Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд бангты кусджытимæ æмæ сын раарфæ кодта сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Бæстæйæн иумиаг куысты тыххæй Хуссар Ирыстоны бангты кусджытæн æгæрон бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады разамонæг. Уæ куыст, зæгъгæ, сæйраджы баст у адæмæн лæггад кæнынимæ.

«Уыцы хъуыддагæй нæ иппæрд кæнæм бæстæйы разамынады дæр æмæ дызæрдыггаг нæу, уыцы иумиаг куыст хуыздæр æмæ бæрзонддæр æмвæзадыл конд кæй цæудзæн. Уымæ гæсгæ нæ бон куыд уа, нæ уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ, стыр æнтыстытимæ размæ цæудзыстæм», — банысан кодта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, банчы фадыджы кусджытыл баст у нæ æмбæстæгты финансон стабилондзинад æмæ æмбæстæгты хæрзвадатдзинад. Ацы ахсджиаг къабазы кусджытæн Президенты цæст ноджыдæр бауарзта хорз куысты фæстиуджытæ.

Банчы системæйы хисæрмагонд лæггæдтæ, цæсгомджын куыст æмæ банчы кусджыты боны цытæн Президент Гаглойты Алан майдантæ, Кады Грамотæтæ æмæ Арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кодта ацы фадыджы къорд кусæджы.

Банчы системæйы кусджыты номæй бæстæйы разамынадæн сæ æгæрон хъусдарды тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта Национ банчы директор Джиоты Жанна.

«Мах дарддæр дæр нæ тыхтæ æмæ хъарутæ аздахдзыстæм æмæ æххæст кæндзыстæм, бæстæйы разамынад нæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон», — банысан кодта уый.

Къæбулты Маринæ