Хуыцаумæ æртæ цырагъ æмæ æртæ чъирийæ кæй кувæм, уый арæх фæдзурæм, фæлæ йæ уæлдай арæхдæр дзырдтам, нæ республикæйыл æртæ азы куы сæххæст,  нæ Райгуырæн бæстæйы сæрибары сæрыл тохы райгуыргæ бæрæгбон æртыккаг хатт куы нысан кодтам, уæд. Цас бирæ рæстæг у æртæ азы, фæлæ нæм уæд æгæр бирæ дæр ма фæкастысты, уыцы цæссыгамæхст æмæ туджы æвдылд æртæ азы – нæ тугæй æлхæд республикæ цы уавæрты райгуырд æмæ рæзт, уыцы уавæртæ хынцгæйæ. Уæд нæм иу афæдз бафæразын дæр стыр диссаг каст, уымæн æмæ нæ фидæн, Секъайы загъдау,  тар-мылазон уыд, æрдуйы хидыл цыдыстæм, æлгъаг æмæ нæ хъомысджын знагимæ бахъуыд æнæмсæр хæсты бацæуын, уæззау рыстæй рæсыд, судзгæ цæссыгæй уымæл уыд нæ фыдæлты зæхх… Ныр та æнæхъæн дæс æмæ ссæдз азы сæххæст нæ республикæйыл – æртæ азы нæ, фæлæ æртæ дæс азы! Не ‘ртæ кæрдзын æмæ нын не ‘ртæ цырагъау табуйаг чи у, уыцы Къоста та дæсаздзыды лæг схуыдта.

30 азы нæ тавы сæрибары хур

Уæдæ байрæзт, æртæ лæджы бæрц слæг нæ республикæ!

Уымæй дæр, кæддæрау, æрдуйыл ауыгъд нал у, фæлæ нымад паддзахад у, ныр æндæр æвзагæй дзургæ у немæ. Уый ныфс у, уæдæ цы – размæ, рæсугъд фидæнмæ цæуыны ныфс.

Æмæ, фыццаг хатт æй нæ зæгъдзыстæм, знагæй нæ амонд кæй нæ фæцис, уый. Нæ бæрзæйæ кæй уæззау æфсондз аппæрстам, уыцы гуырдзы нырма дæр Ирыстоны хуссар хайы сæ зæххыл нымайынц. Дæс æмæ ссæдз азы рацыдис, уæддæр! Цы туг æмæ стæгæй хъуамæ уай, цæмæй йæ дæс æмæ ссæдз азмæ ма бамбарай, ирон адæм оккупацигонд кæй не сты, барвæндонæй кæй рахызтысты де фсондзы бынæй æмæ сæхи кæй нал фæнды демæ цæрын… Нæй, уæддæр – кæмфæндыдæр, цыфæнды политикон фæзуаты дæр хъуамæ сæ ниуын æмæ сæ тъизынæй сæхимæ æркæсын кæной адæмы… Ай диссагæн дзуринаг нæу – адæймаг цардмæ кæй фæрцы фæзынд, уыцы мады дæр дæс æмæ ссæдз азы йæ мадыл куы нал нымайа, йæ арæзт хæринаг ын куы никуыуал бахæра, уæд ма уыцы мадæн йæ цæсгом куыд хъуамæ бахъæца æмæ йæ йæ  хъæбул схона?.. Мах та кæрæдзийæн æцæгæлон уыдыстæм æмæ стæм, ницы нæ иу кæны, кæддæр нæ сæ джугъашвилитæ-йедтæ сæ хъуыры тыхæй кæй нытъыстой, уымæй дарддæр.

30 азы нæ тавы сæрибары хур

Абоны Хуссар Ирыстон раздæры азтимæ абаргæйæ йæ къахыл куыд слæууыд, уый бæрæг у иу фæкастæй дæр. Рæзы цадæггай, фæндæгтæ, ног арæзтадтæй рухс кæны зæрдæ. Кæд кæмæндæрты сæ æбузны аххосæй зын басæттæн у ууыл, уæддæр нæм хуыздæр у адæмы царды æмвæзад, адæм уый бæрц нал тыхсынц, сæ сывæллæттæн цы бахæрын кæной, ууыл, дæсгай мæйты, афæдзгæйтты нал æнхъæлмæ кæсынц сæ мызды каппеччытæм. Стыр Уæрæсе нын банымадта нæ хæдбардзинад æмæ нын не ‘нцойад дæр хъахъхъæны. Банымадтой нæ æндæр паддзахадтæ дæр æмæ нын уый ныфс дæтты, уыцы æндæр паддзахадты ма æндæртæ дæр кæй бафæзмдзысты, уымæй.

