Хуссар Ирыстоны 23 июлы Дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты бон кæй нысан кæнынц, уый фæдыл бæстæйы Президент Гаглойты Алан зæрдиагæй раарфæ кодта ацы къабазы ныры кусджытæн æмæ ма ветерантæн дæр. Цытджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ æмæ дзы цалдæры Президент схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй сæ егъау хайбавæрды тыххæй нæ респуб-ликæйы æхсæнадон цардмæ. Æдæппæт хорзæхджын æрцыдысты 18 адæймаджы – «Сгуыхт журналист»-ы кадджын нæмттæй, майдантæй æмæ Кады грамотæтæй.

«Сымахыл стыр уæз æрцыдис, нæ республикæйы цæрджытæ зын уавæрты куы цардысты, уæд. Кæд æмæ дунейы хъомысджын информацион фæрæзтæ бирæ цыдæртæ æмбæхстой нæ республикæйы æрцæугæ цауты тыххæй, уæддæр сымах фæрцы адæмтæм хæццæ кодта объективон информаци. Абоны боны, уæды рæстæджытæм абаргæйæ, сымах кусут сабыр дуджы. Фæлæ уыимæ иумæ уæ хæстæ нæ фæкъаддæр сты, – уæддæр хъуамæ рæстдзинад хæссат æхсæнадмæ, архайат не ‘мбæстæгты сабырдзинад хъахъхъæныныл, хъуамæ сæ хизат хæццæдзинадæй. Уый титаникон куыст у æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæм дарддæр дæр разына уыцы тых æмæ хъару, цæмæй нæ уарзон Ирыстоны размæцыдыл æппынæдзух архайат», – банысан кодта Гаглойты Алан йæ арфæйы ныхæсты.

Ацы бæрæгбоны цытæн ма Информаци æмæ мыхуыры комитет схорзæхджын кодта газет «Хурзæрин»-ы корректор Джиоты Фатимæйы дæр Кады грамотæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.