ТУРНИР КОМПЛЕКСОН ÆМБУАРХÆСТÆЙ

Ныр 10-æм хатт Цхинвалы уагъд æрцыд турнир комплексон æмбуархæстæй «Спецназ мира против террора и наркоугрозы», зæгъгæ. Ерыстæ æрвылхатт дæр стыр цымыдисдзинад сывзæрын кæнынц спортуарзджытæм. Ныр дæр та сæдæгай спортуарзджытæ æрбацыдысты спортивон галуан «Олимп»-мæ, цæмæй бакæсой, тыхон структурæты минæвæрттæй цæттæдæр чи сты, уыдонмæ. Ерысты хайад райстой Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды, Хъахъхъæныны паддзахадон службæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы къорды командæтæ. Се ‘хсæн уыдысты дунеон ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ дæр. Æдæппæтæй ерысты тох кодтой майданты 8 комплектыл.

Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн æмæ залмæ æрбацæуджытæн раарфæ кодта Президент Бибылты Анатоли.

«Мах абон нысан кæнæм стыр бæрæгбон – Уæрæсейы бон. Уæрæсейы Федерацийы æххуысы фæрцы махæн абон фадат ис ахæм ерыстæ уадзынæн», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг. Президент ма куыд банысан кодта, афтæмæй турнир уагъд цæуы уый тыххæй, цæмæй йæ хайадисджытæ уой æнгомдæр æмæ быцæуы бæсты чи цæттæдæр у, уый гауызыл бæрæг кæной.

Ерысты хайадисджытæн ма раарфæ кодта «РХИ-йы комплексон æмбуархæсты федераци»-йы президент Тедеты Сослан. Уый ма бузныг загъта, президентæн ерыстæ ауадзынæн сын йæ фондæй финансон фæрæзтæ кæй рахицæн кодта, уый тыххæй.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ йæ уæлахиздзаутæ систы Сагкаты Аслан, Тедеты Азæмæт, Дзабиты Шамиль, Хуыбиаты Марат, Къадзты Михаил, Дзабиты Артем, Лолоты Артур æмæ Бестауты Азæмæт.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамо-тæтæ æмæ æхцайы премитæй.

Командон хыгъды иууыл фылдæр майдантæ рамбылдта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командæ æмæ йын лæвæрд æрцыд сæйраг приз. Дыккаг бынат фæцис Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы æмæ æртыккаг та ссис Хъахъхъæнынады министрады командæ.

 

РОГ АТЛЕТИКÆ

Спорт

Рог атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинæгтæ хайад райстой æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылдты чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Краснодары. Хуссарирыстойнаг спортсментæн бантыст дыууæ майданы рамбулын. Ядро æппарынæй ерысты дыккаг бынат бацахста Тадтаты Ричард. Уый æфсæн къори аппæрста 14 метр æмæ 17 сантиметрмæ. Ерысты бронзæйон призер та ссис Багаты Артур. Уый та майдантыл тох кодта 3 мин метрмæ згъорынæй. Уымæн ацы дистанци алидзын бантыст 10 минут æмæ 17 секундмæ. Спортсменты тренер у Гæззаты Аслан.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, алы тренеры дæр фæнды, цæмæй йæ хъомылгæнинæгтæ фыццаг бынæттæ бацахсой. Мах дæр тырнæм уыцы хъуыддагмæ. Фæлæ ныр мæ хъомылгæнинæгты архайдæй райгондæй баззадтæн. Уæлдайдæр, уый бахынцгæйæ, æмæ 15-аздзыд Багаты Артур кæй ерыс кодта, 18 азы онг кæуыл цыд, ахæм спортсментимæ», – загъта Гæззаты Аслан.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.