Рагон æмæ æрыгон бæрæгбонтæ нæ вæййы… Рæстæгмæ чи уа, кæнæ раджы чи ферох, ахæмтæ бæрæгбонтыл нымад нæ цæуынц. Абон стыр Уæрæсе цы бæрæгбон нысан кæны – Уæрæсейы Бон, уый нысан кæнæм æмæ йæ кæддæриддæр хъуамæ нысан кæнæм мах дæр, уымæн æмæ нын иумæйаг бæрæгбон у.

Нæ зондджын фыдæлтæ, сæ фæстагæтты сомбоныл тыхсгæйæ, царды фæндтæ куы кодтой, уæд сæ хъус куыднæ хъуамæ дардтаиккой, сæ алфæмблай цæрæг адæмттæм – кæй дæлуæхск балæууой, ныфс кæмæй авæрой… Сæ хъысмæт, бæлвырддæр зæгъгæйæ, нæ хъысмæт нын стыр Уæрæсеимæ куы сбастой, уæдæй бирæ рæстæг рацыд, фæлæ нæ иудзинад, нæ хæлардзинады дæргъвæтин фæндаг  официалонæй нымад цæуы 1774 азæй, ома Ирыстон Уæрæсейы империйы скондмæ куы бацыд, уæдæй. Фæлæ уæды онг дæр Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн уыцы хæлардзинад æмæ иудзинады тæгтæ куынæ уыдаиккой, уæд нæ куырыхон фыдæлтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æндæр фæндаг равзæрстаиккой, æндæр искæуыл бакъул кодтаиккой сæхи. Иугæр ирон адæммæ Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæндон сæвзæрд, уæд уый нысан кæны, уæды онг дæр нын кæй нæ уыд Уæрæсейæ æввахсдæр æмцæдисон.

Афтæ уыд, афтæ у æмæ афтæ уыдзæн!

Сæдæ азы размæ нæ гуырдзы куы цагътой, уæддæр нæ уырыссаг адæм фервæзын кодтой, кæд большевикон Уæрæсейы гуырдзиаг фашизм æмæ шовинизмæн æгæр арф уидæгтæ разынд æмæ ма хуссайраг ирæттæй кæй  фервæзын кодтой, уыдоны та не знæгты хъуыры адджын комдзагæн нытъыстой, уæддæр.

Цы саразæм, уый дæр нæ ныхыфыст уыд, нæ историон хъысмæты иу риссаг хай æмæ ма йыл ныр цы тæргæйттæ кæнæм – хъуамæ йыл басæттæм, фылдæр хатт нæхи ахоссæй кæй бахауæм ахæм хъысмæтæвзарæнты…

Советон дуджы, кæд нæ гуырдзы æргомæй нал цагътой, уæддæр нын нæ тау æмæ нæ уидаг, нæ удварн æмæ нæ ирондзинад куынæг кодтой сусæгæй. Æргомæй дæр æмæ нæ сусæгæй дæр бынтон кæй нæ скуынæг кодтой, уый дæр та уырыссаг адæмы фæрцы уыди (Советон Цæдис дæр Стыр Уæрæсе уыди, уæдæ цы уыди!). Нæхæдæг сын фылдæр фадат лæвæрдтам, цæмæй нæм уæндыдаиккой, цъист нæ кодтаиккой, нæ фæсонты нын се ‘нусон згæ кард сагъдæй дардтаиккой. Махæн уырыссаг адæм афтæ никуы дзырдтой, цæмæй иу гуырдзиаг кæм уа, уым ссæдз ироны гуырдзиагау кувой æмæ дзурой, махæн уырыссаг адæм афтæ никуы загътой, цæмæй ирон мæдтæ сæ сывæллæтты  барвæндонæй æрвитой гуырдзиаг æвзаг ахуыр кæнынмæ æмæ афтæ дарддæр.

Мах нæ ныфсы бæстæ, не ‘мцæдисон Уæрæсейæ уазал ахаст банкъардтам æрмæстдæр уæд, нæ иумæйаг райгуырæн бæстæ куы ныппырх æмæ ихы сæрыл куы аззадыстæм, æвдай азы бæрц кæрæдзийæн хотæ æмæ æфсымæртæ цы адæмты хуыдтой, уыдон, стонг сырдтау, кæрæдзийы хурхы сæртæм куы бавнæлдтой, уæд… Фæлæ йæ абон æмбарæм æмæ йæ гъеуæд дæр æмбæрстам, уый уырыссаг адæм æмæ Уæрæсейы уазал ахаст кæй нæ уыдис… Уый уыдис, ныгуылæйнаг марг æмæ хæрамæй райгуыргæ уæййаг хицæутты уазал æмæ фыдракæндон ахаст. Уæд уырыссаг адæм сæхæдæг дæр нæма зыдтой, цы сыл æрцыд æмæ цахæм фыдæвзарæнты бахаудтой, чи у сæ хæлар, чи у се знаг.

