Медицинон-социалон центр «Аудындзинад»-ы сæргълæууæг Теблойты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй пансионаты цы 17 зæронд, æвæгæсæг цæрæджы  ис, уыдонæй иу дæр нæу рынчын коронавирусæй. Медицинон-социалон центры цы персонал кусы, уыдон æппæт амæлттæй дæр архайынц, цæмæй инфекцион низ ма æрбаирвæза уагдонмæ. Ацы вирус иууыл æмхицдæр у ацæргæ адæммæ. Уымæн æмæ уыдонæн сæ иммунитет вæййы лæмæгъдæр. Стæй ма пансионаты цæрджытæ иууылдæр сты хроникон низтæй рынчынтæ.

«Ныртæккæ нæм чи цæрынц, уыдон, сæйраджыдæр, сты 70 азæй 92 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Мах æрвылбон дæр аразæм дезинфекци, сæрмагонд фæрæзтæй сæрфт цæуынц астæрдтæ, дуæрттæ, рудзгуытæ æмæ мигæнæнтæ. Æрвылбон дæр сын уæрст цæуы маскæтæ. Семæ цы медперсонал кусынц, уыдон цы транспортыл цæуынц, уый дæр æппынæдзух цæуы дезинфекцигонд. Ныртæккæ пансионаты цæрджытæ сты карантины, æддæмæ нæ хизынц. Пандемийы агъоммæ-иу сæм бæрæггæнæг цы хиуæттæ æрбацыд, уыдонæн дæр ныр бар нал радтой, цæмæй сæм цæуой пансионатмæ. Раздæр-иу сæм хатæнтæм дæр бахызтысты. Хицæнæй сын уыд сæрмагонд бынат æмæ-иу уым дæр æмбæлдысты. Зæрæдтæй сæрæндæр чи уыд, уыдон уагътам горæтмæ дæр, цæмæй сæхи бынтон иппæрд ма æнкъардтаиккой, сæ дард хæстæджыты бабæрæг кодтаиккой. Ныр сæ нал уадзæм, низы æдасдзинад цалынмæ фæлæмæгъдæр уа, уæдмæ», – радзырдта нын «Аудындзинад»-ы директор Теблойты Чермен.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй æвæгæсæг адæймæгтæ кæд изоляцийы сты ныртæккæ, уæддæр рох не сты дард хæстæджытæй, уыдон æрбадзурынц пансионаты телефонмæ, цымыдис кæнынц зæрæдты æнæниздзинадмæ.

Ивгъуыд азты-иу сын хæлцадон продукттæ арæх хастой нæ республикæйы цæрæг амалиуæггæнджытæй хæрзаудæн архайд чи кæны, ахæмтæ. Ныр дæр сæ фæнды зæрæдтæн исты лæвæрттæ бахæссын, фæлæ медицинон-социалон центры къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ уыцы акцитæ æргъæвд æрцыдысты хуыздæр рæстæджытæм. Æнæуый, пансионаты цы зæрæдтæ цæры, уыдон хæрдцух никуы вæййынц. Паддзахад алцыдæр аразы уыдон хæрзиуæгæн. Цæмæй инфекцион низæй ма фæрынчын уой, уый тыххæй кæд æддæмæ нæ цæуынц, уæддæр сæ алфæмблай цы территори ис, уый у тезгъокæнынæн иттæг аив.

             УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.