Кæцыфæнды бæстæйæн дæр йæ ахсджиаг инфраструктурæ сты фæндæгтæ. Уыдонæй бирæбæрцæй аразгæ сты æрмæст царды æмæ æдасæй цæуыны уавæртæ нæ, фæлæ экономикон размæцыд æмæ йæ хъахъхъæнынхъомдзинад.

Знон Хуссар Ирыстоны ацы ахсджиаг профессийыл хæст кусджыты иу къорды цытджын уавæры схорзæхджын кодта Президент Гаглойты Алан.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитет æмæ ПУК «Дорэкспострой»-ы кусджытæн Фæндагон хæдзарады ку-сæджы боны цытæн арфæ ракодта Президент Гаглойты Алан. Банысан кодта, ацы фадыджы куыст уæззау æмæ ахсджиаг кæй у.

Мах, зæгъгæ, хъуыды кæнæм, 2008 азы августы хæсты фæстæ цы уавæры уыд æгас республикæ æмæ нæ фæндæгтæ. Уынæм уый дæр, æмæ цас куыст æрцыд ахсджиаг объектты æндидзын кæнын æмæ аразыныл. Уыцы куыст дарддæр цæуы бæстæйы хæрзæбонæн.

«Бирæ куыстытæ конд цæуы зæххы бын дæр, уымæ гæсгæ фæндагон комитеты кусджыты куыст алчи нæ уыны. Уæ куысты руаджы къаддæр кæнынц цалцæгкæнинаг уынгтæ, хæрзарæзт æмæ аив уынгтæ та — фылдæр», — дзырдта бæстæйы разамонæг.

Ныфс бавæрдта, паддзахад алыварсонæй кæй æххуыс кæндзæн фæндагарæзтады комитетæн. Æрсидт фæндагаразджытæм, цæмæй ныры онг иумиаг хъуыддаджы фæдыл куыд куыстой, афтæ хъазуатон куыст кæной дарддæр дæр.

«Ныртæккæ нæ разы æвæрд ис иу хæс — нæ республикæ иумæ аразæм æмæ рæзын кæнæм, цæмæй нæ кæстæртæ цæрой рæсугъд бæстæйы», — банысан кодта Президент.

Фæндагарæзтады раздæры кусæг Лалыты Мурат бузныг загъта бæстæйы разамынадæн ацы куыстмæ сæ егъау хъусдарды тыххæй. Æз, зæгъгæ, ацы фадыджы бирæ фæкуыстон, æмбæлдыстæм зындзинæдтыл, æййæфтам техникæйы хъуагдзинад, фæлæ кусджытæ кодтой цæсгомджын æмæ намысджын куыст. Ныр куысты уавæртæ æмæ фадæттæ бæрæг фæхуыздæр сты æмæ уый æхсызгон у махæн.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Елдзарты Константин бузныг загъта бæстæйы разамонæгæн се стыр хъусдарды тыххæй. Араздзыстæм, зæгъгæ, æппæт дæр, цæмæй намысджын æмæ хæрзгъæд куысты уæлхъус цы æмбæстæгтæ сты, уыдон рох ма уой, сæ куыстæн сын æмбæлон аргъ цæуа.

«Алы кусæг дæр цы хæрзиуæгон куысты уæлхъус ис, уый цæсгомджынæй æххæст кæны. Æмæ уадз сæ къухты æфтæд бирæ æмæ хæрзгъæд куысты фæстиуджытæ», — дзырдта уый.

Мах, зæгъгæ, иумæ кæд бирæ азты нæ фæллой кæнæм, уæддæр æз бузныг дæн, ацы куыстуат йæ къæхтыл кæй руаджы слæууыд, æппæт уыдонæй.

Бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы разамынадæн, цы стыр хъусдард сæм ис, уый тыххæй. Ныфс бавæрдта, куыстуат архайдзæн, цæмæй хицауад райгонд уа сæ куыстæй.

ПУК «Дорэкспострой»-ы сæргълæууæг Гæбæраты Алан дæр бузныг загъта бæстæйы разамынадæн, ацы уагдоны проблемæтæм цы стыр хъусдард здахынц, уый тыххæй.

“Нæ кусджыты фылдæр хай ныртæккæ фыдæбон кæнынц объектты. Уыдон се ‘рвылбо-нон фæллойæ стыр бавæрд хæссынц нæ иумиаг хъуыддагмæ. Бæстæйы разамынад хорз зонгæ у нæ проблемæтимæ, нæ куыстимæ. Æнкъарæм сæ æгæрон æххуыс дæр, уымæ гæсгæ архайдзыстæм, цæмæй нæ царды дадзинтæ — нæ фæндæгтæ аразæм æмбæлон æмвæзадыл.

Президент Гаглойты Алан йæ Барамындæй паддзахадон хорзæхтæ — РХИ-йы сгуыхт аразæг, cгуыхт инженеры кадджын нæмттæ, майдантæ æмæ Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта фæндагон хæдзарады къорд кусæджы.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.