РХИ-йы Президенты Администрацийы бæстыхайы уыд агросæудæджерадон комплекс æмæ Хъæууон хæдзарады министрады кусджыты схорзæхджын кæныны церемони, кæцы баст уыд хъæууон хæдзарады кусæджы бонимæ.

Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади Президенты номæй фадыджы кусджытæн радта паддзахадон хорзæхтæ: Кады грамотæтæ, арфæйы фыстæджытæ, «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн»  майдантæ, афтæ ма Хæлардзинады ордентæ.

Къабазы уæлдай хуыздæр кусджытæн лæвæрд æрцыдысты «Сгуыхт ветеринарон дохтыры» æмæ «Хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг»-ы кадджын нæмттæ. Хицауады Сæрдар Президенты æмæ йæхи номæй раарфæ кодта хъæууон хæдзарады къабазы кусджытæн, бафæндыд æй уыдонæн æнтыстытæ сæ ахсджиаг куысты. «Тынг бирæ хæстæ ис, кæцыты мах хъæуы иумæ аскъуыддзаг кæнын. Сплангонд программæтæ сæххæст кæныны тыххæй хъæуы удуæлдай куыст. Махæн хъуамæ нæ къухты бафта республикæйы хæлцадон æдасдзинад сифтонг кæныны фарстыты ахъаззаг фæстиуджытæ, рауадзгæ хъæууонхæдзарадон продукцийы конкурентхъом скæнын», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Уый ма загъта, зæгъгæ, хъæууон хæдзарады абоны уавæр æмæ къабазы рæзты приоритеттæ хынцгæйæ, æнæмæнгхъæуæг у республикæйы хомысы базæйæ сифтонг кæнын, хуымзæххытæ рауæрæхдæр кæнын æмæ хъæууон хæдзарады техникæйы парк фæфылдæр кæныны фарстытæм уæлдай хъусдард аздахын. «Мах æппæт тыхтæй ар-хайæм æмæ мæ фæнды банысан кæнын, фæстаг азты рæзты динамикæ кæй ис хъæууон хæдзарады æппæт здæхтыты дæр», – загъта Хицауады Сæрдар.

Йæ рады Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан раарфæ кодта фадыджы кусджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, хъæууон хæдзарад у республикæйы рæзты приоритетон здæхт. Уый бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй фадыджы фарстытæм сæ хъусдарды тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, зæгъгæ, хъæууон хæдзарады министрад цæттæ у йæ архайд хуыздæр кæнынмæ æмæ сæ куысты уæзгæ фæстиуæг къухы бафтын кæныны тыххæй æххæст тыхтæй архайынмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.