртæ.

Профилон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ йæхи рады банысан кодта бюджетон закъондæттынад æххæст кæныны ахсджиагдзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бюджетимæ баст фарстытæм кæсыны рæстæджы, РХИ-йы Конституцимæ гæсгæ, хъусдард хъуамæ цæуа республикæйы сæйраг финансон документы социалон здæхтдзинадыл.

Коцты Жаннæ куыд банысан кодта, афтæмæй профилон комитеты, закъоны проектыл уынаффæ кæныны рæстæджы сæвзæрд иукъорд фарсты, комитеты уæнгтæ банымадтой æнæбындурыл хæрдзты иуæй-иу бæрцытæ. Сæрмагондæй, дзырд цыди, скъола «Альбион»-ы цалцæг кæныныл чи бахъуыд, уыцы хæрдзтыл, Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитет ифтонггæрзтæ балхæныны тыххæй цы фæрæзтæ куры, уыдон бæрцыл, афтæ ма горæт Цхинвалы администрацийы республикæйы уынгты хæрзарæзты сæраппонд цы фæрæзтæ курынц, уыдон тыххæй.

Банысангонд æрцыд, зæгъгæ, Дзауы районы администраци йæхи рады не сбæлвырд кодта районы рæзты сæйрагдæр цы у, уый, арæзтады æмгъуыдты фæдыл дæр æв-зæры фарстытæ.

Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли хъусдард аздæхта бюджетон закъондæттынад æххæст кæныны ахсджиагдзинадмæ, ома æхцайы фæрæзтæ æнæнысан-мæздæхтæй хардз хъуамæ ма цæуой, æмæ æрсидт финансты министрадмæ, цæмæй администрацитæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытимæ æмбæлон куыст бакæной.

Депутат Плиты Агуындæ, рынчынтæн хос кæныны сæраппонд æхцайы хъуагдзинадыл дзургæйæ, радта фарст, æнæниз-дзинад хъахъхъæныны министрады ацы нысанæн æхцайы фæрæзтæ фæфылдæр кæныны фадат уыдзæн, æви нæ.

Ацы фарсты фæдыл ныхасы рацыд Къозонты Алан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны къабаз æхцайы фæрæзтæй сифтонг кæныны фарст у ахсджиагдæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, раст уаид РХИ-йы æмбæстæгтæн бæрзонд-тех-нологион медицинон æххуысы сæраппонд уæлæмхас фæрæзтæ самал кæнын, уыцы нымæцы ЭКО дæр.

Закъоны проекты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Харебаты Сергей, Плиты Агуындæ, Чилæхсаты Владимир, Бесаты Зитæ, Джиоты Аллæ, Хуыбиаты Альберт, Коцты Олеся, Мамиты Инал, афтæ ма Хицауадæй хуынд адæймæгтæ, ведомствоты къухдариуæггæнджытæ æмæ администрациты сæргълæуджытæ.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй Парламент æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны ныхмæ нæу, фæлæ хъуамæ цы æхцайы фæрæзтæ куырдæуы, уыдонæн уа бындур, цæмæй адæммæ æхцайы фæрæзтæ хардз кæныны хъуыддаджы ма уа фарстытæ æмæ дызæрдыгдзинад. Уымæй дарддæр ма Парламенты Сæрдар равдыста æнæразы-дзинад, ведомствоты разамонджыты иу хай бюджетмæ бахæсгæ ивддзинæдтæм æркæсыны рæстæджы профилон комитеттимæ иттæг æмархайд кæй нæ кодтой, уый фæдыл. Æппæт фарстыты фæдыл Парламентимæ фæстиуæгджын æмархайды цæвиттоны хуызы Бибылты Анатоли æрхаста финансты министр Хæбæлаты Азæйы. «Мах бюджетыл кусæм ныр дыууæ къуырийы дæргъы, фæлæ бирæ къухдариуæггæнджытæ та Парламентмæ цæуын райдыдтой цалдæр боны размæ, сæ ведомствотимæ баст фарстытыл уынаффæ кæныны охыл», — банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый ма загъта, зæгъгæ, æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæнынимæ баст иукъорд пункттæн бындур кæй нæй, уый тыххæй фракци «Иугонд Ирыстон» рахаста ацы закъоны проектыл не сразы уæвыны фæндон.

