Æрæджы Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы уынгыл цытджын уавæрты байгом Мемориалон комплекс «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн». Ацы комплекс арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрвæлтау йæхи нывондæн чи æрхаста, уыцы хæстонтæ-бархионты, тыхон структурæты службæгæнджытæ, уæрæсейаг салдаттæ æмæ фидауынгæнæг тыхты службæгæнджыты номыл.

Комплекс байгом кæныны цытджын церемонийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, кусæгон балцы æрцæуæг уæрæсейаг делегацийы  минæвæрттæ – УФ Экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаровы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, РХИ-йы Хицауады уæнгтæ, депутатон корпус, горæт æмæ районты минæвæрттæ.

Сæрмагондæй банысан кæнын хъæуы уый, æмæ  республикæйы алы къуымтæй мадзалмæ кæй æрбацыдысты фæмардуæвæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ныййарджытæ æмæ хиуæттæ. Уыдоны æхсæн уыдысты уæрæсейаг салдат Алексей Ивановы ныййарджытæ, кæцы хъæбатырæй фæмард 2008 азы, Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны хæстон операцийы рæстæджы. Уыдон æрвылаз дæр хайад райсынц нæ Республикæйы мысæн мадзæлтты.

Мемориалон комплекс цытджын уавæрты байгом кодтой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, уæрæсейаг делегацийы сæргълæууæг Сергей Назаров, хæстон архæйдтыты ветеран Бестауты Бала, сæ фырттæ Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл кæмæн фæхъуыдысты, уыцы ныййарджытæ Цыбырты Валик æмæ Сергей Иванов, кадет Цоциты Алан, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты службæгæнæг Табуты Вадим, 4-æм æфсæддон гвардион базæйы æфсæддон службæгæнæг Сергей Новиков.

Бæстæйы сæргълæууæг Мемориалон комплекс байгом кæныны церемони баны-мадта цытджын æмæ уыцы-иу рæстæджы фыдохы мадзалыл, банысан кодта, йæ байгомæн стыр нысаниуæг кæй ис.

“Ацы цырт у, 1989 азæй фæстæмæ Фыдыбæстæ чи хъахъхъæдта, уыдон ном арынæн. Гуырдзыстоны хицауад уæд аскъуыддзаг кодта ирæтты скуынæг кæнын æмæ уыцы архайд аххæссыд суанг 2008 азмæ. 1992 азы Хуссар Ирыстоны зæхмæ æрбацыдысты Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ æмæ уыдон руаджы урæд æрцыд Гуырдзыстоны агресси хуссайраг ирæтты скуынæг кæныны хъуыддаджы æмæ Хуссар Ирыстоны адæм сулæфыдысты сæрибарæй.

Фæлæ, хъыгагæн, Гуырдзыстоны къух-дариуæггæнджыты тырнындзинад, Хуссар Ирыстоны кæронмæ скуынæг кæнын, дарддæр кодта 2004 азы, 2006 азы, æмæ йын кæрон æрцыд 2008 азы. Уæд фыццаг куынæг кæнын райдыдтой уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты, кæцытæ нæ зæххыл хъахъхъæдтой  сабырад, æмæ адæмæн фадат уыд цард аразынæн.

Куынæг кæнынмæ æрæвнæлдтой сабыр цæрджыты. Мах хорз хъуыды кæнæм, 7-8 августы æхсæвы системæ «Град»-æй, бомбæтæй, авиацийæ æхсын куыд райдыдтой фынæй горæт. Æмæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгад райста Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны уынаффæ æмæ нæм æххуысмæ фæзындысты Уæрæсейы æфсад.

Уыцы рæстæгæй райдыдта Хуссар Ирыстоны сабыр цард.

Мах бузныджы ныхæстæ дзурæм уæрæсейаг адæмæн, Уæрæсейы уæлдæр политикон къухдариуæгадæн, салдатæн, офицерæн æмæ инæларæн, кæцытæ цы-дысты тохмæ æмæ радтой сæ цард сæри-бардзинады сæрыл», – дзырдта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг ноджыдæр бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы къухдариуæгадæн, сæ фарсмæ кæй балæууыдысты Мемориалон комплекс аразыны хъуыддаджы, уый тыххæй.

«Ардæм сæ ном ссарынмæ æрбацæуыны фадат уыдзæн, сæ цард чи рауæлдай кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрыл, уыцы аккаг æмæ, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы лæппуты хиуæттæн.

Махæн не ппæтæн дæр, æмæ нæ уаз-джытæн дæр Алеша Ивановы мады номæй, æмæ нæ сæрибардзинады сæрыл чи тох кодта, уыдон хиуæттæн ныр фадат ис, кæдæм æрбацæуой æмæ уырыссаг æмæ ирон салдаты хъæбатыр сгуыхтдзинадæн сæ сæртæ кæм æркъул кæной, уыцы бынат. Махæн ис, цы хъуыды кæнæм æмæ кæй хъуыды кæнæм», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы Республикæ кæй банысан кодта нæ бæстæйы æбуалгъ трагедитæй сæ иу – Зары трагедийыл 29 азы сæххæсты бон. Æмæ æрсидт рæзгæ фæлтæрмæ, цæмæй уой, чи фæхъуыд, уыдон мысынады аккаг.

Уæрæсейаг делегацийы къухдариуæггæнæг Сергей Назаров банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн, йæ алы цæрæгæн дæр ацы бон у нысаниуæгджын бон.

«Мемориалон комплекс мах байгом кодтам удæй тыхджын адæм æмæ нæ рæстæджы æцæг хъайтартæ – Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад хъахъхъæнджыты номыл. Уыдон æрурæдтой тугкалд, ифтонг кодтой æдасдзинад, стабилондзинад, бахъахъхъæдтой бæстæйы суверенитет æмæ йæ рухс фидæн.

Æнамондзинадмæ рæстæгыл æххуысмæ фæзынд уæрæсейаг салдат, уыдонæй дæр фæхъуыд ацы зæххыл.

Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы разамындæй райста ахсджиаг уынаффæ фидæны фæлтæрты номыл, цæмæй бронзæйæ сæнусон кæной мысынад. Фæлтæртæ хъуамæ зоной, уæрæсейаг фарс цæмæн балæууыд æнæ-гуырысхойæ ацы царды символ сæндидзын кæныны ахсджиаг хъуыддаджы æнцой», – банысан кодта уæрæсейаг бæрзонд уазæг.

Сергей Иванов абарст сарæзта хæст æмæ сабырдзинады, паддзахад æмæ йæ адæмы æхсæн. Тæнæгзæрдæ лæгæн йæ хъæбулы маст фадат нæ радта йæ ныхæстæ кæронмæ зæгъынæн, фæлæ банысан кодта, мах кæй стæм хæсджын, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ æввахс хиуæттæ æмæ нæ адæмы.

 

Нæ бæстæйы куырыхонты советы уæнгтæ авдæй рацыдысты националон уæлæдарæсы, скуывтой дунескæнæг иунæг Хуыцаумæ, цæмæй Ирыстоны зæххыл макуыуал æрцæуа тугкалд. Зæрдыл æрлæууын кодтой, Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ æмæ бузныг загътой ацы хæрзиуæгон æмæ номарæн ме-мориал аразыны хъуыддагыл чи бацархайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

Мемориалон комплексы цырты раз Президент Бибылты Анатолийы номæй сæвæрдтой Кады гирляндæ. Мадзалы хайадисджытæ, нæ республикæйы уазджытæ дæр цырты размæ хастой дидинджытæ æмæ веноктæ.

КЪÆБУЛТЫ Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.