Цард хуримæ баст у, æнæ хурæй царды æппындæр ницы ис.

Афæдзы афонтæй алкæмæн дæр ис йæхи нысаниуæг. Ирон адæм дзы иууыл тынгдæр сæ зæрдыл бадардтой Фæззæджы – Рухæны (сентябры) мæйы дыууæ стыр  хъуыддаджы тыххæй. Сæ иу циндзинад æмæ сæрыстырдзинады бæрæг бон, ныр 30 азы цæрæм Сæрибар Республикæйы, иннæ та кæуинаг æмæ саутæ дарæн бон, – Беслæны æбуалгъы трагеди. Дыууæ стыр боныл дæр æмбæлæм цæссыг калгæйæ. Адæймаг цæссыг калы цингæнгæ-худгæйæ дæр,  æмæ кæугæйæ йæ сæр æмæ йæ уæрджытæ хойгæйæ дæр.

Цардыл æууæнк нæй, уый та адæм уынынц сæхæдæг се ‘рвылбонон царды. Кæмæн йæ ахуыр баззайы æрдæгыл, кæмæн йæ хосгæрсты уис, гутондарæн йæ хуымы хахх, фиййауæн йæ лæдзæг, лæппуйæн куырдуаты йæ усаг.

Баззад нæм дыккаг ахсджиаг æмбисонд дæр: «Лæг фыдæбæттæн гуырд у».

Нæ адæм алцæмæн дæр быхстой, алы зындзинад дæр-иу сфæрæзтой, æрмæст сæ бон барын æмæ быхсын нæ уыд иу хъуыддагæн: æбардзинад, æфхæрд æмæ ссæстдзинад, йæ лæгдзинады бартæ искæмæ раттын.

Ирон лæджы царды уый сæйраг фарст кæй уыд, уымæн куырыхон Къоста сæрбæрзондæй ракодта йæ кой:

«Цæйнæфæлтау сæрибар адæм,

Цагъарæй туг калæм æлдарæн,

Фæлтау нын амæлæт хуыздæр».

Сæрибардзинад дзыллæйы царды сæйраг рахæцæн у æмæ йыл алчи дæр, алы наци дæр тох кодта йæхирдыгонау. Цардыл хъуыдытæ дардыл сты, адæмæн се ‘мдзу кæнынц кæддæриддæр, уый та бæлвырд у се ‘мбисæндтæй:

«Æгады царды бæсты – мæлæт», «Худинаджы бæсты – мæлæт».

Кæуылты у йæ хъуыды ацы æмбисондæн: «Мыггагмæ усы кæрдæны фæхæтæт, лæгæй-лæгмæ чи радта йæ бартæ».

Нæ куырыхон Секъа Сæрибардзинадыл хъуыды кæнгæйæ, йæ прозайæ фыст æмдзæвгæ «Сæрибар»-ы афтæ фыссы: «Уый уыд рæсугъд», «Уый уыд уæздан», «Уый уыд цард», «Уый уыд рухс амонд». Дзырд «уыд» æнæхъуаджы нæ дзуры, уыд сæрибар, стæй йын цытæ бакодтой адæм…

Жан-Жак Руссо афтæ фыста: «Адæймаг райгуыры сæрибарæй, стæй йыл хъадамонтæ бакæнынц».

Диссаджы адæмы хатт стæм. Рагон истори нын ис æмæ рагон адæмæн рагон æвзаг æмæ æгъдæуттæ вæййы.

Нæ фыдæлты историйыл нæ цæст куы рахæссæм, уæд дзы бæлвырдæй зыны Скифтæ, Сæрмæттæ, Алантæ сæ уд хъардтой сæрибардзинадыл, сæ цирхъы фындзæй йæ агургæ дæр кодтой æмæ хъахъхъæнгæ дæр.

Кæуылты уыд Нарты цардыуаг. Хæстæндзарæг никуы уыдысты æмæ знагæн дæр нæ барстой. Нартæ уыдысты æмсæр æмбар адæм, се ‘хсæн нæ хицæн кодтой тыхджын-æдыхы, мæгуыр-хъæзныджы. Нартæм нæ уынæм бонджынтæ æмæ мæгуырты. Мæгуырты кой Нартæ ракæнынц кæддæр иу куы æрыздæхтысты, уæд-иу сæ æфтийæгтæй фыццаг ссардтой мæгуыр, фæкæсинæгты ном.

«Цард тæбæгъы донæй хъауджыдæр нæу, фæкъул гæнаг у», – зæгъы фыдæлты æмбисонд.

XII æнус нæргæ Аланты йæ бындурæй нынкъуыста. Кæддæры хæстон, хъæбатыр адæм зындойнаг уавæры бахаудтой. Сæ цардыл нæ бацауæрстой, сæ мæлæт сæм нал хъардта, афтæмæй хæцыдысты тæтæр-монголимæ –  Тимуры æрдонгтимæ.

Байсæфт сæ быдырон цард, сæ кæддæры егъау нымæц. Сæрыстыр адæмæй ма цы къаннæг къордтæ баззад, уыдон æгæнон хæхты сæ сæр бафснайдтой. Номдзыд Алантæ сæ бирæ цæрæнхостимæ фесæфтой сæ сæрибардзинад Кавказы хæхты цæргæйæ. Æцæг, табу Хуыцауæн,æгад сæ сæрмæ нæ хастой, фæлтау æвзæрстой кады мæлæт.

