Кæцыфæнды паддзахады дæр фæнысан кæнынц куыд бæрæгбонтæ, афтæ фыдохы бонтæ дæр. Хæрз æрæджы, 8 августы не ‘взонг республикæ банысан кодта трагикон бон – гуырдзиаг фашистты къухæй чи фæмард, уыдоны мысæн бон. Фæлæ, раст у циндзинад æмæ хъыгдзинад æфсымæртæ сты æмæ ныр  та 26-æм августы Хуссар Ирыстоны адæм нысан кæнынц сæ хæдбардзинады бон, кæцымæ цыдысты даргъ æмæ сындзджын фæндагыл. Адæймаг цардмæ фæзыны иу хатт æмæ  хъуамæ афтæ фæцæра, цæмæй йын ма уа зындзинæдтæ æмæ рыст, фæлæ мах нæ сыхæгты аххосæй нæ хуыздæр царды азтæ арвыстам æхстыты бын ныккæндты æмбæхсгæйæ æмæ ирон адæмы аккагдæр фыртты ныгæнгæйæ.

Æвæццæгæн, царды сæрибардзинадæй, сæрибар бæстæйы цæрынæй хуыздæр æмæ зынаргъдæр ницы ис адæймагæн. 26 август – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон стыр бæрæгбон у, сæххæст ирон адæмы æнусон бæллиц, фæлæ… Хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæй бирæтæн ацы бæрæгбон у цæссыгимæ бæрæгбон, уымæн æмæ уæлахизы сæраппонд уыдон фесæфтой царды сæ зынаргъдæр адæймæгты – сæ хъæбулты, цардæмбæлтты, æфсымæрты, хоты, ныййарджыты, бирæ бинонтæ фесæфтой дыгай, æртыгай адæймæгты. Мардысты æнæаххос сабыр цæрджытæ, фæлæ агрессорæн йæ бон не ссис ирон æмæ абхазаг адæмы сæ зонгуытыл æрлæууын кæнын, сæ пат-риотондзинад сын басæттын. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы темæ абоны онг дæр политикон къабазы у иууыл нысаниуæгджындæр темæтæй сæ иу. Дыууæ æфсы-мæрон адæмæн иугъуызон хъысмæт ис, иумæ рацыдыстæм зын æмæ тугæйдзаг фæндагыл. Уыцы дæргъвæтин азтæ уы-дысты нæ адæмæн уæззау фæлварæнты рæстæджытæ.

Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты æнустæм æнцойад ссардтой Ирыстоны хуыздæр фырттæ, ймаджы зæрдæ уæлдай рыст скæны. 5-æм скъолайы кæрт бирæ трагикон цаутæн ссис æвдисæн, бирæ цæссыг федта æмæ абоны онг дæр уырдыгæй хъуысынц ирон мæдты хъарджытæ. Уыцы рæстæджы ирон адæм тынг уæззау уавæры бахаудтой, Советон Цæ-дисы фехæлдимæ иунæгæй аззадысты сæ трагедиимæ, бæргæ хъæр кодтой алырдæм, фæлæ сын сæ тыхст хъæр ничи хъуыста. Æппынфæстагмæ, 1992 азы 14-æм июлы Дагомысы бадзырдмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстонмæ æрбацыдысты фидауынгæнæг тыхтæ, кæцытæ семæ æрбахастой рæстæгмæ сабырдзинад, фæлæ тыхст адæм ууыл дæр хъæцыдысты, иу чысыл æхстытæй сулæфыдысты. Фæлæ, бирæгъ йæ кæнон зæнгыл кæм уадзы æмæ та цалдæр азы фæстæ райдыдтой ирон адæмы хъизæ-мæрттæ. Гуырдзиæгтæ та арæхæй-арæхдæр æхсын райдыдтой Ирыстоны хъæуты æмæ горæт Цхинвалы.

12 азы размæ та гуырдзиаг къухдариуæгад, сæ сæрхъæн президент Саакашвилийы сæргълæудæй сарæзта стратегион рæдыд æмæ райдыдта уæрæхмасштабон хæст Хуссар Ирыстоны ныхмæ, йæ ныгуылæйнаг æвварсхæцæг, Америкæйы ныфсæй. Чысыл Хуссар Ирыстон у рудзынг,  Кавказы хибакæныны хъуыддаджы. Буш-Саакашвилийы планмæ гæсгæ, сæ хъуыд цыбыррæстæгон тагъд хæст. Фæлæ сын сæ фыдракæндон плæнттæ сæххæст кæнын нæ бауагъта Уæрæсе, нæ сын бауагъта Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» саразын æмæ сæ хæцæнгæрзтæ æмæ техникæ ныууадзгæйæ худинаджы лыгъд кодтой Ирыстоны зæххæй. Хæсты фæстæ, фондз боны æмæ æхсæвы ныккæндты фæбадыны фæстæ адæм рахызтысты æддæмæ æмæ сæ цæстытыл не ‘ууæндыдысты. Уынгты азмæлæнтæ нал уыд алыгъуызон бронæй, авджы цъæлтæй, бæлæсты цæнгтæй, хæдзæртты пырхæнтæй, фæлæ адæймаг диссаг у. Уайтагъд æрæвнæлдтой сæ уынгтæ сыгъдæг кæнынмæ, сæ фатертæ æмæ уынгтæй фæкалдтой тынг бирæ авджы цъæлтæ, къулты пырхæнтæ. Горæты нæдæр рухс уыд, нæдæр дон, нæдæр газ, фæлæ ирон адæм фæразон сты æмæ цасдæр рæстæджы дæргъы чи  пецыл æмæ чи та газы баллонæй (газы баллон-иу кæй фæцис, уый-иу цин кодта) архайдтой. Хæстæй цалдæр боны фæстæ адæм сæ куыстытæм цæуын райдыдтой. Кæрæдзийыл цинтæ, хъæбыстæ кодтой.

