Уæрæсейы бонмæ

 

12-æм июнь – Уæрæсейы бæрæгбон хауы Хуссар Ирыстонмæ дæр. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты 98 процентæй фылдæр сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад дæр фыццаг Уæрæсе банымадта. Гуырдзыйы агрессийы фæстæ йæ пырх æмæ сыгъд адæмон хæдзарад дæр Уæрæсейы æххуысæй æндидзы. Иу дзырдæй, бирæ сты Уæрæсейы лæггæдтæ Хуссар Ирыстоны раз.

Хуссар Ирыстоны адæм дæр Уæрæсейы бон  нымайынц бæрæгбоныл, уымæн æмæ дыууæ адæмты ‘хсæн хæлардзинады тæгтæ раджы сфидар сты. 1774 азы Иугонд Ирыстон бацыд Уæрæсейы скондмæ æмæ уæдæй фæстæмæ кæрæдзийыл гадзрахатæй никуы рацыдысты. Стыр Уæрæсе иу æнусы дæргъы Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны цалдæр хатты бахызта æцæг геноцидæй 1920 азтæй райдайгæйæ. Абон хуссарирыстойнаг адæм сæ цард нæ уынынц æнæ Уæрæсейæ, ирон адæм Уæрæсеимæ цæрынц иу хъысмæтæй. Ирон сабийæн йæ чысылæй фæстæмæ йæ сæрызонды ныффидар вæййы иу хъуыды – æнæ Уæрæсе ирон адæмæн цард нæй æмæ Уæрæсейы фæнымайы йæ дыккаг райгуырæн бæстæйыл. Иуныхасæй, нæ цард æнгом тæгтæй баст у æфсымæрон Уæрæсеимæ. Абон кæд цæрын фæразæм, абон кæд нæ сывæллæттæ, Ирыстоны фидæн цæрынц сабыр цардæй сабыр арвы бын, нал хъусынц знаджы алыгъуызон хæцæнгæрзты богъ-богъмæ, уæд уый у Стыр Уæрæсейы руаджы. Ирон адæм никуы дих кодтой æмæ дих кæндзысты Уæрæсе æмæ Ирыстоны. Никуы дæр ын йе стыр лæггæдтæ ферох кæндзысты.

Советон Цæдисы ныппырхимæ хуссарирыстойнаг адæмы цард зындон  куы фестад, æхсæвæй, бонæй нæм балбирæгътау гуырдзиаг фашисттæ алырдыгæй куы лæбурдтой, уæд дæр нæм фыццаг йе ‘ххуысы къух Уæрæсе фæдаргъ кодта. 1992 азы 14-æм июлы дæр уæрæсейаг фидаугæнджытæ æрбахастой сабырад хæтæфхæрд Хуссар Ирыстоны зæхмæ.  Уыцы бонæй фæстæмæ цалдæр азы дæргъы Ирыстоны зæххыл уыд сабырад, кæд сæртæг сабырад уыд, уæддæр. 2004 азы августы мæйы дæр уавæр тынг куы скарз, уæд дæр гуырдзиаг фашистты Уæрæсе фæсырдта Хуссар Ирыстоны зæххæй.

2008 азы августы тугуарæн хæсты дæр фыццаг цæф уæрæсейаг фидауынгæнджытæ райстой сæхимæ. Уыдонæй бирæтæ се ‘нусон бынат ссардтой Ирыстоны зæххыл, нæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ сæ сæртæ нывондæн æрхæсгæйæ. 2008 азы августы Стыр Уæрæсе бхъахъхъæдта  Хуссар Ирыстоны, номхуындæй, йæ уый стыдта гуырдзиаг лæг-хорты тугæйдзаг дзæмбытæй æмæ ирон адæмы бахызта бынтон скуынæг кæннæй. Уæрæсе, ды нын балæвар кодтай, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм æмæ бæллыдыстæм, уыцы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, кæцымæ ирон адæм бæллыдысты æмæ тырныдтой дæргъ-вæтин  азты дæргъы, сæ хуыздæр фыртты æмæ чызджыты сафгæйæ.

Мах нæ сæртæй ныллæг кувæм уæрæсейаг фидауынгæнджыты мысынады раз, кæцытæ, цалдæр сахаты дæргъы сæхи цардыл нæ хъуыдыкæнгæйæ, удуæлдай тох кодтой фыдзнаджы ныхмæ. Нæ сæртæй ныллæг кувæм ирон æмæ уæрæсейаг мæдты раз, кæцытæ схъомыл кодтой ахæм хъæбатыр фыртты – æцæг нæлгоймæгты. Æнусон кад уæрæсейаг æмæ ирыстойнаг лæппутæн, кæцытæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой Ирыстоны æмæ Уæрæсейы фидæны тыххæй. Æгæр стыр аргъ бафыстой ирон адæм сæ сæрибардзинады тыххæй, æмæ нын уымæ гæсгæ уæлдай зынаргъдæр у нæ хæдбардзинад.  2008 азы августы тугуарæн хæсты фæстæ адæм ныккæндтæй куы рахызтысты, уæд сæ цæстытыл нæ баууæндыдысты, нæ чысыл, нæ рæсугъд уарзон Цхинвал иууылæр уыд алыгъуызон пырхæнты бын.

Фæлæ абон Стыр Уæрæсейы руаджы нæ горæт бонæй бонмæ ивы йæ хуыз. Цхинвалы уынгтæ æндидзыд цæуынц. Мах В.Путины цæрæнбонæн алы минут дæр хъуамæ кувæм. Махæн В.Путин æмæ Д.Медведев сты  нæ Хуыцæуттæ. Стыр хæрзты бацыдысты ирон адæмæн. Уæрæ-сейы къухдариуæгад ницы æвгъау кæны Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн. Махæн нæ фыдæлтæ зондджын адæм уыдысты æмæ æнæхъуаджы сæ хъысмæт куынæ сбастой Стыр Уæрæсеимæ, мыййаг. Махæн В.Путин æмæ А.Медведев куынæ уыдаиккой, уæд 2008 азы августы, гуырдзы нæм «сыгъдæг быдыр» аразынмæ сау кæлмытау куы æрбахылдысты, уæд ма нæ  удæгасæй чи аирвæзтаид, уыдон дæр цæрæнбонтæм гуырдзыйæн цагъайрæгтæ суыдаиккой, ничиуал дæр сын бар радтаид сæ мадæлон æвзагыл дзурынæн. Уæдæ йæ алчи дæр хъуамæ æмбара, æнæ Уæрæсе махæн цард кæй нæй, уый. Алчи  дæр æй хъуамæ зона æмæ йæ цæрæнбонтæм йæ зæрдыл бадара, хуссарирыстойнаг адæмæн В.Путин цы стыр хæрзты бацыд, ацы стыр адæймаджы фæрцы сæрæгас кæй стæм абон, уый.

Хуыцау зæгъæд æмæ ирон адæмы иннæ æнусон бæллиц дæр цы сæххæст уа æмæ тагъд рæстæджы Уæрæсейы скондмæ цы бацæуæм. Уадз, дыууæ Ирыстоны ‘хсæн таможнæйон арæн мауал уæд! Зынаргъ æмбæстæгтæ, алчидæр уæ йæ зæрдыл дарæт, хур ныл Уæрæсейы ‘рдыгæй кæй кæсы, уый…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.