Ацы аз республикæйы фараст хъæууонхæдзарадон куыстуаты агротуризмы къабазы рамбылдтой гранттæ. Уыдон сты кæсагдарæн, фосдарæн, мыддардæн, гагадыргъты хæдзарадтæ æмæ сæнæфсиры куыстгæнджытæ. Кæй райстой, уыцы фæрæзты нымæц у 90 милуан сомы бæрц. Уыцы гранттæ амалхъомтæн феххуыс уыдзысты сæ авналæнтæ фæуæрæхдæр кæнынæн, сæ продукци уæй кæнынæн, стæй адæмы æргом хъæутæм раздахынæн.

Республикæйы разамынды политикæ куыд амоны, афтæмæй нæ бæстæйы сомбон хъуамæ уа фидар æмæ æнæфæцудгæ. Уымæн та æххуыс уыдзысты паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ.

«Республикæйы экономикæйы райрæзтæн туризм тынг ахъаз у. Тынг æхсызгон у, Уæрæсейы Хъæууон хæдзарады министрадмæ конкурсы архайынмæ цы 21 проекты барвыстам, уыдонæй фараст кæй æрцыд фидаргонд. Уый иттæг хорз бæрæггæнæн у. Нæ бæстæйы регионтæй махæй фылдæр уæлахиздзаутæ никæмæ ис. Ацы æхцатæй фæуæлахизуæвджытæн ратдзысты фæйнæ дæс милуан сомы æмæ сæ проекттæ æнтыстджынæй царды рауадздзысты. Хъæууонхæдзарадон продукци уадзджытæ сараздзысты, туристты-иу кæм суазæг кæндзысты, ахæм бынæттæ дæр», – загъта Хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан.

Грант «Агротуризм»-ы руаджы 2024 азы республикæйы фæзындзæн, туристтæ-иу кæм æрбынат кæндзысты, ахæм ног объекттæ. Уыцы æххуыс хъæууон туризмы рæзтæн дæттынц æртыккаг аз.

                                                                           Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.