 Газет «Хурзæрин»-ы кусджытæ дæр кæд иууыл горæты нæ уыдысты, уæддæр уæззау уавæрты рауагътой хæсты фæстæ сæ газеты фыццаг номыр æмæ сæ байуæрстой горæты цæрджытыл. 26 августы, Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад куы банымадта, уæддæр уыдыстæм куысты. Æвиппайды горæт æхст фестад, алырдыгæй хъуыстысты цины хъæртæ, уæдмæ редакторы кабинеты  не ‘мкусджытæй телевизормæ чи каст, уыдон фырцинæй хъæр кæнын райдыдтой, зæгъгæ, нын Уæрæсе нæ хæдбардзинад банымадта. Кæм ма уыд нæ цинæн кæрон. Горæты уынгты фæсивæд машинæтыл ратæхбатæх кодтой æмæ æхс-той автоматтæй, кæцытæн ацы хатт сæ автоматты дзыхтæ уыдысты хæрдмæ здæхт. Ирон адæмæй никуы ферох уыдзæн, уыцы амондджын æмæ ахсджиаг бон. Æппынфæстагмæ сæххæст нæ бæллиц, ирон адæм сæ хуыздæр фыртты тугæй балхæдтой сæ сæрибардзинад. Фæзæгъынц, зæгъгæ, царды æнæбаивгæ адæймæгтæ нæй, фæлæ алыхатт уый раст нæу, чи хъуамæ баива ныййарæг мадæн йæ хъæбулы, кæцыйы уый фæхъомыл кодта йæ къухты уырзтæй, æхсæв ын йæ фынæйыл дæр нæ хъæцыди æмæ йын æй иу уысммæ æрбамардтой гуырдзиаг æнæадæймæгтæ. Иннæ ахæм ма фæдзурынц, зæгъгæ, дам, рæстæг у хуыздæр хосгæнæг, фæлæ уый дæр æххæст афтæ нæу. Азтæ цæуынц, фæлæ йæ хиуæтты чи фесæфта, уыдоны зæрдæты рыст нæ къаддæр кæны. Æндидзыд цæуынц хæдзæрттæ, фæндæгтæ.  Фæлæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæудæй фæстæмæ æмæ 2008 азы августы хæсты тæссаг бонты чи фæмард, уыдоны ничиуал раздахдзæн… Цы гæнæн ис, афтæ у цард. Фæлæ мах макуы хъуамæ ферох кæнæм Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны нæмттæ. Нæ уарзон, нæ хæствæллад Хуссар Ирыстон алырдыгæй йæ туджымæцгæ хъæдгæмттæй хъæрзыдта æмæ йын æвдадзы хосау фæцис Стыр Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый. Кæд горæт-хъайтар Цхинвалы æхстой алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æмæ йыл авиаци та калдта кассетон бомбæтæ, уæддæр горæт нæ амард æмæ Фениксау фæстæмæ æртхутæгæй æндидзын райдыдта… Ацы бæрæгбоны хъуамæ æрæмысон нæ хъæбатыр æдзард лæппутæй цалдæры ном дæр.

Гуырдзиаг ирон ныхмæлæуды райдианы Присы хъæумæ æввахс хъæды Джиоты Владик (Басмач) цалдæр знаджы ныхмæ иунæгæй тохы кæй бацыд, уый  диссагæн дзуринаг нæу? Нæ фæтарст Джиоты цæнгæтфарс лæппу, кæд ыл знаджы нæмгуытæ ихуарæгау кодтой, уæддæр. Уæдæ Джиджойты Джетæ иунæгæй, гуырдзиæгтæ Сталины уынджы цы хæдзары æмбæхстысты, уыдонмæ комкоммæ кæй бацыд, уый диссаг нæу? Уæдæ диссагыл дис ничиуал кæны, æндæра Тъбеты æрцæуæны Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт цы хъайтардзинад равдыстой, уый диссагæн дзуринаг нæу? Уыдон танкæты ныхмæ слæууыдысты дыууæйæ æмæ знæгты баурæдтой цалдæр сахаты бæрц. Уæдæ диссагæн дзуринаг нæу уый дæр æмæ сæ къухты уадиссаг хæцæнгарз ницы уыд, афтæмæй нæ лæппутæ знаджы цалдæр танкæйы кæй спырх кодтой.

Бæргæ Ирыстоны æдзард хъæбултæн æндæргъуызон хъысмæт куы уыдаид æмæ абон немæ куы цин кæниккой дæргъвæтин азты дæргъы цы хæдбардзинадмæ бæллыдыстæм, ууыл, фæлæ… Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ цæмæй уыцы тугæй æлхæд хæдбардзинад бахъахъхъæд æрцæуа, уый тыххæй нæ хъæуы æнгомæй цæрын. Хъуамæ уæм иу зондыл хæст, науæд… Уыимæ  не знæгтæ æппынæдзух сæ хъус дарынц Ирыстоны хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы цæуы, уымæ. Æмæ Хуыцау бахизæт æмæ сæ фæндиаг фæуæм.

Ныр 12 азы цæрæм сабыр арвы бын, нал хъусæм æхстыты хъæр, фæзынд нæм царды плæнттæ. Цхинвал æндидзыд цæуы. Ныртæккæ нæ горæты цалдæр уынджы цæуынц арæзтадон куыстытæ, арæзт æмæ цалцæг цæуынц цæрæн хæдзæрттæ. Цхинвал бонæй-бон рæсугъддæр кæны. Хуыцау зæгъæд æмæ нырæй фæстæмæ хæст макуыуал фенæт нæ фидæны фæлтæртæ!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.