Æруынаффæ кæныны фæстæ, депутаттæ сразы сты депутат Бесаты Зитæйы фæндоныл, цæмæй закъон æмткæй иуварсгонд ма ’рцæуа, фæлæ хъæлæс кæной алкæцы статьяйыл дæр хицæнæй.

Ахæм хъæлæсæппæрсты фæстæ хъæлæсты фылдæр хайæ депутаттæ не сразы сты Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитет, горæт Цхинвалы администраци æмæ Дзауы районы администрацийæн уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныныныл.

Парламенты Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй ацы администрацитæ æмæ ведомствотæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны фарстытæм æркастæуыдзæн фæстæдæр, бæлвырд бындуриуæггонд куырдиат куы æрбавдисой æмæ сæ размæцыды ахсджиагдæр цы у, уый куы сбæлвырд кæной, уæд.

Депутаттæ ма хъæлæс лæвæрдтой депутат Коцты Олесяйы æрбахæсгæ фæндоныл. Уый баст уыди бæрзонд-технологион медицинон æххуысы (ЭКО) сæраппонд 8 милуан сомы рахицæн кæнынимæ Дзауы районы администрацийы фæрæзты хардзæй.

Дарддæр депутатты корпусы раз 2015 азы РХИ-йы Хицауады куысты тыххæй хыгъдимæ ныхасы рацыд Хъуылымбегты Доменти. Уый йæ лæмбынæг хыгъдон документы банысан кодта РХИ-йы цардархайды алы къабазы дæр цы куыст æрцыд, уыдæттæ.

2015 азы Хицауады куысты тыххæй хыгъдмæ байхъусгæйæ, депутаттæ æрæв-нæлдтой уымæ æркæсынмæ, Хъуылымбегты Доментимæ цымыдисгæнæг фарстытæ дæтгæйæ. Депутат Коцты Олеся ракодта РХИ-йы пенитенциарон ситемæйы пробле-мæты кой, сæрмагондæй та, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæттид, ахæм хъомылгæнæн уагдоны арæзтад ахсджиаг кæй у, уый тыххæй. Коцты Олеся ма рæгъмæ рахаста бирæсывæллонджын бинонтæн æххуыс кæныны паддзахадон программæ саразыны темæ дæр, æмæ радта фарст, цавæр мадзæлттæ исы хицауад ацы къабазы.

Депутат Къозонты Алан ракодта, æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон фадыгмæ хауæг фарстыты кой, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахсджиаг у мыздтæ æмæ пенситы идексаци кæнын инфляци ныртæккæ куыд у, уымæ гæсгæ. Уый ныхæстæм гæсгæ, мызды иууыл къаддæр бæрц хъуамæ ма уа фæцæрыны минимумæй къаддæр, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны куыд у, афтæ. Уымæй дарддæр ма, Къозонты Аланмæ сæвзæрд фарст официалон статистикæмæ, республикæйы чи мæлы, уыцы адæмы нымæц къаддæрæй æвдисыны тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ис уыцы статистикæйы ныхмæ чи лæууы, ахæм факттæ.

Депутат Коцты Жаннæйы цымыдис кодта, экономикæйы министрад цы аразы, республикæйы цæрджыты хисæрмагонд æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны тыххæй, зæгъгæ.

Депутат Харебаты Сергей депутатты хъусдард аздæхта арæнгæрон районты цæрæг адæмы проблемæтæм, кæцытæ тыхстдзинад æвзарынц уадзæн системæйы режимы аххосæй. Уымæй дарддæр ма радта, республикæйы территоримæ УФ-йы территорийæ уæрæсейаг таможнæйы сæрты æнæ-паддзахадон фирмæтæ æртаг-сæрдæн æрмæджытæ куыд ласынц, уыцы фарст. Уыдонæн сæ бон нæ вæййы РФ æмæ РХИ-йы æхсæн цы сразыдзинад ис, уымæ гæсгæ ацы продукци ласгæйæ хатырон режимæй спайда кæнын.

