Адæм сæхицæн хуыздæр цæмæй кад кæнынц, уыдонæй иу у, се ‘гъдæуттæ куыд æххæст кæнынц, уый. Ахæм фарстытыл аныхас кæныны сæраппонд нæ уацхæссæг фембæлд Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры директор, Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт артист, Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат Къацты Филиппимæ.

– Филипп, цалынмæ нæ абоны комкоммæ фарстмæ нæ рахызтыстæм, уæдмæ мæ бафæрсын фæнды, цы архайдта театр азæй рацæугæ аст мæйы, раппæлæн цæмæй ис, цы зындзинæдтыл æмбæлут æмæ сæ аиуварс кæныныл куыд кусут ?

– Фыццаг уый æмæ театрæн йæ кусгæ аз январы нæ, фæлæ райдайы сентябры мæйы æмбисы, фæугæ та фæкæны июлы мæйы. Рæхджы нын райдай-дзæн 86 сезон. Ацы аз нæ мæгуырау фадæттæ æмæ гæнæнтæм æнæкæсгæйæ æвзæр нæ бакуыстам. Уый æнцонæй рахатæн уыд нæ республикæйы театрдзаутæ æмæ театруарзджыты цæстæнгас æмæ ахастæй дæр. Равдыстам 16 спектаклы бæрц. Уыдонæй цыппар уыдысты ногтæ, ацыдысты æнтыстджынæй. Æнтыстджынæй ацыд В.Шекспиры уацмысмæ гæсгæ авæрд спектакль «Фандо æмæ лис». Йæ æвæрæг режиссёр, не ‘мбæстаг Ян Яновскийæн кæд йæ ацы куыст уыд дипломон, уæдæр дзы разынд стыр профессионалон арæхстдзинад. Ацы аз у В. Шекспиры аз, уымæ гæсгæ нæ театрдзаутæ ирон сценæйыл базонгæ уыдзысты ноджыдæр йæ цалдæр спектаклимæ. Æнæуый дæр нæма уыд ахæм дыууæ азы æмæ нæ сценæйыл иу хатт æв-дыст ма æрцыдаид йæ спектаклтæй.

Уымæй дарддæр ма цæттæ кæнæм æмæ рæхджы нæ театруарзджытæ æхцондзинад райсдзысты Айларты А. уацмысмæ гæсгæ авæрд спектакль «Рæстæгмæ ус», М.Шахаловы «Æфсин», сывæллæттæн та бацæттæ кодтам Тъехты Васяйы фыст «Тæрхъусы аргъау».

Ацы аз ма нæ разы æвæрæм хæс, цæмæй арæхдæр цæуæм хъæутæм æмæ цæрджытæн æвдисæм спектаклтæ. Сусæггаг нæу, ацы хъуыддаджы нын ис зындзинæдтæ дæр. Нæй нын, артисттæ иумæ кæм сбадой æмæ ацæуой, ахæм транспорт.

Ирон театр тагъддæр æмæ æнцондæрæй йæ къахыл слæудзæн уæд, кæд æмæ йын уа йæхи драматургтæ, ома спектаклтæ иронау чи фыссы, ирон адæмы цард æмæ хъысмæт хорз чи зоны, ахæмтæ. Йæ рæстæджы театры æнтыст бирæ-бæрцæй баст уыд ирон драматургтæ: Гаголйты В, Гуыцмæзты М, Нартыхты Г, Уанеты В, Хуыгаты Г. æмæ æндæртимæ.

Ирыстон фæстаг 25 азы цы уæззау æмæ зын фæндæгтыл рацыд, уыимæ йæ къухы цы стыр æнтыстытæ бафтыд, уыцы цаутыл спектаклтæ фыст куы æрцыдаид, уæд уыдонæй раздæр мах цы хъуамæ бацæттæ кодтаиккам æмæ равдыстаиккам. Фæлæ, хъыгагæн, абоны онг нæм ахæм æрмæджытæ ничи ма æрбавдыста, нæ фарсмæ ахæм æрмæджытимæ ничи ма æрбалæууыд.

