Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæ радта горæт Цхинвалы Администрацийы кусджытæн. Хорзæхджын кæныны цытджын церемони уагъд æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæн бон æмæ Сылгоймæгты дунеон бон 8 марты цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта столицæйы администрацийы сылгоймæгты хайæн Сылгоймæгты дунеон боны цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, фæрныгад æмæ сылгоймаджы амонд.

«Зæрдиаг арфæ уын кæнын диссаджы уалдзыгон бæрæгбоны цытæн, ут алы хатт дæр амондджын æмæ æнæниз. Бузныг уын уæ цæсгомджын куыст, удуæлдайдзинад æмæ уæ хæстæ æххæст кæнынмæ бæрнон ахасты тыххæй», – загъта уый.

«Горæты бирæ арæзт æрцыд, скъолайы агъоммæйы ахуырадон уагдæтты фæтк æвæрд æрцыд, серьезон куыст цæуы хæдзæртты раз кæртытæ хæрзарæзтады фæдыл, скуыстой лифттæ бирæфатерон хæдзæртты, цалцæг æрцыдысты фатертæ, кæцытæ пырх æрцыдысты 2008 азы. Уый у администрацийы куысты фæрцы», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæджы къухæй «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы тыххæй», «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæ, Республикæ Хуссар Ирыс-тоны Кады грамотатæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Бузныджы фыстæджытæ райстой администрацийы кусджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.