XIII æнусы райдианæй XVIII æнусмæ, фондз æнусы дæргъы Алантæ размæ нал цыдысты,цыдысты фæстæмæ. Рох сæ никуы уыдысты сæ сахъ æмæ кадджын фыдæлтæ, рох сæ нæ уыд иу хъуыды: цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг. Ууыл хъуыдыгæнгæйæ, сæ сæрибардзинад хъахъхъæнгæйæ, 1774 азы сæ сомбоны цардæн равзæрстой Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæнын.

Нæ адæмæн уый уыд ног дуджы ралæуд. Нæ адæмæн байгом ног фæндаг сæрибардзинад æмæ рухсамондмæ.

Уæрæсеимæ уæдæй фæстæмæ цæрæм хъарм бинонтæй, кæд 1830 азты паддзахы æфсады къухæй æфхæрд баййæфтам, уæддæр.

Уырысы сæрыл тохты Ир фæсте никуы фæлæууыдысты. Паддзахы дуджы дæр, советон хицауады азты дæр æмæ стæй абоны демократон дуджы дæр Ирæттæй рох нæу Уæрæсейы лæггад, Уæрæсейы домбай къух.

Хуссар Ир Гуырдзыстоны дæлбар кæй ссис, уый дæр кæйдæрты рæдыд уыд. Сæ къухы уæвгæйæ, хъавыдысты мах сгуырдзийаг кæнынмæ, кæнæ  фæсурынмæ, кæннод та быныскъуыд скæнынмæ. Сæ сæйраг лозунг уыд – Гуырдзыстон – гуырдзийæгтæн, мах  фæсурын, мах фæцæгъдын, нæ фыдæлты зæххæй «Супта миндори» (афтид быдыр) саразын. Гуырдзыйæ ферох (кæд сæ историйы фыст у, уæддæр), мах сæ кой æркодтам, ацы зæххмæ уазджытæ сæхæдæг кæй сты.

Ферох Гуырдзыйæ фыдæлты куырыхон æмбисонд: «Уæркъахæнæг дзы йæхæдæг хауы».

Хуссар Ир ног æнусы къæсæрыл бахауд зындоны. Кæд нæ адæм мæлæты кой мурмæ дæр нæ дардтой, уæддæр бæлвырд уыд иу хъуыддаг: мæнгард сыхæгтæ сфæнд кодтой Хуссар Иры сыскъуынын, супта миндори саразын. «Тас мæлæтæн æххуыс нæу», – зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Ралæууыд ног тугкалæн рæстæг, Ир сыстадысты лæджыфыдхор знæгты-сыхæгты ныхмæ æмæ æуыцы уæззау бонты нæ уæлхъус æрбалæууыд Уæрæсейы паддзахад. Уый нæ фервæзын кодта сæрсæфæнæй æмæ нæ банымадта хæдбар паддзахадыл.

Уыцы бæрæгбонæн йæ 12 азы бон æрæджы банысан кодтам. Гъеныр цин кæнæм 20 сентябры нæ Республикæйыл 30 азы кæй æххæст кæны, уыцы цытджын боныл.

Ныр нын ис хæдбар паддзахад, хæдбар Республикæ.

Уыдæттæ дзурæг сты: Иры зæххыл ис сабырад, Иры зæххыл ис сæрибардзинад, Иры зæххыл ис хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинад.

Ир йæ хæрзгæнджыты никуы ферох кодта, нæ ферох кæндзыстæм Путин æмæ Медведевы дæр. Уыдон сты, нæ Уастырджийы фарсмæ кæй æвæрæм,ахæм сæрæнгуырдтæ. Ир уыдоныл скæндзæн æнусон кады зарджытæ.

  Сæрибардзинад, Республикæ расидын хъуыддаджы егъау хайбавæрд кæмæн ис Ирæттæй Торезæй райдайгæйæ, уыдон дæр нæ рох никуы уыдзысты.

 Абон Республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, йæ алыварс цы адæм ис, уыдон лæгдзинадæй архайынц Ирыстонæн йæ абон æмæ йæ сомбоныл.

  Ирыстоны фарнæй хайджын сты æмæ йæ ныллæгмæ макуы æруадзæнт! Ир! Рæз, дидинæг æфтау, де ‘уæнгтæ ивазынхъом у кæддæриддæр. Æрттив нын сыгъзæрин мæсыгау, цæмæй де ‘знæгты цæстытæ цъындæй лæууой.

    «Мæ ирон адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!» Уый нын нæрæмон Къоста фæдзæхста æмæ йыл алы хатт, алкæм, кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр цы хъуыды кæнæм,  уый бæрц амонд нæ уæд.

   Иры дзыллæ! Не стыр бæрæгбонты хорзæх уæ уæд! Нæ хæдбардзинад æмæ нæ Сæрибар Республикæ нæ къухæй макуы ахауæнт.

Уæ хорзмæ бæллæг                                                                        ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.