Ног азы æрлæудимæ та барадхъахъхъæнæг органтæн дæр сæ куыст фæфылдæр ис. Ацы бæрæгбонты не ’мбæстæгтæ иууыл тынгдæр стыхсынц пиротехникæйы гуыппытæй æмæ уымæ гæсгæ милицийы кусджытæ райсынц æппæт мадзæлттæ, цæмæй фæкъаддæр кæной ахæм фæткхалæн цаутæ.

Горæт Цхинвалы милицийы управленийы фадыгон инспектортæ райдыдтой зилын дуканитыл æмæ базарадон объекттыл, цæмæй сæ райсой къухæрфыстытæ пиротехникæ ма уæй кæныны тыххæй.

«Амалиуæггæнджыты фæдзæхсæм, цæмæй ма ласой нæ республикæмæ пиротехникон товартæ æмæ сæ ма уæй кæной. Уый фæдыл сын æрфыссын кæнæм сæ къухтæ дæр. Фæткхалджытæ конд цæудзысты бæрндзинадмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 1-æм статьяйы 4 пункты фæлгæтты. Ӕнæзакъонон товар та æрцæудзæнис конфискаци æмæ тæрхондон тæрхон куы рахæсса, уæд сæ скуынæг кæндзысты. Уымæй уæлдай ма исчи пиротехникæйы срæмыгъды фæстиуæгæн травмæ куы райса, уæд уголовон бæрндзинадмæ æркæндзысты дуканигæсы кæнæ æндæр базарадон объекты хицауы, цыран æрцыдис æлхæд», — зæгъы фадыгон инспектор Остъаты Олег.

Рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы фæткхалæн цаутæ бæлвырд не ’рцыдис. Милицийы кусджытæ æххæст кæнынц Мидхъуыддæгты министры бардзырд, кæцыйы дзырдæуы, нæ республикæмæ кæй нæй ласын æмæ уæй кæныны бар пиротехникон дзаумæттæн. Рейдон мадзæлттæ уагъд цæудзысты районты дæр æмæ аххæсдзысты суанг Ногазон бæрæгбонты фæудмæ.

Хъыгагæн, пиротехникæйы проблемæ «бындзарæй сыскъуынын» къухты не ‘фты æмæ уымæн та ис бæрæг аххосæгтæ. Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ Уæрæсемæ ацæугæйæ сæ сывæллæттæн семæ æрхæссынц «гуыппгæнæнтæ». Уыцы ныййарджытæ бынтондæр нæ фæхъуыды кæнынц, цахæм фыдбылызы сæ æппарынц, ууыл. Æрвылаз дæр пиротехникæимæ архайыны фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон травмæтимæ бахауынц не ’мбæстæгтæй бирæтæ, æмæ сæ фылдæр вæййынц сывæллæттæ. Уымæй уæлдай ма уыцы «гуыппгæнæнты» ахæссынц скъолатæм, уынгтæм, æхсæнадон бынæттæм, æмæ халынц цæрджыты сабырдзинад.

***

Милицийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы кусджытæ Генералон прокуратурæйы минæвæрттимæ иумæ скъолаты ахуырдзаутимæ уадзынц профилактикон фембæлдтытæ. Сæйраг темæ сын вæййы пиро-техникæйæ пайда кæныны æууæлтæ бацамонын.

Фыццаг уал бацыдысты гимназии «Альбион»-мæ æмæ фембæлды хайад райстой ахуыргæнджытæ дæр. Горæт Цхинвалы милицийы управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хайады сæргълæууæг Гатайты Лали æрдзырдта æрæмбырдуæвджытæн, пиротехникон дзаумæттæй цæмæн хъæуы хи хизын, цæмæн сты тæссаг æмæ куыд æркæнынц адæймаджы фыдбылызмæ.

«Ӕрвылаз дæр ногазон бæрæгбонты рæстæджы рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахауынц бирæ адæм æмæ сæ фылдæр вæййынц сывæллæттæ. Травмæтæ та райсынц пиротехникæйæ спайда кæныны рæстæджы. Уымæ гæсгæ уæ курæг дæн, цæмæй ма æлхæнат æмæ ма рæмудзат гуыппгæнæнтæ. Кæннод та уемæ хъуамæ уа хистæртæй исчи, кæцы уын амона, тæссаг предметимæ куыд хъæуы архайын. Нæ республикæмæ нæй пиротехникон товартæ ласыны æмæ уæй кæныны бар. Фæлæ нæм, хъыгагæн, ис ахæм амалиуæггæнджытæ, кæцытæн сывæллæтты æнæниздзинадæй уыцы æхцайы æфтиæгтæ ахсджиагдæр сты. Курæг уæ дæн, цæмæй гуыппгæнæнтæ ма хæссат скъоламæ, ма сæ гуыпп кæнат уынгты, æхсæнадон бынæтты. Пиротехникæйæ нæ хъæуы пайда кæнын цæрæнуæтты дæр, алкæмæ дæр хæдзары вæййы назбæлас, гирляндæтæ, æмæ зынгсирвæзтæй тæссаг у», — загъта Гатайты Лали.

Инспектортæ ма бацамыдтой æрæм-бырдуæвджытæн, пиротехникон дзаумæттæ кæй нæй хæлафы дзыппыты хæссæн, нæй сæ халæн, æдде бакæсгæйæ дзы кæд исты хъæндзинæдтæ фенай, уæд дзы дæхи бахиз. Ӕнæмæнг ма хъæуы кæсын товары рауагъды рæстæгмæ æмæ кæд йæ пайда кæныны æмгъуыд ацыд, уæд дзы мауал спайда кæн.

Пиротехникæйæ æхсæнадон бынæтты чи пайда кæны, уыдон æркæнынц административон бæрндзинадмæ КоАП-ы 20.1 статьяймæ гæсгæ. Кæд æмæ пиротехникæйæ спайда кæныны фæстиуæгæн адæймаджы æнæниздзинад кæнæ искæй фæллой бахъыгдард уа, уæд бархалæджы æркæндзысты уголовон бæрндзинадмæ. Фæткхалæгыл 14 азæй фылдæр куы нæ цæуа, уæд та бæрндзинадмæ хæссынц йæ ныййарджыты.

Ахæм фембæлдтытæ уагъд цæудзысты æппæт ахуыргæнæн уагдæтты нæ республикæйы территорийыл.

Джиоты Алыксандр