Аразæджы боны цытæн уагъд æрцыд арæзтадон фадыджы кусджыты схорзæхджын кæныны церемони.

Республикон, хицауадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæй цæсгомджын куыст, профессионализм æмæ инвестицион программæтæ реализаци кæныны активон хайадисты тыххæй хорзæхджын æрцыдысты дыууын адæймагæй фылдæр.

Хицауады грамотæтæй схорзæхджын кодтой Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы генералон директор  Къæбысты Ацæмæзы, Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы генералон директор Сиукъаты Иваны, Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы иумæйаг куыстуат «Газоснабжение»-йы директор Табуты Нугзары, Капиталон арæзтады управленийы арæзтадон контролы хайады хистæр Томайты Вадимы.

Хицауадæй бузныджы фыстæджытæ лæвæрд æрцыдысты ООО «СТМ-Юг»-ы генералон директор Гæджиты Игорæн æмæ ООО «СТМ-Юг»-ы сæйраг инженер Хъантеты Таймуразæн.

Республикон хорзæх – «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæла-хизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майдан райста Капиталон арæзтады управленийы сæйраг инженер Джыгкайты Вадим.

Хорзæхджын кæныны церемонийы размæ, Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Джиоты Алан раарфæ кодта аразджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ.

«Аразæджы професси у цардаразæг.  Йæ фæстиуджытæ сты бæрæг, æмæ сæ адæм пайда кæнынц бирæ азтæ æмæ æнусты дæргъы. Арæзтад у нæ республикæйы рæзты ахсджиаг хай, æмæ æнæсаргъгæнгæ нæй, уыцы хъуыддагæн чи ахъаз кæны. Бузныг уын, зынаргъ хæлæрттæ, уæ цæсгомджын куыст æмæ Хуссар Ирыстоны экономикæйы рæзтмæ ахсджиаг хайбавæрды тыххæй», – загъта Джиоты Алан.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константин йæ рады бузныг загъта  Президент Гаглойты Аланы номæй аразджытæн, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы фадыг фæд-фæдылонæй рæзы, кусджытæ та азæй-азмæ бæрзонд кæнынц сæ профессионалон æмвæзад.

Хорзæхтæ – арæзтадон фадыджы кусджытæн

«Фæнды мæ ноджы иу хатт бузныг зæгъын нæ аразджытæн, цæсгомджын куысты тыххæй паддзахадон хорзæхтæ чи райста, уыдонæн. Азы райдианæй уыдон егъау куыст бакодтой республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты. Раззагонтæй сæ иу у Капиталон арæзтады управлени, кæцыйыл арæзтадон процессы æвæрд ис егъау куыст. Афтæ ма æнæрулæфгæйæ кусынц энергетиктæ æмæ газы кусджытæ. Авансон бафыстытæ нæ райсгæйæ, уыдон сæ куыстытæ сæххæст кодтой снысангонд æмгъуыдтæй раздæр, æмæ иу бакодтой куыстыты егъау фронт. Подрядон организациты ‘хсæн банысан кæнын хъæуы «СТМ-Юг»-ы. Ацы куыстуат  бирæ азты цæсгомджынæй кусы республикæйы. Мах стæм иу стыр командæ, æмæ мæ ныфс ис, иумæ нын кæй бантысдзæн бирæ саразын», – банысан кодта Елдзарты Константин.

Аразджыты номæй республикæйы къухдариуæгадæн бузныг загъта Къæбысты Ацæмæз.

«Бузныг уын, нæ куыстæн нын ахæм аргъ кæй скодтат, æппæт тыхтæ ратдзыстæм, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ куысты бæрзонд æмвæзад æмæ ноджы эффективонæй æххæст кæндзыстæм нæ разылæууæг хæстæ», – загъта уый.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.