Бæргæ, алчи дæр мæ райгонд куы уаид, фæлæ зыгъуыммæ хъуыддæгтæ, чи аразы, ахæмтæн уайдзæф ма бакæнон, уый мæм раст нæ кæсы. Стæй, исчи мæм мæ раст хъуыдыйы тыххæй фæхъыг уыдзæнис, уый та мæ бынтондæн не ‘ндавы. Ахæмтæн куы барæм, сæ ныхмæ куы ницы дзурæм, уæд мах дæр суыдзыстæм уыдон хуызæн.

Цæмæй æхсæнады мæгуырау цаутæ къаддæр уа, кæнæ дзы бынтондæр ма уа, уый тыххæй кæстæрты хъомылдзинадмæ хъæуы, куыд æмбæлы, ахæм хъусдард. Æфхæргæ никæй кæнын, фæлæ раст куы зæгъон уæд, кæстæр фæлтæрмæ нæ хъусдард хуыздæрхъуаг у. Иуæй-иу ныййарджытæн се скъолайы агъоммæйы кары сывæллæттæ æмæ кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ райсом рацæуынц уынгмæ æмæ сæ изæрдалынгтæм æрцагурæг нал вæййы, кæм сты æмæ цы фæаразынц, уый зонгæ дæр нæ фæкæнынц. Сывæллон та сывæллонæй цы хъуамæ базона, цæуыл хъуамæ ахуыр кæной кæрæдзиуыл галиудзинады йеддæмæ?.. Сывæллон ахæм уæгъдибар уавæрты куы ацахуыр уа, уæд уый раст фæндагмæ раздахын уыдзæн бирæ зындæр.  Ахæм уавæрты хъомыл кæныны рæстæджы скъоладзау иппæрд кæны йæ сæйрагдæр, скъоламæ хи бацæттæ кæныны хæстæй. Нæ уыны, йæ хистæртæ цы аразынц, уый. Æмæ æрмæст фыдуагдзинæдтæ нæ, фæлæ арæх æнæхъусдарды аххосæй иуæй-иу сабитæ бахауынц рынчындæттæм дæр.

Уый нæ, фæлæ арæх иуæй-иу хъомылгæнджытæ сæхæдæг свæййынц сывæллоны зыгъуыммæ фæндагыл цайдагъгæнджытæ. Цæвиттон æрхæсдзынæн иу хæдзары бинонтæй: фыд йæ чысыл фыртæн ницы хæлæг кодта, цыдæриддæр домдта, уый йын арæзта æмæ æлхæдта. Арæх-иу ын гуыппгæнæнтæ дæр æрбахаста, йæхи дæр-иу ын акодта æлхæнынмæ. Сыхæгтæ уыцы гуыппытæй фæлмæцыдысты, цалдæр хатты бауайдзæф кодтой фыдæн æмæ фæсаст, нал æлхæдта гуыппгæнæнтæ сывæллонæн. Уæд дын иу бон саби бинонты иумæйаг æвæрæнæй систа æхца, фыды ныхæстæм гæсгæ, дæс мин сомæй фылдæр. Йæхи цахъхъæнтимæ ацыд, йæ фыд-иу ын гуыппгæнæнтæ кæм балхæдта, уырдæм, йемæ чи уыд, уыдоны дæр нæ фæхъыг кодта. Сæ дзыппытæ куы байдзаг кодтой, уæд рацыдысты æмæ та сыхы цæрджытæн дæр райхъуыстысты сæ хыл æмæ уайдзæфы ныхæстæ. Фыд ма бæргæ агуырдта йæ дæс мины, фæлæ… Афтæ мæм кæсы æмæ ам, сабийæ фыд йæхæдæг азымджындæр у, стæй та сабитæн уыйбæрц гуыппгæнæнтæ чи рауæй кодта, уыцы уæйгæнæг.

Раст нæ кæнынц сæ кæстæртæн «Americo» æмæ æндæр ахæм хæдæттæ æмæ дарæс чи æлхæны, уыцы ныййарджытæ дæр. Æвзонг адæймагæн чизоны йæ хъуыдытæ афтæ дардыл нæма сты, фæлæ ныййарджытæ хъуа-мæ æмбарой, адæймаг патриотизмы æнкъарæнтыл сабийæ кæй хъуамæ фæцайдагъ уа.

Ахæм дарæс арæх фенæн вæййы, скъола каст чи фæвæййы, ахæм æвзонг лæппутæ æмæ чызджытыл дæр. Уый цæуыл дзурæг у? Уый у, хъомыладмæ нын куыдфæндыйы ахаст кæй ис, уый фæстиуæг.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.