Депутат Тедеты Руслан йæхи рады банысан кодта, зæгъгæ горæт Цхинвалы ныртæккæ ис 50 пырх кæнæ хъыгдард хæдзары æмæ фатеры. Уыдон баззаддысты æнæцалцæгæй. Уый бацымыдис кодта, Хицауад куыд хъавы аскъуыддзаг кæнынмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæй паддзахадон арæн æвæргæйæ Гуырдзыстоны территорийыл чи баззад, уыдоны проблемæтæ.

Йæ комментаритæ æмæ фиппаинæгтæ Хицауады архайды хыгъды фæдыл загъта Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли. Уый дæр ныхасы рацыд докладимæ.

Сæрмагондæй, йæхи рады уый рæгъмæ рахаста, Хицауад подрядгæнджытæй цы хæстæ дары, уыдон тыххæй фарст. Уыдонæн сæ гуырахст у 680 милуан сомы. Уыимæ иумæ ацы нымæцы фылдæр хайы фæдыл ис тæрхонгæнæн органты уынаффæ, фæлæ уæддæр арæзтадон организацитæ абоны онг дæр нæма райстой се ’хца. Хицауады хыгъды 2015 азы дæргъы æнæнысанмæздæхтæй æхца бахардз кæныны цаутæ нæ бахынцыдæуыд, зæгъгæ, уымæн комментари аразгæйæ Бибылты Анатоли æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта 2014-2015 азты Контролон-нымайæн палатæйы басгæрстыты фæстиуджытæм, цыран бахынцыдæуыд, сметæты æргътæ дæс милуангай сомты бæрц фылдæргондæй æвдыст кæй цыдысты, уый. Бибылты Анатоли равдыста йе ’нæразыдзинад раздæры хъусынгæнинагимæ, ома, Хуссар Ирыстоны æндидзынгæнæн процесс фæуд у. «Махæн дзурæн нæй æндидзæн хъуыддаджы фæудыл, цалынмæ 2008 азы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы пырх кæнæ хъыгдард цы хæдзæрттæ æмæ фатертæ æрцыдысты, уыдон се ‘ппæт дæр арæзт æрцæуой, уæдмæ», — фидарæй загъта, уый.

Парламенты спикер ногæй æрдомдта, цæмæй лигъдæттæ цы æмдзæрæнты цæ-рынц, уыдон ист æрцæуой балансмæ æнæмæнгхъхъæуæг цалцæггæнæн куыстытæ дзы бакæныны нысанæн. Абоны бон уыцы бæстыхæйттæ сты кæуинаг уавæры, адæм та сæ мидæг цæрынц æнæ исты санитарон нормæтæ хъахъхъæнгæйæ.

Бибылты Анатоли ма, Хицауады архайд критикæ кæм цæуы, уыцы сæйраг пунктты нымæцы æрхаста Хуссар Ирыстоны фермерон хæдзарадтæн аккаг æххуыс кæй нæ цæуы, уый дæр. Парламенты Сæрдары уайдзæф ма æрхауд ахæм фарсты фæдыл дæр, æмæ амалиууæггæнджытæн кредиттæ зынтæй лæвæрд кæй цæуынц, арæзт чи æрцыд, уыцы Инвестагентады уылты. Уый райдыдта кусын 2015 азы февралы. Уæдæй нырмæ финансгонд æрцыдысты æрмæст дыууæ проекты.

«Махмæ цæуынц æрмæст арæзтадон куыстытæ, республикæйы регистраци æрцыд 300 арæзтадон фирмæйæ фылдæр, æмæ уæд кæм ис хисæрмагонд экономикæ æмæ хъæууон хæдзарады размæцыд та? Мах, раздæр куыд уыди, афтæ абон дæр æттейæ ласæм фæлхасадон хъæууонхæдзарадон продукци. Агросæудæджерадон комплекс, куыд уынæм, афтæмæй никуы зыны. Экономикæйы реалон къабаз размæ цæуы тынг сындæггай. Чысыл амалиуæгадæн арæзт не ’рцыд æнæмæнгхъæуæг уавæртæ», — банысан кодта Парламенты спикер.