Нæй нæм æвзæнгтыл фыст уацмыстæ дæр æмæ уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, у мæгуырау. Алы æвзонг адæймаг дæр тырны бæрзæндтæм. Искæцы дзы спектаклы йæхи куы уына, уæд уый дæр у стыр разæнгардгæнæг æнтыст.

Пъесæ ныффысынæн бирæ тых, хъару æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ хъæуы, фæлæ, раст куы зæгъон, уæд драматургты куыстæн нæ цæуы æмбæлон финансон аргъ. Уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæрццагæй æндавы разæнгардгæнæг хъуыдытыл.

Мæгуырау нæм у кадрон фарст дæр. Йæ рараст кæныныл куыстам дæргъвæтин рæс-тæджы, хастам алыгъуызон фæндтæ, фæлæ скъуыддзаг нæ цыдысты. Нæ разы-иу куы цы зындзинад сæвзæрд, куы та – цы. Ныр фарст скъуыддзаг æрцыдис. Щепкины номыл Мæс-куыйы уæлдæр театралон  ахуыргæнæндоны нын радтой 16 бынаты.

Зонæм, кæй рæзы, абоны домæнтæн æххæстæй дзуапп чи радта, ахæм, драмон театр. Цæмæй ам куыст цæуа нывыл, уый тыххæй ма нæ уæлæмхас кусджытæ бахъæудзæн 75, æдæппæтæй хъуамæ уæм 200-йы бæрц. Ацы фарстытыл дæр цæуы куыст.

– Театры куыст бирæ-бæрцæй баст у адæмы æгъдæуттимæ. Ирон æгъдæуттæ сценæйыл раздæримæ абаргæйæ хъæздыгдæр æмæ фылдæр кæнынц æви къаддæр æмæ нымæгдæр ?

– Ацы фарстæн дзуапп радтæн ис æнцонæй. Уымæн æмæ кæд Хуссар Ирыстонæн уыдис йæхи сæрмагонд ном, уæддæр нæ бартæ æххæстæй нæхицæй кæнгæ нæ уыдысты. Уый æрмæст политикæ, сæудæджерад æмæ хъæууонхæдзарадыл не ‘ндæвта мæгуырауæрдæм, фæлæ ма аивад æмæ культурæйыл дæр. Уыцы нымæцы сæрыстыр, буц æмæ райгонд цæмæй стæм, уыцы æгъдæуттыл дæр. Исты уæлæнгай фарсты тыххæй дæр-иу хъуыд бафæрсын, уымæй дæр лæгъстæмхасæнтимæ. Ныр уавæр кæны хуыздæр,  сценамæкæсджыты размæ нæ спектаклтæ хæссæм уæндон æмæ ныфсджындæрæй.

Æгъдæуттыл дзургæйæ ма банысан кæндзынæн уый дæр, æмæ рæстæг куыд цæуы, афтæ æппæтмæ дæр æфты ивындзинæдтæ. Бирæ æгъдæуттæн фадат нал вæййы æмæ сæ æххæст кæнæм сæ раздæры хуызимæ. Рæстæджы домæн-тæм гæсгæ сæ бахъæуы аивын, уымæй та фæаивдæр æмæ хъомысджындæр вæййынц.

– Бирæ чидæртæ фæзæгъынц, зæгъгæ, адæм се ‘гъдауæй фидауынц.  Цахæм сты дæ хъуыдытæ нæ æвзог фæлтæрты æддаг бакаст æмæ уæлæдарæсы тыххæй та ?

– Нæ адæмæн тынгдæр фæивта сæ дарæсы конд. Афтæ нæ зæгъын, цæмæй, нæ фы-дæлтæ цы дардтой уыцы дарæс хæссæм æмæ дарæм, фæлæ цас раст у æмæ нæ уæлæ скæнæм скъуыдтæ, нæ буары фылдæр хай кæцæй зыны, ахæм уæлæдарæс. Зианы рæстæджы бирæ æвзонг сылгоймæгты фенын æмæ, марды цурмæ бараст вæййынц хæлæфты. Æмæ уый æрмæст уыдон аххос нæу, фæлæ ма зианы рæстæджы митингты чи раныхас кæны, уыдон аххос дæр. Исчи сæ искуы ахæмтæн куы бауайдзæф кодтаид, уæд мæ уырны, уавæр абон уаид æндæр.