Уыцы дæс æмæ ссæдз азы цы фæндагыл рацыдыстæм, уыцы фæндагмæ фæстæмæ куы акæсæм, абоны бæрæгбонмæ æрцæуыны сæраппонд цытæ бавзæрстам, уыдон нæ цæстытыл куы ауайын кæнæм, уæд нæм æртæ дæс азы нæ фæкæсдзысты, фæлæ æртæ æнусы. Мæнгæй нæ баззад ахæм æмбисонд, æнамонддзинад, дам, иунæгæй не ‘рцæуы – хæст нын фагыл нæ банымадта нæ хъысмæт, не знагау ныл не скæнæг æрдз дæр рахæтыд, зæххæнкъуыст, донивылд æмæ зæйласты рыст дæр бавзæрстам. Уыцы азты уæзæй нырма дæр йæ астæу не сраст кодта Ирыстон, æнустæ йæ хъæуы, цæмæй сраст кæна йæ астæу, байгас уой йæ хъæдгæмттæ.

Фæлæ уыцы хъæдгæмттæн байгасгæнæн ис раздæр, куы нæ бафæндид, уæд. Бæрæгбонты дæр-иу нæ арфæйы ныхæсты бæсты уайдзæфы ныхæстæ дзурыны сæр куынæ хъæуид, уæд. Уыцы хъæдгæмттæ нын иумæйагæй байгас кæнинаг кæй сты, уый куы бамбариккам, уæд. Байгас уаиккой нæ хъæдгæмттæ, ферох нæ уаиккой нæ рыстытæ, кæрæдзи хæрын куы ныууадзиккам, масты нæ, зонды фæдыл цæуын куы базониккам, уæд. Ацы табуйаг зæххыл нын дунейы адæмтæ нæ цардмæ хæлæгæй тъæпп хауиккой, «уый мæнæй цæмæй лæгдæр у» низæй куы фервæзиккам, уæд. Иуæй-иу хæрамзæрдæтæ æмæ стыр бынæттæм  тырнджыты ардыдæй-иу кæрæдзийы хурхысæртæм бавналынмæ куынæ æрцæуиккам, уæд. Ирыстон нын цæгатæй хуссармæ æмхуызон уарзинаг æмæ аразинаг кæй у, уый куы бамбариккам, уæд. Знаджы хæларæй хи-цæн кæнынхъом куы суаиккам, расты – зылынæй, уæд…

Фæлæ кæм ис ахæм амонд мæгуыр лæджы…

Иууылдæр политиктæ, уынаффæгæнджытæ æмæ зондамонджытæ куы суæм, уæд ма кусгæ та чи кæндзæн, паддзахад нын чи араздзæн?

Нæ фыдæлтæм иу закъон дæр нæ уыд, конституци цы у, уый хъусгæ дæр никуы фæкодтой, фæлæ кæрæдзийы хъæр хъуыстой, кæрæдзийы рыст æмбæрстой.  Махыл цы ‘рцыдис, хорз адæм, нæ цард нын царды ад цæмæннæуал кæны, нæ митæ æмæ нæ хъуыддæгтæн сæрфат цæмæннæуал зонæм?.. Цы кодтам, цы ныл æрцыд – нæ чиныг нын сæгъ куы бахордта, уæд зондджындæр, æмбаргæдæр куы уыдыстæм, уæд ныр нæхи фыдзнæгты фæндиаг цæмæн кæнæм? Кæй куыд бафæнды, афтæ нæ кæрæдзийыл цæмæн ацардауы, кæрæдзийы ныхмæ нæ цæмæн скæны?..

Нæ фыдæлтæ кæсын, фыссын дæр куынæ зыдтой, талынг цард куы кодтой, фæлæ иблистæн дæр сайын куынæ куымдтой, уæд махыл абон цæмæн афтæ тынг стых ацы æнæхайыры Интернет, сæфты къахыл нæ цæмæн ныллæууын кодта, нæ нацийы бындур нын дæндагæй цæмæн æхсыны, нæ хæлæртты ныхмæ нæ цæмæн ардауы, не знæгты фæндиаг нæ цæмæн кæны? Æхсæвæй-бонæй кæрæдзимæ алыгъуызон джидзæггаг видеотæ æмæ нывтæ раппар-баппар кæнын йедтæмæ ницыуал аразæм, амæй-ай æдылыдæр æмæ æнæсæрфатдæр комментариты хуыдыг кæнæм… Куыд ис афтæмæй размæ цæуæн, цард аразæн?..

Республикæ расидынмæ, хæдбарæй цæрынмæ нæ ныфс нæ бахастаиккам,  не ‘хсæн иудзинад куынæ уыдаид, уæд. Нæ иудзинады фæрцы бафæрæзтам нæ уæззау фыдæвзарæнтæн, абоны бæрæгбоны онг дæр нæ иудзинады фæрцы æрхæццæ стæм.

Зын æмæ худинаг у бæрæгбоны равг халын, бæрæгбоны цин масты æвдулын – фæлæ, дам, кæмæндæр йæ мады мард нæ хъæр кодтой…

Уæ, не сфæлдисæг, иунæг кадджын Хуыцау, æнæмсæр знаджы фыдмитæн бафæразыны тых нын куыд радтай, афтæ нын иудзинады тых дæр бауарзæд дæ цæст!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.