РХИ-йы кондады рæзты проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй Хицауад цы мадзæлттæ исы, уыдон нымад æрцыдысты, фаг чи нæ у, ахæмтыл. Уайдзæфтæ æрхауд, Парламентмæ æрбавдыст кæй нæй фадыгон рæзты паддзахадон программæтæ сфидар сæ кæнынмæ, уыцы хъуыддджы фæдыл дæр.

Уайдзæфтæ æргом загъдæуыд фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн дæр. Фыццаджыдæр уал Бибылты Анатоли æрæ-вæрдта фарст, цы аххосæгтæм гæсгæ абоны онг дæр нырма æххæстгонд не ’рцыд РХИ-йы Президенты хæслæвæрд Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтимæ æхсæн-паддзахадон бадзырдтæ саразыны сæраппонд.

Парламенты сæргълæууæг фарст радта Таможнæйон комитеты къухдариуæггæнæг-мæ, абоны онг дæр ма гуырдзиаг-ирон арæны ленингойраг фадыджы æвæрд кæй нæма у таможнæйон пост, уый фæдыл. «Арæны Ленингоры фадыджы сæрты ласт цæуы хъæууонхæдзарадон продукцийы стыр гуырахст, æмæ йыл æвæрд нæ цæуы таможнæйон фиддон. Уыцы рæстæджы та мах фиддон æвæрæм Уæрæсейæ ласгæ продукцийыл. Цымæ нын паддзахадон арæн æрмæст Уæрæсеимæ ис?», — фарст радта Бибылты Анатоли.

Критикæ æрхауд, Хицауады æрдыгæй æргъты рæзыны ныхмæ кæй ницы мадзæлттæ ист цæуы, уыцы хъуыддагмæ дæр.

Ноджы ма иу проблемон фарст у, алкоголизмы фарст, уый ныхмæ дæр ницы мадзæлттæ истæуы.

Уымæй дарддæр ма Парламенты спикер æрдомдта, цæмæй адæмæй пенсийы кармæ чи бахæццæ ис, уыдон сæ куыстæй ма æрвитой, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уымæй хæлд цæуынц РХИ-йы территорийыл архайæг Фæллойадон Кодексы нормæтæ. Ацы фарсты фæдыл Хицауады райсгæ Уынаффæ у Конституцийы ныхмæ, æмæ уый фидаргонд æрцыд РХИ-йы Генералон прокуратурæйы фæрцы. «Мах æмбарæм, Хицауад фæсивæды куыстæй сифтонг кæныныл кæй тыхсы, фæлæ ацы проблемæйæн аскъуыддзаггæнæн нæй фæллойадон закъондæттынад æмæ иннæ кусджыты бартæ халыны фæрцы», — банысан кодта Бибылты Анатоли.

Министрадтæ æмæ ведомствотæн ма уайдзæфтæ загъдæуыд бирæ æндæр фарстыты фæдыл.

Банысангонд ма æрцыд, зæгъгæ, Хицауады хыгъдтæ сæхæдæг дæр афойнадыл нæ вæййынц æрбалæвæрд.

Парламенты Сæрдар йæ раныхасы кæрон бахаста фæндон, цæмæй депутатон корпус æппæрццаг аргъ скæна 2015 азы Хицауады архайдæн.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæм гæсгæ депутатты фылдæр хай æппæрццаг аргъ скодтой Хицауады архайдæн, 4 депутаты уыдысты ныхмæ, 2 та фæхæцыдысты сæхиуыл. Боны фæткы фæстаг пункт уыди депутатты каникултимæ баст, æмæ уыйадыл РХИ-йы Паддзахадон гимнæй фæци РХИ-йы Парламенты цыппæрæм сессийы æвдæм рабадт.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.