 – Уыдæттæ дæр куыд нæ, фæлæ ма арæх фехъусын, зæгъгæ, ирон фынг академийæ хъауджыдæр нæу. Цы зæгъдзынæ ацы хъуыдыйы тыххæй ды та ?

– Уымæй раст зæгъыс. Ирон лæгæн йæ алы къахдзæф дæр баст у йæ фыдæлты æгъдауимæ. Кæм куыд хъæуы, уым дæ-хи афтæ куы нæ дарай, уæд уый у худинаг. Ирон фынг академи кæй у, уый тыххæй æндæр адæмтæ къаддæр нæ загътой. Раздæр ирон лæг фынгыл нæ дæр фыдхæрд, нæ дæр фыднозт кодта. Абон нал ис афтæ зæгъæн. Фынгæн йæ райдианæй йæ кæронмæ дæ хъус куы дарай, уæд дзы райсæн ис бирæ хорз миниуджытæ.

– Чындзæхсæвы æгъдæутты тыххæй та дæм цы ис зæгъинаг. Цы ма сæм бафтауис æмæ дзы æппаргæ та цы акæнис?

–  Не ‘ппæт дæр æй хатæм, нæ хистæртæ кувынмæ кæй фæзивæг кæнынц, уый. Уымæн æмæ бирæбæрцæй фæцудыдта фынджы æгъдау, адæм нал фæхъусынц кувæгмæ. Ацы мæгуырау миниуæгæн ахъаз сты, цы музыканттæ баххуырсæм, уыдон. Сæ музыкæ афтæ хъæрæй вæййы, æмæ дæ фарсмæ чи бады, уымæ дæр дæ хъус куы нæ бадарай, уæд æй нæ фехъусдзынæ. Аннæмæй та кувæгимæ нæ фембарынц кæрæдзи æмæ фынджы кад хауы дæлæмæ. Раздæр чындзæхсæвы рæстæджы музыканттæ ирон инструменттимæ бадтысты кувæгмæ æввахс, галиуфарсæрдыгæй, хорз уыдтой сæ кæрæдзи æмæ-иу кувæг куы сыстад, уæд-иу музыканттæ фæлæууыдысты сæ цæгъдын æмæ зарынæй. Адæм дæр-иу фæсабыр сты æмæ-иу кувæг æдыхстæй загъта йæ куывд.

Айразмæ иу чындзæхсæвы кувæг кувын райдыдта къухылхæцæгæн æмæ сыстадысты цыппарæй. Кувæг фæджихау: нал зыдта, цы бакæна, уый æмæ сæ афарста, зæгъгæ, уæ къухылхæцæг кæцы у. Загътой йын, зæ-гъгæ, иууылдæр æмæ сын уый дæр акуывта иумæ. Уый дæр нæу раст æмæ ахæм митæй ма хъуамæ худинаг кæнæм нæхи æмæ нæ адæмы дæр.

Ирон къæбиц æмæ фынджы хъæздыг æмæ рæсугъддзинæдтыл æндæр адæмтæ легендæтæ фыссынц, мах та, нæ чындзæхсæвы фынгтæ байдзаг кæнæм æндæр адæмы æмæ æцæгæлон бæстæты хæринæгтæй. Уый дæр афтæ æмæ нал фæзынынц кæрæдзийы бынæй, сæ фылдæр фæвæййынц æнæхъуаджы, бахъæуы сæ акалын. Уыдæттæ дæр нын нæ хорз æгъдæуттыл æндавынц æппæрццагæй æмæ æмбæлы, цæмæй сыл сисæм къух.