Уый Уæрæсе æмæ уырыссаг адæмы уазал ахаст куы уыдаид, уæд иу æхсæвыгон Цхинвалы турбазæйæ сусæгæй цы уырыссаг æфсады сыстын кодтой æмæ акодтой, уыдон бахизæн дуарыл хатыркурæн фыстытæ нæ ныууагътаиккой…

Гуырдзы нын 1989-1992 азты цы радон геноцид расидтысты, уымæй дæр нæ уырыссаг адæм, уырыссаг фидауынгæнджытæ фервæзын кодтой. Уымæн æмæ уæдмæ райхъал сты уырыссаг адæм, акастысты, айхъуыстой фæйнæрдæм æмæ бамбæрстой, се ‘мцæдисонтæ цы тæссаг уавæры бахаудысты, уый. Дзырд дæр ыл нæй, Хуссар Ирыстоны зæхмæ фидауынгæнæг тыхты Уæрæсейы къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ æрæрвыстой, фæлæ уыцы уынаффæхæсджытæй кæмæндæрты ирон адæмы тугкалдмæ кæсынæй зындæр кæсæн уыди Америкæ æмæ Шеварднадзейы тызмæг цæстытæм… Растæндæр уырыссаг удыхъæд, уырыссаг патриотизмæй райгуырд ирон адæмы та скуынæгæй бахизыны фæндон, Александр Руцкойы хуызæн лæппутæ загътой фидарæй, Уæрæсе йе ‘мцæдисонты искæмæн аныхъуырын кæй никуы бауаддзæн!

Æмæ бирæ ис ахæм цæвиттонтæ нæ рагон – нырыккон историйы. Цал æмæ цал хатты фæдаргъ кодтой сæ къух уырыссаг адæм, фыдæй-фыртмæ сыл æнувыд цы ирон адæм сты, уыдонмæ! Уымæй дæр æрмæст хæстон æххуыс нæ зонæм Уæрæсе æмæ уырыссаг адæмæй, бирæ лæггад сæ зонæм, хъысмæт нæ æввахс сыхæгтæ куы скодта, уæдæй фæстæмæ. Уæрæсемæ нын дуæрттæ  кæддæрид-дæр гом уыдысты: ахуырдзинадмæ, зонадмæ, царды æндæр къабæзты размæцыдмæ. Цал æмæ цал ироны ном айхъуыст æнæхъæн дунейыл, уырыссаг зæххы рæвдыд, уырыссаг удыхъæд æмæ культурæйы фæрцы! Уæрæсейы зæххыл æмбæлон ахуырад чи райста æмæ уыцы ахуырдзинады фæрцы нæ Ирыстонæн стыр лæгæдтæ чи бакодта, уыцы номдзыд æмæ разагъды лæгтæ цас уыдысты æмæ сты!..

Фæлæ нын уæддæр æмæ уæддæр нæ рагон – нырыккон историйы Уæресеимæ цы æмахастытæ ис, уыдоны ‘хсæн иууыл ирддæр фæд ныууадздзæн, 2008 азы нæ Стыр Уæрæсе æрмæст бынтон скуынæгæй кæй бахызта, фæлæ ма нын нæ паддзахадон хæдбардзинад дæр кæй банымадта, уыцы стыр хъуыддаг!

Абон, бирæ азты уæззау хъизæмæрттæ цы зæххыл æвзæрстам – уыдзыстæм ма æви нал, уыцы фарст нæ разы цы тугамæхст зæххыл лæууыд, уыцы зæххыл цæрæм сабыр арвы бын, дунеон барадон нормæтæм гæсгæ нымад паддзахады цардæй. Æмæ уый у нæ рагон æмцæдисон, нæ хистæр æфсымæр Уæрæсейы фæрцы. Уыцы стыр æмæ хъомысджын бæстæ йæхæдæг абон алцæмæй дидинæфтауæг бæстæтæм нæ хауы, уымæн æмæ йын бирæ знæгтæ ис. Йæ къахыл та кæй слæууыд, уый нæ цæуы йе нусон знæгты зæрдæмæ æмæ йæ цъист кæнынц фæйнæрдыгæй, куыд æддагон, афтæ мидæггагон знæгты къухтæй дæр. Æмæ зын у абон йæхицæн дæр. Фæлæ, хур дæр кæуыл не ‘ххæсы, уыцы стыр бæстæйæн йæхи регионтæй бирæ рæтты йæхи адæм афæдзгæйтты мызд нæ райсынц. Мах та? Мах та царды дзæбæхæй цæрæм! Кæд ма Хуыцаумæ рæстдзинад ис, уæд æргом цæмæннæ хъуамæ зæгъæм, афтæ кæй у, уый?..

Æмæ уый дæр Уæрæсейы фæрцы у, абон кæй паддзахадон бæрæгбон нысан кæнæм, уыцы æмцæдисон æмæ æфсымæрон бæстæйы фæрцы. Æмæ нын хъуамæ хорз бæсты цæуа. Хъуамæ алыгъуызон тыхарæзт патриоттæ æмæ грудининонтæ сæ зæрдыл дарой иу хабар: ирон адæмæн, уæлдайдæр та йæ хуссар хайы цæрæг ирон адæмæн, Путин æмæ Медведевæн æрмæстдæр сæ цæрæнбонæн кувыны бар ис. Куыд историон, афтæ моралон æмбарынадмæ гæсгæ дæр!

Уæлахиз уæд нæ иумæйаг, нæ ныфсы бæрæгбон, Уæлахиз уæд не ‘мцæдисон Стыр Уæрæсе!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.