– Арæх ацæргæтæй фехъусын, зæгъгæ, цины фынгыл адæймаг куы рæдийа, уæд уый уыйбæрц худинаг æмæ æгад нæу, цас у хъыджы фынгыл. Цас раст сты ацы хъуыдытæ?

– Æххæстæй дæн ацы хъуыдыйы фарс. Уымæн æмæ æрцыд æнамонддзинад. Ахæм бинонты фарсмæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, балæууын хъæуы. Уымæй нæ адæмыл зæрдæ нæ худы. Балæггад кæнынц æмæ фæрогдæр вæййы зианджын бинонты, йе ‘ввахс адæмы рыст.

– Хъыджы фынгы æгъдæутты тыххæй мæ абон исчи куы афæрса, уæд мæ бон сæрибарæй сдзуапп кæнын нæ бауыдзæн. Бирæ аразæм, цы не ‘мбæлы, ахæм митæ. Фæнды мæ ацы фарсты тыххæй исты фехъусын ?

– Æцæгæйдæр, зианы рæстæджы бирæ цыдæртæ раст нæ аразæм. Тагъд рæстæ-джы хицауады ‘рдыгæй сæрмагонд хъусдард здæхт куынæ æрцæуа ацы хъуыддагмæ, уæд фæстæдæр цухдзинæдтæ рараст кæнын уыдзæн бирæ зындæр. Бирæтæй мæ ацы ныхæсты тыххæй курын хатыр, фæлæ мард нæма ныууазал вæййы, афтæмæй чи æрбамбырд вæййынц, уыдоны дзыхæй, «æхсæвæры афон у»-йы йедтæмæ ницыуал схауы. Фæстаг азты та æхсæвæры фынгтæ сæвæрынц кæрты æмæ уынгты рæсугъддæр æмæ райдзастдæр бынæтты, акæнынц кусæрттаг, фынджы фарсмæ рабады 50-60 адæймагæй фылдæр. Иутæ мастæй сæхи фæхæрынц, аннæтæ та басырхуадул вæййынц æмæ… Æхсæвæр та æм-бæлы, зианы цур райсоммæ чи фæбады, уыцы 2-3 адæймагæн æмæ кæд исчи дард ранæй æрцыд, уæд уыдонæн. Загъдгонд митæй æгад кæнæм нæхи æмæ нæ зианы дæр. Æмæ йæ кæд исчи не ‘мбары, уæд уый нæ нысан кæны æмæ йæ аразæм афтæ.

Зианы бавæрыны æгъдæуттæ нæ кæй ферох сты, уый аххосæй рæдыдтытæ ара-зæм зианы боны дæр. Мæ ацы ныхæстыл разы чи нæ у, уый ма зианы боны йæ хъус адарæд, хæринагаразджытæ кæд вæййынц 3-5 адæймагæй, уæддæр сæхицæн хæринаг куы саразынц, уæд сæ алыварс æртымбыл вæййы 40-50 лæджы. Уырдыгæй цалынмæ адæм нæ сыстынц, уæдмæ дæр сæ къах никуыдæмуал авæрынц. Мæгуырау ма у, бауайдзæфгæнæг дæр сын кæй нæ вæййы, уый дæр.

Иууыл мæгуырау та нæм уый ис ахæм фынгыл, æмæ кувæг зианджын бинонты, зианмæ æрцæуджыты Хуыцауæн нæма бафæдзæхсы, бирæтæ афтæмæй райдайынц фынгмæ æвналын, хæрын. Уый дæр у, къух сисын кæуыл хъæуы, ахæм худинаджы ми æмæ йæ аразгæ дæр ма хъуамæ кæнæм. Зианмæ æрмæст хæрыны тыххæй нæ фæ-цæуæм, фæлæ æгъдау раттыны, мæсæллæй æмæ рухс зæгъыны тыххæй.

Арæх ма фенæм фынгыл бадæг ныттыххæй вæййы лæггадгæнæгыл, зæгъгæ, мæ къухæй иу баназ. Кæй цы хъуыддаг ис æмæ искæй зианы фынгыл дæтта нуазæн-тæ. Никæй, фæлæ ахæм ми аразджытæн дæр ничи æмбарын кæны сæ рæдыд æмæ алы зианы дæр «æгъдауыл хæст адæм» разыны дзæвгар.

Цас раст у уый æмæ иу хæдзарæй зианы фынгыл бадынц цыппар адæймагæй æмæ æрмæст зианы фынгтыл нæ, фæлæ ма æхсæвбадæнты, сабатбонты, Куадзæны, зæрдæвæрæны, Майрæмкуадзæны.

Бирæ зианджынтæ та дыууиссæдзæмбоны фæхонынц, зианы чи уыд, уыдоны, се ‘ппæты дæр. Уый дæр нæу раст æмæ йæ аразгæ дæр ма хъуамæ кæниккам. Уымæн æмæ адæймаг амæлы иу хатт, иу хатт ын зæгъæм хæрзбон, балæггад кæнæм зианджынæн, цæмæн ма хъæуы дыууиссæ-дзæмбон дардыл аразын. Дыууиссæдзæмбон арæзт цæуы, цæмæй сæ саутæ сисой, саутæ чи хаста, уыдон. Æвдисæнæн та – æввахс хæстæджытæ, фæлæ не ‘мбæлы æмæ уыдон дæр уой 50 адæймагæй фылдæр.

Ацы æгъдæутты тыххæй мæ бахатын фæнды паддзахады, хицауады æмæ парламенты разамонджытæм, цæмæй паддзахады æмвæзадыл рахæссой уынаффæ æмæ кæцыдæр азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны бар мауал уа дардыл аразын æхсæвбадæнтæ, сабатбонтæ, дыууиссæдзæмбон, Куадзæн, зæрдæвæрæн, Майрæмкуадзæн, афæдзыбон.

– Цахæм хъуыдытæ дæм ис нæ зианы фынгты хæлцы тыххæй та ?

– Ам дæр рæстæг хæссы стыр æмæ мæгуырау ивындзинæдтæ. Нæ зианы фынгтыл нал ис ирон хæринæгтæй, ивынц сæ æндæр адæмты хæринæгтæй æмæ нын уый аххо-сæй рауайынц хъæздыг æмæ цины фынгты хуызæн. Арæх се ‘хсæн вæййы, зиан йæ удæгасæй хæргæ нæ, фæлæ уынгæ  дæр кæй нæ фæкодта, ахæмтæ.

– Нæ зонын, цæмæн, фæлæ æнæзонгæ бæстæмæ куы бафтын, уæд мæ бафæн-ды сæ уæлмæрдмæ бацæуын дæр. Бирæ горæтты, уыцы нымæцы уыдтæн фæсарæйнаг горæттæ æмæ хъæуты уæлмæрдты дæр. Йæ зæгъын дæр мæ нæ фæнды, фæлæ нæ уæлмæрдтæй æнæркастддæр нæ федтон уæлмæрдтæ. Хуыздæрæрдæм сæ исты фæивдзæн, æви дарддæр дæр уыдзысты ахæм уавæры?

– Æмбæлы æмæ фæивой хуыздæрæрдæм, фæлæ сæм æмбæлон хъусдард рагæй фæстæмæ здæхт нæ цæуы. Цæмæй нæ уæлмæрдтæ æндæр бæстæты уæлмæрдты хуызæн уой, уый тыххæй рахицæн хъæуы ног бынат. Йæ разамонджытæ æмæ кусджытæ хъуамæ хуыздæр контроль кæниккой æмæ кæй кæм фæнды, уым нæ, фæлæ ныгæниккой, кæм æмбæлы, уым. Се ‘хсæнты хъуамæ уаид, цалдæр адæймаджы фæрсæй-фæрстæм кæм ацæуой, ахæм къахвæндæгтæ. Æрмæст иуæрдæм нæ, фæлæ – иннæрдæм дæр. Адæмы та цалдæр азы фæстæ сæ зиæнттæ рох ма хъуамæ уаиккой, фæлæ сæм цæуиккой æмæ сæ дариккой сыгъдæг.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.